‏ Leviticus 14

Буары низтӕй сдзӕбӕхы фӕстӕ ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Мӕнӕ, йӕ хъотырӕй чи сдзӕбӕх вӕййы, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Сауджынмӕ-иу ӕй ӕрбакӕнӕнт: 3сауджын рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ йӕм ӕркӕсӕд. Рынчын йӕ низӕй сдзӕбӕх ис, уый куы фена, 4уӕд, ссыгъдӕг кӕнын кӕй хъӕуы, уыцы адӕймаджы тыххӕй ӕрбахӕссын кӕнӕд дыууӕ удӕгас маргъы — сыгъдӕг мӕргътӕ, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос. 5Мӕргътӕй иу, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдын кӕнӕд. 6Удӕгас маргъы та райсӕд ӕмӕ йӕ кедры лыггаг, сырх гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхосимӕ, доны сӕрмӕ кӕй аргӕвстой, уыцы маргъы туджы стулӕд. 7Хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, ууыл уыцы тугӕй авд хатты бапырх кӕнӕд ӕмӕ йӕ адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл. Удӕгас маргъы та ауадзӕд. 8Сыгъдӕггонд чи цӕуы, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд, йӕ хил иууылдӕр адасӕд, йӕхи цынайӕд ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуын, ӕцӕг ма-иу авд боны дӕргъы баззайӕд йӕ цатыры ӕдде. 9Ӕвдӕм бон та адасӕд йӕ сӕр, йӕ зачъетӕ ӕмӕ йе’рфгуытӕ — йӕ хил иууылдӕр, ныхсӕд йӕ дарӕс, йӕхи цынайӕд, ӕмӕ уӕд ссыгъдӕг уыдзӕн. 10Ӕстӕм бон ӕрбакӕнӕд дыууӕ ӕнӕсахъат фыргуисты ӕмӕ иу ӕнӕсахъат далыс, хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы, стӕй оливӕйы сойы кӕхц. 11Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау чи ӕххӕст кӕны, уыцы сауджын сыгъдӕггӕнинаджы йӕ хуынтимӕ ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур. 12Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд. 13Фыргуисты аргӕвдын хъӕуы Уаз бынаты, тӕригъӕды нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран. Фиддоны нывонд, тӕригъӕды нывондау, сауджыны хай у. Уый у иууылуаз. 14Сауджын фиддоны нывонды тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз. 15Стӕй сойы кӕхцӕй йӕ галиу армы дзыхъхъы ӕркӕнӕд 16ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд. 17Йӕ армы дзыхъхъы ма дзы цы сой баззайа, уымӕй та сыгъдӕггӕнинагӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым. 18Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ сӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн. 19Уый фӕстӕ сауджын ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕндзӕн. Стӕй аргӕвдӕд иууылсудзинаг нывонд 20ӕмӕ йӕ хойраджы хуынимӕ нывондхӕссӕныл сӕвӕрӕд. Афтӕмӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уыцы адӕймаг уыдзӕни сыгъдӕг.

21Кӕд сыгъдӕггӕнинаг мӕгуыр у, ӕмӕ ахӕм хуын ӕрбахӕссын йӕ къух нӕ амоны, уӕд фиддоны нывондӕн ӕрбакӕнӕд иу фыргуист, цӕмӕй йӕ сауджын хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕна. Хойраджы хуынӕн та райсӕд сойамӕст ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, оливӕйы сойы кӕхц, 22стӕй дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, йӕ къухы цы бафта, уый, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — иууылсудзинаг нывондӕн. 23Ӕстӕм бон йе ссыгъдӕг кӕнынӕн уыдӕттӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ. 24Фиддоны нывонд — фыргуист, стӕй оливӕйы сойы кӕхц — сауджын Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд. 25Фыргуисты аргӕвдӕд фиддоны нывондӕн, уый фӕстӕ йын йӕ тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз. 26Стӕй йӕ галиу къухы армы дзыхъхъы оливӕйы сой ӕркӕнӕд 27ӕмӕ дзы йӕ амонӕн ӕнгуылдзӕй Дунедарӕджы раз авд хатты бапырх кӕнӕд. 28Йӕ армы дзыхъхъы ма цы сой уа, уымӕй ма, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн ацахорӕд йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз — фиддоны нывонды тугӕй кӕмыты ахуырст ӕрцыд, уым. 29Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн йӕ сӕр дӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕнӕд. 30Уый фӕстӕ ӕхсинӕгтӕй кӕнӕ бӕлӕттӕй — сыгъдӕггӕнинагӕн йӕ къухы цы бафтыд, уыдонӕй — 31сауджын иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн, хойраджы хуынимӕ иумӕ, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

32Ахӕм у, хъотырӕй чи сдзӕбӕх ис, фӕлӕ мӕгуыр чи у, уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау».

Хӕдзары къулты хъуына

33Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 34«Сымах, кӕй уын дӕттын, уыцы Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат, ӕмӕ уыцы ран Ӕз искӕцы хӕдзарыл хъуына куы бафтауон, 35уӕд-иу хӕдзары хицау сауджынмӕ бацӕуӕд ӕмӕ йын-иу зӕгъӕд, мӕ хӕдзарыл хъуынайы хуызӕн цыдӕр фӕзынди, зӕгъгӕ. 36Цалынмӕ йӕм фенынмӕ нӕма ацыди, уӕдмӕ-иу сауджын бафӕдзӕхсӕд, цӕмӕй, хӕдзары цыдӕриддӕр ис, уыдон ӕддӕмӕ рахӕссой, науӕд хӕдзары алцыдӕр нымад ӕрцӕудзӕн ӕнӕсыгъдӕгыл. 37Сауджын, хӕдзары къултыл цы бурбын цъӕх кӕнӕ сырхбын хъуына тӕппытӕ фӕзынд, уыдон бадзыхъхъытӕ сты, уый куы фена, 38уӕд уырдыгӕй рацӕуӕд ӕмӕ хӕдзары дуар авд боны ӕмгъуыдмӕ сӕхгӕнын кӕнӕд. 39Ӕвдӕм бон сауджын ногӕй ӕрбацӕуӕд ӕмӕ та йӕм ӕркӕсӕд. Хӕдзары къултыл хъуына схӕцыди, зӕгъгӕ, 40уӕд, цы дуртыл фӕзынди, уыдон ракалын кӕнӕд, фӕссахар сӕ ӕнӕсыгъдӕг бынаты аппарын кӕнӕд. 41Хӕдзары къултӕ мидӕджырдыгӕй иууылдӕр хъӕуы ныххафын, сӕ хафӕнтӕ та фӕссахар ӕнӕсыгъдӕг бынаты акалын. 42Уый фӕстӕ, кӕй ракалдтой, уыцы дурты бӕсты бавӕрӕнт ӕндӕр дуртӕ ӕмӕ хӕдзары къултӕ ногӕй байсӕрдӕнт.

43Дуртӕ куы ракалой ӕмӕ хӕдзары къултӕ куы ныххафой, ногӕй сӕ куы байсӕрдой ӕмӕ та сыл уый фӕстӕ хъуына куы схӕца, 44сауджын куы ӕрбацӕуа ӕмӕ та, хӕдзарыл хъуына схӕцыди, уый куы фена, уӕд уый фыдхъуына у. Уыцы хӕдзар ӕнӕсыгъдӕг у, 45ӕмӕ йӕ фехалӕнт. Йӕ дуртӕ, йӕ хъӕдӕрмӕг ӕмӕ-иу ын йӕ къулсӕрстытӕ фӕссахармӕ, ӕнӕсыгъдӕг бынатмӕ, ахӕссӕнт.

46Хӕдзармӕ йе’хгӕды бонты чи бацӕуа, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 47Уыцы хӕдзары чи бахсӕвиуат кӕна, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд. Ахӕм хӕдзары чи бахӕра, уый дӕр-иу ныхсӕд йӕ дарӕс.

48Фӕлӕ сауджын, сӕ байсӕрдыны фӕстӕ хӕдзары къултӕ нал схъуына сты, уый куы фена, уӕд уыцы хӕдзар адӕмы раз банымайӕд сыгъдӕгыл, уымӕн ӕмӕ йыл хъуына нал ис. 49Хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй райсӕд дыууӕ маргъы, стӕй кедры лыггаг, сырх-сырхид гӕппӕл ӕмӕ цӕвӕгхос. 50Мӕргътӕй иуы, суадоны дон кӕм ис, ахӕм дурын мигӕнӕны сӕрмӕ аргӕвдӕд. 51Уый фӕстӕ райсӕд кедры лыггаг, цӕвӕгхос, сырх гӕппӕл ӕмӕ удӕгас маргъы. Се’ппӕты дӕр ӕргӕвст маргъы туджы стулӕд, суадоны донимӕ йӕ схӕццӕ кӕнӕд, афтӕмӕй ӕмӕ уыцы тугӕй хӕдзар авд хатты бапырх кӕнӕд. 52Маргъы туг, суадоны дон, удӕгас маргъ, кедры лыггаг, цӕвӕгхос ӕмӕ сырх-сырхид гӕппӕлӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕнӕд, 53удӕгас маргъы та фӕссахар ауадзӕд. Афтӕмӕй хӕдзар ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ уӕд хӕдзар уыдзӕни сыгъдӕг.

54Ахӕм ӕгъдау ис алы хъотыр ӕмӕ гӕбӕрнизӕн, 55дарӕс ӕмӕ хӕдзары хъуынайӕн, тӕппӕлттӕ, цъутхӕлттӕ ӕмӕ урс стъӕлфытӕн, 56цӕмӕй адӕм кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕной ӕнӕсыгъдӕг ӕмӕ сыгъдӕг. Ахӕм ӕгъдау ис хъотырӕн».
Copyright information for OssIBT2022