Leviticus 12
Фӕсӕвгъӕд сылгоймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау
1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 2«Сылгоймаг лӕппу куы ныййара, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд фӕчъизи вӕййы, афтӕ. 3Ӕстӕм бон-иу лӕппу сунӕтгонд ӕрцӕуӕд. 4Сылгоймаг ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз бонмӕ йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн, ӕмӕ уӕдмӕ, уаз цы у, ахӕмӕй мацӕмӕ бавналӕд, Уаз Цӕрӕны цурмӕ дӕр ма бацӕуӕд. 5Ӕвгъӕды бадӕг сылгоймаг чызг куы ныййара, уӕд дыууӕ къуырийы дӕргъы уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, ӕрвылмӕйон низӕй куы фӕтыхсы, уӕд куыд вӕййы, афтӕ. Уый фӕстӕ ма ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йӕ тугӕй не ссыгъдӕг уыдзӕн. 6Лӕппу кӕнӕ чызджы райгуырды фӕстӕ йе ссыгъдӕджы бонтӕ куы ахицӕн уой, уӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕрбакӕнӕд фыргуист — иууылсудзинаг нывондӕн. Ноджы ма ӕрбахӕссӕд бӕдул бӕлон кӕнӕ ӕхсинӕг — тӕригъӕды нывондӕн. 7Сауджын Дунедарӕджы раз уыцы нывӕндтӕ ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ йын афтӕмӕй йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ сылгоймаг ссыгъдӕг уыдзӕн, цы туг дзы рацыди, уымӕй. Ахӕм у, лӕппу кӕнӕ чызг чи ныййардта, уыцы сылгоймаджы тыххӕй ӕгъдау. 8Кӕд сылгоймагӕн нывондӕн фыргуист ӕрхӕссын йӕ къух нӕ амона, уӕд райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — иууылсудзинаг нывондӕн, иннӕ та — тӕригъӕды нывондӕн. Сауджын ын йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн».
Copyright information for
OssIBT2022