Leviticus 11
Сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ
1– 2Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъой: «Мӕнӕ, зӕххон цӕрӕгойтӕй уын хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон: 3сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг ӕмӕ сынӕрцӕгъдӕг чи у, уыдоны фыд хӕрут. 4Фӕлӕ сынӕр чи цӕгъды кӕнӕ сӕфтӕг кӕмӕн ис, уыцы цӕрӕгойтӕй ма хӕрут мӕнӕ ахӕмты фыд: теуайы фыд ма хӕрут, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн; 5ма хӕрут даманы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн; 6ма хӕрут тӕрхъусы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сынӕр цӕгъды, уӕддӕр сӕфтӕгджын нӕу, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн. 7Ма хӕрут хуыйы фыд, уымӕн ӕмӕ, кӕд сӕфтӕгджынтӕй у, стӕй саджилсӕфтӕг, уӕддӕр сынӕр нӕ цӕгъды, ӕнӕсыгъдӕг у сымахӕн. 8Адонӕн мадӕр сӕ фыд хӕрут, мадӕр сын сӕ мардыл ӕндзӕвут; ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. 9Мӕнӕ уын, доны цӕрӕгойтӕй хӕрын кӕй фыд ӕмбӕлы, уыдон. Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл ис, уыцы доны цӕрӕгойты, денджызтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты чи цӕры, уыдоны фыд хӕрут. 10Ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыцы цӕрӕгойтӕ та, стырӕй, чысылӕй — денджызты ӕви цӕугӕдӕтты цӕрой — ӕлгъаг сты сымахӕн. 11Ӕлгъагыл сӕ нымайут, сӕ фыд сын ма хӕрут. Сӕ мӕрдтыл сын ӕлгъ кӕнут. 12Доны цӕрӕгойтӕй ленкгӕнӕнтӕ ӕмӕ хӕрв кӕуыл нӕй, уыдон иууылдӕр ӕлгъаг сты сымахӕн. 13Мӕргътӕй та ӕлгъ кӕнут мӕнӕ адоныл (хӕрӕн сӕ нӕй, ӕлгъаг сты): цӕргӕс, саубоцъо цӕргӕс, сау гриф, 14цъиусур, уарийы алы мыггаг, 15сынты алы мыггаг, 16страус, уыг, кӕсагдзау, хъӕрццыгъайы алы мыггаг, 17сидахъхъ, дондзӕргӕс, стыр уыг, 18урссӕр уыг, цъиах, хӕдмӕлхор, 19къадз, кӕсаглас, дыгоппон, хӕлынбыттыр. 20Базырджын уырынгонтӕ ӕмӕ цыппӕркъахыгтӕ се’ппӕт дӕр ӕлгъаг сты сымахӕн. 21Уыцы уырынгонтӕй хӕрут, сӕ къӕхтыл зӕххыл гӕпп кӕнынӕн фӕтасӕнтӕ кӕмӕн ис, уыдоны фыд. 22Уӕ бон хӕрын у: мӕтыхы алы мыггаг, цыфӕнды даргъсӕрджын мӕтыхты, цъысцъысаджы алы мыггаг ӕмӕ цъырцъыраджы алы мыггаг. 23Алы ӕндӕр базырджын цыппӕркъахыг уырынгон та ӕлгъаг у сымахӕн.Цӕмӕй фӕчъизи вӕййы адӕймаг
24Мӕнӕ, адӕймаг кӕмӕй фӕчъизи вӕййы, уыцы цӕрӕгойтӕ. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 25Ахӕм цӕрӕгойы мард чидӕриддӕр йӕ къухмӕ сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 26Сӕфтӕгджын цӕрӕгойтӕй саджилсӕфтӕг чи нӕу кӕнӕ сынӕр чи нӕ цӕгъды, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый фӕчъизи уыдзӕн. 27Цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕй дзӕмбытӕ кӕуыл ис, уыдон иууылдӕр ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 28Ахӕм цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхӕдӕг та изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ахӕм цӕрӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. 29Ӕнӕсыгъдӕг уын сты хилӕг цӕрӕгойтӕ: мыстулӕг, мыст, сындздымӕг гӕккуырийы мыггаг, 30геккон, варан, агамӕ, сцинк, хамелеон. 31Ацы хилӕгойтӕ ӕнӕсыгъдӕг сты сымахӕн. Сӕ мардыл сын чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 32Ахӕм цӕрӕгойы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый фӕчъизи уыдзӕн — хъӕдӕй конд уа, хъуымацӕй, цармӕй ӕви кӕттагӕй — цавӕрфӕнды кусӕн дзаума уӕд. Доны йӕ ныхсын хъӕудзӕн. Уыцы дзаума изӕрмӕ баззайдзӕн ӕнӕсыгъдӕгӕй, уый фӕстӕ та ногӕй ссыгъдӕг уыдзӕн. 33Ахӕм цӕрӕгойы мард исты дурын мигӕнӕны ныххауди, зӕгъгӕ, уӕд, йӕ хуылфы цы уа, уый фӕчъизи уыдзӕн, ӕмӕ-иу дурын асӕттут. 34Уыцы дурыны цы дон уыди, уый, хӕрын цы не’мбӕлы, ууыл куы ӕркӕла, уӕд уыцы хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн. Ахӕм дурыны цы нуазинаг уа, уый дӕр фӕчъизи уыдзӕн. 35Уыцы цӕрӕгойтӕй искӕцыйы мард цӕуылдӕриддӕр ӕрхауа, уый ӕнӕсыгъдӕг суыдзӕн. Дзулфыцӕн дурын кӕнӕ къона хъуамӕ хӕлд ӕрцӕуой. Фӕчъизи уыдзысты, ӕнӕсыгъдӕгыл сӕ нымайут. 36Сыгъдӕгӕй баззайдзысты ӕрмӕстдӕр суадон кӕнӕ донуат. Ӕрмӕст, уырдыгӕй цӕрӕгойы мард чи сиса, уый уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. 37Цӕрӕгойы мард тауинаг нӕмгуытыл куы ӕрхауа, уӕд уыдон баззайдзысты сыгъдӕгӕй. 38Фӕлӕ нӕмгуытыл дон конд ӕрцыд ӕмӕ йыл уый фӕстӕ цӕрӕгойы мард ӕрхауди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕмыг ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн сымахӕн. 39Хӕрын уын цы цӕрӕгойы фыд ӕмбӕлы, ахӕм ныххӕдмӕл ис, зӕгъгӕ, уӕд, чи йыл бандзӕва, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн изӕрмӕ. 40Йӕ дзидзайӕ йын чи фӕхъӕстӕ уа, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Уыцы цӕрӕгойы мард йӕ къухмӕ чи сиса, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕхӕдӕг изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг. 41Алы хилӕгой дӕр ӕлгъаг у, йӕ фыд ын нӕй хӕрӕн. 42Уыдонӕй кӕцыдӕриддӕр йӕ гуыбыны цъарыл быры, цыппар къахыл цӕуы кӕнӕ бирӕкъахджын у — сӕ фыдӕй сын ма фӕхъӕстӕ ут, ӕлгъаг сты. 43Хилӕг цӕрӕгойтӕй макӕцыйы фыдӕй фӕхъӕстӕ ут, уӕхи дзы ма фӕчъизи кӕнут, 44уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. Уӕхи сыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уаз ут, Ӕз уаз куыд дӕн, афтӕ. Хилӕг цӕрӕгойтӕй уӕхи макӕцыйы фыд хӕрынӕй фӕчъизи кӕнут, 45уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн ӕмӕ уӕ ракодтон Мысыры зӕххӕй, цӕмӕй уон уӕ Хуыцау. Уӕдӕ ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ». 46Ахӕм у фос, сырдтӕ ӕмӕ мӕргъты тыххӕй ӕгъдау, стӕй хилӕгойтӕ ӕмӕ, доны бын цы цӕрӕгойтӕ цӕры, уыдонӕн се’ппӕты ӕгъдау дӕр, 47цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг, стӕй, хӕрын цы цӕрӕгойты фыд ӕмбӕлы, хӕрын кӕй не’мбӕлы, уыдонӕй.
Copyright information for
OssIBT2022