Leviticus 13
Буарнизтӕ
1Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 2«Искӕмӕн йӕ буарыл тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ кӕнӕ урс стъӕлфытӕ куы фӕзына, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ йыл хъотыр фӕзынди. Уыцы адӕймаджы хъӕуы ӕрбакӕнын сауджын Ааронмӕ кӕнӕ йӕ байзӕддӕгтӕй, сауджынтӕй, искӕмӕ. 3Сауджын ын йӕ буары ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлдыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, ӕфхӕлд йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у. Сауджын уый куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. 4Кӕд стъӕлф урс у, буары нӕ ныххызти ӕмӕ хъуынтӕ дӕр не сурс сты, уӕд сауджын рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд. 5Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ногӕй ӕркӕсӕд. Кӕд йӕ хуыз нӕ аивта ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд ма йӕ ноджыдӕр авд бонмӕ фӕхицӕн кӕнӕд. 6Ӕвдӕм бон та сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕфхӕлдмӕ. Кӕд фӕфӕлурсдӕр ис ӕмӕ буарыл нӕ ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл: йӕ буар ӕнӕуи рафаста. Йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг. 7Фӕлӕ йӕ сауджын куы федта ӕмӕ йӕ сыгъдӕгыл куы банымадта, уый фӕстӕ йӕ буар тынгдӕр рафаста, зӕгъгӕ, уӕд та ногӕй йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд. 8Сауджын, йӕ буар тынгдӕр кӕй рафаста, уый куы фена, уӕд ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис. 9Искӕуыл хъотыр куы фӕзына, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕнт. 10Сауджын ӕм ӕркӕсдзӕн, ӕмӕ йӕ буарыл урс тӕппал куы фӕзына, тӕппалыл цы хъуынтӕ ис, уыдон куы сурс уой, йӕ хъӕдгом та уыцы ран куы фегом уа, 11уӕд уый нысан кӕны, хъотыр йӕ буары арф кӕй ахызти. Сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. Адӕмӕй йӕ ма фӕхицӕн кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ сбӕлвырд ис: ӕнӕсыгъдӕг у. 12Фӕлӕ хъотыр рынчыны буарыл къахӕй сӕрмӕ, сауджынӕн дзы йӕ бон цас фенын у, уый бӕрц куы ахӕлиу уа, 13уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ буар иууылдӕр кӕмӕн сурс ис, уый сыгъдӕг у. 14Фӕлӕ рынчыны буарыл гом тӕппӕлттӕ цы бон фӕзына, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг. 15Сауджын ын йӕ гом хъӕдгом куы фена, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл. Гом хъӕдгом ӕнӕсыгъдӕг у — хъотыры нысан. 16Уыцы хъӕдгом куы байгас уа ӕмӕ ногӕй куы сурс уа, уӕд-иу рынчын сауджынмӕ ӕрбацӕуӕд. 17Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, йӕ хъӕдгом сурс ис, зӕгъгӕ, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Уыцы адӕймаг сыгъдӕг у. 18Искӕмӕн йӕ буарыл сынкъ куы уа ӕмӕ йын куы сдзӕбӕх уа, 19сынчъы бынаты та урс тӕппал кӕнӕ сырхбын урс стъӕлф куы фӕзына, уӕд рынчын йӕхи сауджынӕн фенын кӕнӕд. 20Сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буары арф ныххызти, хъуынтӕ та сурс сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: сынчъы бынаты хъотыр фӕзынди. 21Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, ӕфхӕлд дӕр буары нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд. 22Буарыл куы ахӕлиу уа, уӕд сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис. 23Стъӕлф йӕ бынаты куы баззайа ӕмӕ буарыл куынӕ ахӕлиу уа, уӕд уый та ӕрмӕст сынчъы нос у, ӕмӕ сауджын рынчыны адӕмы раз сыгъдӕгыл банымайӕд. 24Искӕмӕн йӕ буар куы басудза, стӕй сыгъды бынаты сырхбын урс кӕнӕ урс стъӕлф куы фӕзына, 25уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд, ӕмӕ, кӕд, стъӕлфыл цы хъуынтӕ ис, уыдон сурс сты, стъӕлф йӕхӕдӕг та буары арф ныххызти, уӕд уый хъотыр у, сыгъды бынаты фӕзынди. Сауджын рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис. 26Фӕлӕ сауджын, хъуынтӕ урс не сты, стъӕлф дӕр буары арф нӕ ныххызти ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уый куы фена, уӕд рынчыны авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд. 27Ӕвдӕм бон ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд ӕфхӕлд буарыл ахӕлиу ис, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ыл ис. 28Кӕд стъӕлф йӕ бынаты баззади, буарыл нӕ ахӕлиу ӕмӕ фӕфӕлурсдӕр ис, уӕд уый сыгъды рӕсыд уыд. Сауджын уыцы адӕймаджы банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йын уый ӕрмӕст сыгъды нос у. 29Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъо куы фехӕла, 30уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд хъӕдгом буары арф ахызти, йӕ хъуынтӕ та сбур сты ӕмӕ ныттӕнӕг сты, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: уый гӕбӕрниз у, хъотыр ис йӕ сӕры царм кӕнӕ йӕ роцъойыл. 31Сауджын гӕбӕрмӕ куы ӕркӕса ӕмӕ, буары арф нӕ ахызти, фӕлӕ хъуынтӕ сау нал сты, уый куы фена, уӕд ӕй авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд. 32Ӕвдӕм бон сауджын ӕфхӕлдмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, гӕбӕр куынӕ ахӕлиу уа, бур хъуынтӕ дӕр ыл куынӕ фӕзына ӕмӕ буары дӕр куынӕ ныххиза, 33уӕд-иу рынчын йӕхи адасӕд, ӕцӕг-иу йӕ гӕбӕры бынат ӕнӕдастӕй ныууадзӕд. Ӕмӕ ма йӕ сауджын ноджыдӕр авд бонмӕ адӕмӕй фӕхицӕн кӕнӕд. 34Ӕвдӕм бон та сауджын гӕбӕрмӕ ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд буарыл нӕ ахӕлиу ис, буары дӕр арф нӕ ныххызти, уӕд рынчыны адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг. 35Фӕлӕ, сыгъдӕгыл нымад куы ӕрцыд, уый фӕстӕ ма гӕбӕр йӕ буарыл ахӕлиу ис, зӕгъгӕ, 36уӕд ӕм сауджын ногӕй ӕркӕсӕд ӕмӕ, буарыл ахӕлиу ис, уый куы фена, уӕд ыл бур хъуынтӕ мауал агурӕд, уымӕн ӕмӕ сбӕлвырд ис: ӕнӕсыгъдӕг у. 37Гӕбӕр нӕ ахӕлиу ис ӕмӕ йыл сау хъуынтӕ фӕхӕцыд, зӕгъгӕ, уӕд рынчын йӕ гӕбӕрӕй сдзӕбӕх ӕмӕ сыгъдӕг у. Сауджын ӕй адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. 38Нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймагӕн йӕ буарыл урс стъӕлфытӕ куы фӕзына, 39уӕд ӕм сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд стъӕлфытӕ фӕлурс сты, уӕд буар ӕнӕуи рафаста, ахӕм рынчын сыгъдӕг у. 40– 41Искӕмӕн йӕ къӕбутыл кӕнӕ ныхы сӕрмӕ йӕ сӕрыхил куы бавзийа, уӕд уый цӕгӕрсӕр у. Ахӕм адӕймаг сыгъдӕг у. 42Фӕлӕ йӕ цӕгӕрыл сырхбын урс ӕфхӕлд ис, зӕгъгӕ, уӕд цӕгӕрыл фӕзынди хъотыр. 43Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ, кӕд цӕгӕрыл сырхбын урс тӕппал ис, хъотырӕй куыд вӕййы, афтӕ, 44уӕд уыцы адӕймаг хъотырӕй фӕрынчын ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг у. Сауджын-иу ӕй адӕмы раз банымайӕд ӕнӕсыгъдӕгыл: хъотыр ис йӕ сӕрыл. 45Хъотырӕй рынчын чи у, уый дарӕд скъуыдтӕ дарӕс, йӕ сӕрыхъуынтӕ йе уӕхсчытыл ӕркалӕд, йӕ зачъе та истӕмӕй бамбӕрзӕд ӕмӕ хъӕр кӕнӕд: „Ӕнӕсыгъдӕг дӕн! Ӕнӕсыгъдӕг дӕн!“ 46Цалынмӕ йыл ӕфхӕлд уа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Ӕнӕсыгъдӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ цӕра хибарӕй, рӕсӕнуаты ӕдде.Дзаума ӕмӕ дарӕсы хъуына
47– 48Къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацӕй дарӕсыл, гӕн кӕнӕ къуымбил хъуымӕцтыл, сӕрак кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл исты тӕпп куы фӕзына 49ӕмӕ уыцы тӕпп дарӕс, сӕрак, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл кӕрдӕгхуыз кӕнӕ сырхбын куы уа, уӕд уый хъуынайы нысан у; сауджынӕн ӕй равдисын хъӕуы. 50Сауджын ӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ бафӕдзӕхсӕд, цӕмӕй йӕм авд боны дӕргъы мачи бавнала. 51Ӕвдӕм бон сауджын ӕркӕсдзӕн ӕмӕ, тӕпп дарӕс, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл кӕй ахӕлиу ис, уый куы фена, уӕд уый тӕссаг хъуына у, ахӕм дзаума ӕнӕсыгъдӕг у. 52Дарӕс, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, науӕд цыфӕнды сӕрак дзаумайыл ахӕм тӕпп куы уа, уӕд уый тӕссаг хъуына у. Ахӕм дзаума басудзын хъӕуы. 53Фӕлӕ сауджын куы фена, уыцы тӕпп дарӕс, хъуымац кӕнӕ сӕрак дзаумайыл нӕ ахӕлиу ис, уый, 54уӕд дзаума ныхсын кӕнӕд ӕмӕ бафӕдзӕхсӕд, ноджы ма йӕм авд боны куыд мачи бавнала. 55Дзаума ныхсыны фӕстӕ сауджын ӕркӕсӕд ӕмӕ, тӕпп йӕ хуыз куынӕ аива, уӕд уыцы дзаума ӕнӕсыгъдӕг у, кӕд тӕпп дзаумайыл нӕ ахӕлиу ис, уӕддӕр. Ахӕм дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Мидӕджырдыгӕй ӕви ӕддӕрдыгӕй уа хъуынахӕрд — дзаума сӕфт у. 56Сауджын куы фена, дзаума ныхсыны фӕстӕ уыцы тӕпп фӕфӕлурсдӕр ис, уый, уӕд-иу ӕрмӕстдӕр хъуынахӕрд бынат ратонӕд — дарӕсӕй уа, хъуымацӕй ӕви сӕракӕй. 57Фӕлӕ та тӕпп ногӕй дарӕсыл, хъуымацыл кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайыл куы фӕзына, уӕд хӕлиу кӕны, ӕмӕ хъуынахӕрд дзаума арты сыгъд ӕрцӕуӕд. 58Дарӕс, хъуымац кӕнӕ цыфӕнды сӕрак дзаумайӕн йӕ ныхсыны фӕстӕ йӕ тӕпп куы фесӕфа, уӕд уыцы дзаума дыккаг хатт ныхсын хъӕудзӕн, ӕмӕ уыдзӕни сыгъдӕг». 59Гъе ахӕм у хъуынайы тыххӕй ӕгъдау. Уый фӕрцы хицӕнгонд цӕудзысты кӕрӕдзийӕ сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕсыгъдӕг — дарӕсыл, къуымбил кӕнӕ гӕн хъуымацыл, стӕй цыфӕнды сӕрак дзаумайыл исты тӕпп куы фӕзына, уӕд.
Copyright information for
OssIBT2022