‏ Leviticus 1

Иууылсудзинаг нывӕндтӕ

1Дунедарӕг фӕсидти Моисеймӕ Фембӕлды Цатырӕй ӕмӕ йын загъта: 2«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: Дунедарӕгӕн уӕ йӕ фосӕй нывондӕн чи цы хӕсса, стур уа ӕви лыстӕг фос, уый йӕхи бар у. 3Йе стурвосӕй иууылсудзинаг нывонд куы хӕсса, уӕд хъуамӕ равзара ӕнӕсахъат гал. Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ ӕрбакӕнӕд, цӕмӕй йӕ нывонд Дунедарӕгӕн ӕхцон уа. 4Иууылсудзинаг нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, цӕмӕй йын ӕй айстӕуа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой. 5Галы Дунедарӕджы раз аргӕвдӕд, Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг, Фембӕлды Цатыры раз цы нывондхӕссӕн ис, ууыл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 6Нывондхӕссӕг иууылсудзинагӕн йӕ царм бастигъӕд ӕмӕ йӕ суӕнгтӕ кӕнӕд. 7Сауджын Аароны байзӕддӕгтӕ нывондхӕссӕныл арт скӕнӕнт ӕмӕ йыл сугтӕ ӕрӕвӕрӕнт. 8Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, сугты сӕрыл кусарты уӕнгтӕ равӕрӕнт, йӕ сӕр ӕмӕ йӕ фиу дӕр семӕ куыд уой, афтӕ. 9Кусартӕн йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын. Уый фӕстӕ сауджын кусарт ӕнӕхъӕнӕй нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.

10Искӕмӕн йӕ иууылсудзинаг нывонд лыстӕг фосӕй куы уа, фыс кӕнӕ сӕгъ, уӕд нывондӕн хъуамӕ ӕрхӕсса ӕнӕсахъат фыр кӕнӕ ӕнӕсахъат цӕу. 11Аргӕвдӕд ӕй Дунедарӕджы раз, нывондхӕссӕны цӕгатварс, ӕмӕ йын Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ, йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 12Кусарт хъӕуы суӕнгтӕ кӕнын, ӕмӕ сауджын кусарты уӕнгтӕ сӕр ӕмӕ фиутимӕ равӕрӕд нывондхӕссӕныл, судзгӕ сугты сӕрыл. 13Кусарты хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ хъӕуы доны ныхсын, уый фӕстӕ сӕ сауджын нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд Дунедарӕгӕн.

14Исчи Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн маргъ куы хӕсса, уӕд равзарӕд ӕхсинӕг кӕнӕ бӕдул бӕлон. 15Сауджын маргъы нывондхӕссӕнмӕ бахӕссӕд, йӕ къубал ын фездухӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, йӕ туг та йын нывондхӕссӕны фарсыл бакалӕд. 16Йӕ гуцъа йын йӕ пакъуытимӕ стонӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны скӕсӕнварс, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм аппарӕд. 17Йӕ базыртыл ын, скъуынӕгау, фӕйнӕрдӕм ахӕцӕд, фӕлӕ йӕ дыууӕ дихы ма фӕкӕнӕд, нывондхӕссӕныл ӕй сугӕй арты басудзӕд. Уый у иууылсудзинаг нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Copyright information for OssIBT2022