‏ Leviticus 16

Тӕригъӕдтӕ ныббарыны охыл хаст нывӕндтӕ

1Аароны дыууӕ фырты Дунедарӕджы размӕ куы бацыдысты ӕмӕ куы амардысты, уый фӕстӕ Дунедарӕг Моисеимӕ ныхас кодта. 2Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Де’фсымӕр Ааронӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй алы рӕстӕджы ма хиза мидӕмбӕрзӕны уылты — Рухсмонуатмӕ, Фидыды Чырыны сӕры размӕ, науӕд амӕлдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу Ӕз Фидыды Чырыны сӕрмӕ фӕзындзынӕн ӕврагъы мидӕг. 3Уаз Цӕрӕнмӕ бацӕуын йӕ зӕрды куы уа, уӕд Аарон тӕригъӕды нывондӕн хъуамӕ ӕрбакӕна гал, иууылсудзинагӕн та — фыр. 4Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.

5Израилы адӕмӕй Аарон тӕригъӕды нывондӕн райсӕд дыууӕ цӕуы, иууылсудзинагӕн та — фыр. 6Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссӕд гал ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи ӕмӕ йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. 7Дыууӕ цӕуы ӕрлӕууын кӕнӕд Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур. 8Цӕуты тыххӕй хӕлттӕ сӕппарӕд: иу дзы хъӕуы Дунедарӕгӕн нывондӕн ӕрхӕссын, иннӕ та — ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ, аскъӕрын. 9Дунедарӕджы номыл йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый Аарон ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн. 10Тӕригъӕд ныббарыны охыл нывондӕн хаст ӕрцӕуӕд, зӕгъгӕ, йӕ хал цы цӕуӕн схауа, уый та-иу Дунедарӕджы раз удӕгасӕй баззайӕд, цӕмӕй ӕххӕстгонд ӕрцӕуа адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ аскъӕрой ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Азазелмӕ.

11Йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕрхӕссынӕн Аарон ӕрбакӕнӕд гал ӕмӕ сӕххӕст кӕнӕд йӕхи, стӕй йӕ хӕдзаронты тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. Галы куы аргӕвда, 12уӕд-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уый цӕхӕрӕй райсӕд будсудзӕны дзаг, йӕ дыууӕ армыдзаджы та — фӕхты хост буд ӕмӕ-иу сӕ мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд. 13Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла. 14Уый фӕстӕ галы тугӕй йе’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы Фидыды Чырыны сӕр скӕсӕнӕрдыгӕй иу хатт бапырх кӕнӕд, йӕ разы зӕхх та — авд хатты.

15Уый фӕстӕ Аарон адӕмы тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй аргӕвдӕд цӕуы. Йӕ туг ын мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд ӕмӕ, галы тугӕй куыд бапырх кодта, афтӕ уымӕй дӕр бапырх кӕнӕд Фидыды Чырыны сӕр ӕмӕ йӕ разы зӕхх. 16Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд, израилӕгтӕ сӕ фыдракӕндтӕй ӕмӕ се’ппӕт тӕригъӕдтӕй цы Уаз Цӕрӕн фӕчъизи кодтой, уый ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Афтӕ-иу бакӕнӕд Фембӕлды Цатырӕн дӕр — Израилы адӕмӕн сӕ астӕу чи ис ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕй кӕй фӕчъизи кодтой, уымӕн. 17Аарон-иу Рухсмонуатмӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕнынмӕ куы бацӕуа, уӕд хъуамӕ Фембӕлды Цатыры иунӕг адӕймаг дӕр ма уа, цалынмӕ фӕстӕмӕ рацӕуа, уӕдмӕ. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн йӕхи, йӕ хӕдзаронты ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. 18Уый фӕстӕ-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уымӕ рацӕуӕд ӕмӕ йын сӕххӕст кӕнӕд йе ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау. Гал ӕмӕ цӕуы тугӕй райсӕд ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ байсӕрдӕд, 19стӕй йе’нгуылдзӕй нывондхӕссӕн авд хатты тугӕй бапырх кӕнӕд. Афтӕмӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнӕд израилӕгты тӕригъӕдтӕй ӕмӕ йӕ срухс кӕнӕд.

20Рухсмонуат, Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы сӕххӕст кӕна, уӕд-иу Аарон удӕгас цӕу ӕрбакӕнӕд. 21Йӕ дыууӕ къухы-иу цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ-иу афтӕмӕй басӕттӕд израилӕгты ӕппӕт азымыл, се’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ се’ппӕт тӕригъӕдтыл — цӕуы сӕрыл сӕ сӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй цумайы лӕгимӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ арвитӕд. 22Цӕу израилӕгты фыдракӕндтӕ иууылдӕр ахӕсдзӕн ӕдзӕрӕг ранмӕ. Уым-иу ӕй ауадзӕд.

23Аарон-иу бацӕуӕд Фембӕлды Цатырмӕ, Рухсмонуатмӕ бацӕуыны размӕ йӕ уӕлӕ цы гӕн дарӕс скодта, уый-иу раласӕд ӕмӕ-иу ӕй уым ныууадзӕд. 24Стӕй-иу йӕхи Уаз бынаты цынайӕд, скӕнӕд йе’рвылбоны дарӕс, ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывӕндтӕ: иу — йӕхи тыххӕй, иннӕ та — адӕмы тыххӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи тӕригъӕдтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. 25Тӕригъӕды нывӕндтӕн-иу сӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд.

26Цӕу Азазелмӕ чи аскъӕрдта, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.

27Тӕригъӕды нывондӕн Рухсмонуатмӕ кӕй туг бахастӕуыд, уыцы гал ӕмӕ цӕуы кусӕрттӕ хъӕуы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахӕссын. Сӕ царм, сӕ дзидза ӕмӕ сӕ хуылфыдзаумӕттӕ сын басудзын хъӕуы. 28Чи сӕ басудза, уый-иу ныхсӕд йӕ дарӕс ӕмӕ йӕхи цынайӕд, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни рӕсӕнуатмӕ бацӕуыны бар.

29Мӕнӕ уын мыггагмӕйы уагӕвӕрд: ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон ком дарут, мачи уӕ мацы кусӕд: нӕдӕр бынӕттон цӕрӕг, нӕдӕр, уе’хсӕн чи ӕрцӕра, уыцы ӕрцӕуӕггаг. 30Уыцы бон ӕххӕстгонд цӕудзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ Дунедарӕджы раз ссыгъдӕг уыдзыстут уӕ алы тӕригъӕдӕй. 31Сабатау ӕнцойбон у уый сымахӕн, ӕмӕ-иу ком дарут. Уый уын мыггагмӕйы уагӕвӕрд.

32Тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕд, йӕ фыды бынатмӕ сауджынӕн кӕй байсӕрстой, уый. Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — уаз дарӕс, 33ӕмӕ-иу сӕххӕст кӕнӕд Рухсмонуат, Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, стӕй сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт Израилы адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау. 34Уый уын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд: афӕдз иу хатт ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн израилӕгты сӕ алы тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау».

Аарон бакодта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Copyright information for OssIBT2022