‏ Lamentations 3

1Уӕ, додойаг куыд фӕдӕн!
Йӕ мастисӕн лӕдзӕгӕй мӕ
фӕсырдта Дунедарӕг!
2Уӕ, саудалынгмӕ мӕ куы’ркодта!
3Ӕрвылбон мӕ куы’фхӕры,
4куы мӕ’ргӕвды,
куы мын ныззыгуым кодта ме стджытӕ!
5Куы’ртыхст мӕ алыварс,
уӕ, удхарӕй мӕ мары!
6Куы мӕ ныппӕрста талынгмӕ ӕнусмӕ,
цыма ингӕны дӕн мардау!
7Мӕ алыварс куы самадта быру, —
нӕй рацӕуӕн, рӕхыстӕй мӕ куы сбаста!

8Ӕз хъӕр кӕнын ӕмӕ дзыназын:
мӕ куывд Ӕй фехъусын нӕ фӕнды.
9Уӕ, дуртӕ мын куы самадта мӕ размӕ,
ныссуйтӕ мын кодта мӕ фӕндӕгтӕ!
10Тӕссаг у, цыма арс, йе та домбай
йӕ амӕттаджы хъахъхъӕны!
11Уӕ, дунетыл Йӕ фӕндонӕй куы хӕтын,
куы сдзӕгъӕл кодта, иунӕгӕй мӕ куы ныууагъта!

12Нылвӕста Йе’рдын, сарӕзта мӕ мил,
13Йӕ фӕттӕ мын куы ныссагъта мӕ уыргты!
14Мӕ адӕмӕн ӕз хъазинаг куы сдӕн,
куы кӕнынц алы бон мӕ фыдгой!

15Уӕ, мастӕй мӕ куы бафсӕста,
куы мӕ бафсӕста скъӕлдзойӕ!
16Куы мын фӕхӕрын кодта дуртӕ,
мӕ дзых мын байдзаг кодта рыгӕй!

17Уӕ, амонд байстай Ды мӕ цардӕй,
ӕз ферох кодтон циндзинад!
18Уӕд загътон ӕз: «О, фесӕфти мӕ хъару,
мӕ зӕрдӕдарӕн Дунедарӕг нал у!»

19О, ӕркӕс мӕ саубонмӕ,
куыд рафт-бафт кӕнын, уымӕ!
Мӕ фӕндӕгтӕ ныссуйтӕ сты, ӕркӕс мӕм!
Куы байдзаг дӕн скъӕлдзо ӕмӕ мастӕй!

20Мӕ хъизӕмар мӕ удӕй рох нӕма у,
21фӕлӕ мын ис зӕрдӕдарӕн,
ӕмӕ мӕхицӕн раттын дзуапп:
22«Дунедарӕгӕн Йӕ хӕрзаудӕн нӕ сысы,
Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы —
23ӕрвылбон ногӕй суадзынц талатӕ».
24Дунедарӕг — мӕ исбон,
мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.

25 26Дунедарӕг кӕмӕн у йӕ ныфс,
кӕй йӕ фервӕзын кӕндзӕн, ууыл
ӕмырӕй чи дары йӕ зӕрдӕ,
Йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн уый!
27Ӕвзонджы бонтӕй чи хӕссы йӕ уаргъ,
уый Дунедарӕгӕн Йӕ хорзӕх айсдзӕн.

28Ӕдзӕмӕй бады иунӕгӕй:
йӕ уаргъ ыл Дунедарӕг сӕвӕрдта.
29Ныддӕлгом ис зӕххыл:
«Кӕд ис нырма, мыййаг, зӕрдӕ дарӕн?»
30Йӕ ныццӕвӕгмӕ бадардта йӕ рус.
О, худинаджы бын куы фӕци!

31Дунедарӕг Йе’ргом
ӕнусмӕ нӕ аздӕхта!
32Хъизӕмар нын бавзарын кодта,
фӕлӕ та ныббардзӕнис:
ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх!
33Ӕвӕндонӕй Уый адӕймаджы бафхӕры,
фӕриссын ын кӕны йӕ зӕрдӕ.
34Уацайрӕгты къӕхты бын куы бассӕндынц,
35Иууылбӕрзонды раз
раст тӕрхон куынӕуал фӕкӕнынц,
36тӕрхондоны куы асайынц лӕджы,
уӕд Дунедарӕг уыдӕттӕ нӕ зоны?

37Кӕй бон ма у ӕрмӕст зӕгъын,
цӕмӕй Йӕ ныхас сӕххӕст уа?
Йӕ бар нӕ цӕуы алцӕуыл?
38Фарн дӕр ӕмӕ бӕллӕх дӕр
Стыр Хуыцауы ныхасӕй не’рцӕуынц?
39Сӕ тӕригъӕд куы бафидынц ӕфхӕрдӕй,
уӕд ма куыд хъуамӕ рахъаст кӕной адӕм?!

40Фӕндаг ссарӕм, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм,
41нӕ къухтӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ
уӕларвы Хуыцаумӕ сивазӕм!

42Тӕригъӕдтӕ фӕкодтам, нӕ Дӕм хъуыстам, —
Ды нын нӕ ныббарстай!
43Дӕ маст ссыгъд, ӕмӕ нӕ сурыс,
ӕгъатырӕй нӕ сафыс!
44Ӕврӕгъты сӕрмӕ бамбӕхстӕ,
нӕ нын хъусыс нӕ куывд!

45Ныр адӕмты’хсӕн — чъизи ӕмӕ’лгъаг,
46ныххӕлиу кодтой не знӕгтӕ сӕ дзыхтӕ,
цӕмӕй нӕ аскъуыдтӕ кӕной!
47Хъоргъ ӕмӕ ӕвирхъау тас — нӕ хал.
О, сӕфт, бӕллӕх!

48Мӕ цӕссыг ранхъӕвзы донау —
мӕ адӕмы чызг сӕфы!
49Кӕлы мӕ цӕстысыг,
о, нӕй йын байсысӕн,
50куы не’ркӕса уӕларвӕй Дунедарӕг,
мӕ хъизӕмар мын цалынмӕ нӕ фена!

51Мӕ зӕрдӕ фыр рыстӕй фӕцӕйтоны,
куы бакӕсын мӕ сахары чызджытӕм!
52Ӕнаххос маргъы фӕдыл зилӕгау
мӕ фӕдыл зилы знаг!
53Удӕгасӕй мӕ дзыхъмӕ ныппӕрстой,
йӕ сӕр ын дурӕй сӕхгӕдтой!
54Цӕугӕдӕттӕ мӕ сӕрмӕ схӕццӕ сты,
ныцъцъӕхахст кодтон: «Уӕ, ӕрцыди ме сӕфт!»

55О Дунедарӕг, арф дзыхъхъӕй Дӕм кувын!
56Мӕ хъӕлӕс мын куы хъусыс,
о, фехъус мын мӕ куывд ӕмӕ мӕ хъӕрзын!
57О, дзуапп куы раттис ды мӕнӕн,
куы зӕгъис: «Ма тӕрс!»

58О Дунедарӕг, раст тӕрхон мын рахӕсс!
О, фервӕзын мӕ кӕн!
59О Дунедарӕг, ме’фхӕрд мын куы уыныс!
Тӕрхонгӕнӕг мын у!

60Ды уыныс, куыд саузӕрдӕ сты ме знӕгтӕ,
зоныс сын сӕ сау фӕндтӕ.
61Дунедарӕг, хынджылӕг мӕ куыд кӕнынц,
уый куы хъусыс, сӕ фыдвӕндтӕ сын зоныс.
62Сӕхи мыл худӕгӕй хӕссынц,
кӕнынц мӕ фыдгой алы бон.
63Ӕркӕс-ма: бадгӕ кӕной ӕви сыстой —
мӕныл худынц ӕдзухдӕр!

64О Дунедарӕг! Стӕрхон сын кӕн, курын,
сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ сӕ бафхӕр!
65О, сӕрра уӕнт, ӕлгъыстаг сӕ фӕкӕн!
66О Дунедарӕг, зил сӕ фӕдыл,
бынысӕфт сӕ фӕкӕн!
Сӕ кой дӕр мауал уӕд Дӕ арвы бын!
Copyright information for OssIBT2022