‏ Leviticus 15

Нӕлгоймаджы низты тыххӕй

1Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн бафӕдзӕхста, 2цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъой: «Йе’рдон буарӕй цъӕй кӕмӕн цӕуа, уыцы нӕлгоймаг ӕнӕсыгъдӕг у. 3Фӕнды ӕнӕсцухӕй лӕдӕрсӕд, фӕнды рӕстӕггай — нӕлгоймаг фӕчъизи уыдзӕн. 4Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн ӕнӕсыгъдӕг у; цӕуылдӕриддӕр ӕрбада, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг у. 5Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 6Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый цӕуыл бадти, ууыл чи ӕрбада, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 7Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ буарыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 8Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, сыгъдӕг чи у, ахӕм адӕймагыл куы бату кӕна, уӕд-иу уыцы адӕймаг йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 9Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, ахӕм нӕлгоймаг цы саргъыл бадти, уый ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 10Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уымӕн йӕ быны цы уыд, ахӕм истӕуыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ къухмӕ йӕ чи сиса, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 11Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый, йӕ къухтӕ нӕ цӕхсадта, афтӕмӕй кӕуыл бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 12Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый дурын мигӕнӕныл куы бандзӕва, уӕд ӕй асӕттын хъӕуы, хъӕдын дзаума куы уа, уӕд та йӕ хъӕуы ныхсын.

13Йӕ цъӕй кӕмӕн цӕуы, уый йӕ низӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, стӕй-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд суадоны доны, ӕмӕ уӕд уыдзӕни сыгъдӕг. 14Ӕстӕм бон райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ-иу ӕрбацӕуӕд Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ-иу сӕ раттӕд. 15Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы адӕймаджы йӕ цъӕй цӕуынӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

16Нӕлгоймагӕн йӕ мыг йӕхи’гъдауӕй куы акӕла, уӕд-иу йӕ буар ӕнӕхъӕнӕй цӕхсӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 17Йӕ мыг цыфӕнды хъуымацыл кӕнӕ сӕрак дзаумайыл куы аззайа, уӕд ӕй хъӕудзӕн доны ныхсын. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 18Нӕлгоймаг сылгоймагимӕ ӕмуат куы’рцӕуа, уӕд-иу сӕхи цынайӕнт. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзысты.

Сылгоймаджы тыххӕй

19Сылгоймагӕн йе’рвылмӕйон туг куы цӕуа, уӕд авд боны дӕргъы уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг. Чи йыл бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 20Йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг цӕуыл ӕрхуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн; цӕуыл ӕрбада, уый дӕр афтӕ. 21Йӕ хуыссӕныл ын чи бандзӕва, уый-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 22Цӕуыл бадти, ууыл чи бандзӕва, уый дӕр-иу йӕ дарӕс ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 23Ахӕм сылгоймагӕн йӕ хуыссӕны кӕнӕ, кӕм бадти, уый уӕлӕ цы дзаума уа, ууыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый изӕрмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. 24Нӕлгоймаг йемӕ ӕмуат ӕрцыди ӕмӕ йӕ сылгоймаг, ӕнӕсыгъдӕг цӕмӕй у, уымӕй самӕста, зӕгъгӕ, уӕд нӕлгоймаг авд боны дӕргъы ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн, кӕм схуысса, уыцы хуыссӕн дӕр афтӕ.

25Сылгоймагӕн йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг нӕ, фӕлӕ ӕндӕр исты афон йӕ туг дзӕвгар куы фӕцӕуа кӕнӕ йе’рвылмӕйон тугцыды бонтӕ дӕргъвӕтиндӕр куы ахӕссой, уӕд, цалынмӕ йӕ туг цӕуа, уӕдмӕ ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн, йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ. 26Уыцы бонты цы хуыссӕны схуысса, уый фӕчъизи уыдзӕн, йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ. Цӕуылдӕриддӕр ӕрбада, уый дӕр уыдзӕни ӕнӕсыгъдӕг, йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг куыд вӕййы, афтӕ. 27Чи сыл бандзӕва, уый дӕр ӕнӕсыгъдӕг уыдзӕн. Йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ-иу йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг.

28Сылгоймаг йӕ тугцыдӕй куы сдзӕбӕх уа, уӕд авд боны анымайӕд, ӕмӕ уый фӕстӕ уыдзӕни сыгъдӕг. 29Ӕстӕм бон-иу райсӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны ӕмӕ сӕ ӕрбахӕссӕд сауджынмӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ. 30Сауджын мӕргътӕй иу ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы сылгоймаджы йӕ тугцыдӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау.

31Израилӕгты-иу, ӕнӕсыгъдӕг цы у, уыдӕттӕй бахизут, цӕмӕй сӕхи ма фӕчъизи кӕной ӕмӕ афтӕмӕй, се’хсӕн Мын цы цӕрӕн ис, уый дӕр ма фӕчъизи уа, науӕд амӕлдзысты.

32Уыдон сты, йӕ цъӕй цы нӕлгоймагӕн фӕцӕуы, йӕ мыг йӕхи’гъдауӕй кӕмӕн акӕлы ӕмӕ уымӕй чи фӕчъизи вӕййы, 33стӕй ӕрвылмӕйон тугцыд цы сылгоймагмӕ фӕзыны — алы ӕнӕсыгъдӕгдзинад цы нӕлгоймагӕй кӕнӕ сылгоймагӕй рацӕуы, стӕй, ӕнӕсыгъдӕг сылгоймагимӕ ӕмуат цы нӕлгоймаг ӕрцӕуы, уыдоны тыххӕй ӕгъдӕуттӕ».
Copyright information for OssIBT2022