Lamentations 4
1О, додой!Куыд ныссау ис сыгъдӕг сыгъзӕрин!
Кувӕндоны зынаргъ дуртӕ
алы тигътыл ныххӕлиу сты!
2О Сионы зынаргъ фырттӕ!
Кӕддӕр куы уыдысты
сыгъдӕг сыгъзӕрины ӕмаргъ!
Ныр сын ӕлыгӕй конд дурынтау,
дурынгӕнӕджы мигӕнӕнтау,
куынӕуал ис аргъ!
3Хъӕддаг куыйтӕ дӕр ма сӕ къӕбысты
ӕхсырӕй бафсадынц, —
мӕ адӕмы Чызг гакк-гуккау куы сси ӕгъатыр!
4О, додой! Ноггуырд сабитӕн
сӕ кӕмттӕ бахус сты дойныйӕ!
Сывӕллон куры дзул,
фӕлӕ йын ничи дӕтты иу мур дӕр!
5Йӕхи-иу куывдты чи ирхӕфста, уый
ныр уынджы аззад, алцӕмӕй — ӕнӕ хай.
Зынаргъ дарӕсты чи схъомыл ис, уый дӕр
ныр бырӕттыл куы зилы!
6О мӕ адӕм!
Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, —
уый бабын иу уысммӕ,
лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.
7Дӕ лӕппутӕ куы уыдысты
митӕй сыгъдӕгдӕр, ӕхсырӕй урсдӕр!
Сырхварс фӕткъуыйау сырх — сӕ рустӕ,
сапфиртау-иу цӕхӕртӕ калдтой.
8Уӕ, ныр куы ныссау сты ӕвзалыйау,
уӕ, уынгты сӕ куынӕуал ис базонӕн!
Куы фестадысты царм ӕмӕ стджытӕ,
сӕ царм бӕласы цъарау бахус ис.
9Куы нӕ уа быдырты тыллӕг,
уӕд карды цӕфӕй амӕлын
сыдӕй мардӕй хуыздӕр кӕсы, —
сӕ удтӕ, удхаргӕнгӕ, сисынц!
10Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц!
Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг!
Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!
11Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд!
Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар!
Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!
12Зӕххон паддзӕхтӕ ӕмӕ уӕздӕттӕ
ӕнхъӕл нӕ уыдысты, кӕй бахиздзӕни залым
Йерусалимы кулдуарыл.
13Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ,
сауджынты фыдракӕндтӕ —
рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой,
о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!
14Куырмытау ныр куы хъеллау кӕнынц уынгты,
сӕхи фӕчъизи кодтой тугӕй!
Сӕ дарӕсыл сын ничи уӕнды андзӕвын.
15Хъӕр сӕм кӕнынц: «О, фесӕфут, фӕчъизи стут!
Цӕугӕут, ма ныл бандзӕвут!»
Адӕмтӕ сӕ кой кӕнынц:
«Мӕгуыр дзӕгъӕлдзутӕ! Ӕрцыди се сӕфт!
16Дунедарӕг сӕ Йӕхӕдӕг фӕсырдта,
нал сӕм ракӕсдзӕн!»
Ныр сӕлгъаг сты сауджынтӕ,
хатыр нӕй зӕрӕдтӕн!
17Уӕ, махӕн та куы сурс сты нӕ цӕстытӕ,
ӕххуысыл дзӕгъӕлы нӕ зӕрдӕ дардтам!
Нӕ фӕлгӕсӕн мӕсгуытӕй
адӕммӕ’нхъӕлмӕ кастыстӕм, —
о, уыдон мах нӕ фервӕзын кӕндзысты!
18Нӕ хӕдзӕрттӕй нын ракӕсӕн куынӕуал ис,
куы бабадтысты не знӕгтӕ нӕ размӕ!
Мӕлӕт ӕрбахӕстӕг, нӕ бонтӕ сты нымад!
О, мӕнӕ ис нӕ мӕлӕт!
19Цӕргӕсӕй тагъддӕр нӕ куы суры знаг,
нӕ фӕдыл хӕхты, тыгъд быдырты зилы.
20Дунедарӕджы байсӕрст паддзах —
нӕ царды комулӕфт —
къӕппӕджы куы бахауди!
Дзырдтам-иу: «Адӕмты’хсӕн йемӕ
нӕу махӕн фесӕфынӕй тас».
21Цин кӕн, Едомы чызг,
Уцы бӕстӕйы цӕрӕг!
Фӕлӕ ды дӕр ӕнӕ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзынӕ!
Ныррасыг уыдзынӕ, дӕ худинаг раргом кӕндзынӕ!
22Сионы Чызг!
Кӕрон ӕрцӕудзӕни де’фхӕрдӕн, дӕ тардӕн!
Едомы чызг! Дӕ тӕригъӕдтӕ бафиддзынӕ!
Дунедарӕг дын дӕ фыдракӕндтӕ хурмӕ рахӕсдзӕн!
Copyright information for
OssIBT2022