Leviticus 17
Фӕдзӕхстытӕ туг суадзыны тыххӕй
1– 2Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн: Дунедарӕг уын фӕдзӕхсы: 3исчи уӕ рӕсӕнуаты мидӕг, науӕд уый ӕдде стур, фыс кӕнӕ сӕгъ куы аргӕвда, 4Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ йӕ куынӕ ӕрбакӕна ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы цӕрӕны раз нывондӕн куынӕ ӕрхӕсса Дунедарӕгӕн, уӕд уыцы адӕймаг азымджын фӕуыдзӕн: туг ныккалдта, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 5Уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нывондӕгтӕ быдыры мауал ӕргӕвдӕнт, фӕлӕ-иу сӕ ӕрбакӕнӕнт Дунедарӕджы размӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, сауджынмӕ, ӕмӕ-иу сӕ Дунедарӕджы номыл фидыды нывондӕн аргӕвдӕнт. 6Сауджын-иу нывонды тугӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз Дунедарӕджы нывондхӕссӕныл бапырх кӕнӕд, сӕ фиутӕ та-иу сын басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 7Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 8Зӕгъ сын: израилӕгтӕй ӕмӕ се’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи иууылсудзинаг кӕнӕ ӕндӕр исты нывонд куы хӕсса 9ӕмӕ, Дунедарӕджы номыл хаст нывондӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ нывондаджы Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цурмӕ куынӕ ӕрбакӕна, уӕд уыцы адӕймаг йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.Дзидза тугимӕ хӕрӕн нӕй
10Израилӕгтӕй кӕнӕ се’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы’хсӕнӕй, 11уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз туг снысан кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй-иу йӕ фӕрцы ссыгъдӕг уат уӕ тӕригъӕдтӕй. Цард туджы ис, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ барст йӕ фӕрцы цӕуынц. 12Ӕз израилӕгтӕн уый тыххӕй бафӕдзӕхстон: сымахӕй дӕр ӕмӕ уе’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр туджы хъӕстӕ мачи фӕуӕд. 13Израилӕгтӕй, науӕд се’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи цуаны, йӕ фыд хӕрын кӕмӕн ӕмбӕлы, ахӕм сырд кӕнӕ маргъ куы амара, уӕд-иу ын йӕ туг рауадзӕд ӕмӕ-иу туг сыджыты бын фӕкӕнӕд, 14уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн бафӕдзӕхстон, цӕмӕй тугимӕ мацы фыд хӕрой. Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ, тугимӕ чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 15Хӕдмӕл фосы кӕнӕ, сырдтӕ кӕй ныттоной, уымӕн йӕ фыд чидӕриддӕр бахӕра — израилаг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг — йӕ дарӕс-иу ныхсӕд ӕмӕ йӕхи цынайӕд. Изӕрмӕ уыдзӕн ӕнӕсыгъдӕг, уый фӕстӕ ссыгъдӕг уыдзӕн. 16Йӕ дарӕс куынӕ ныхса ӕмӕ йӕхи куынӕ цынайа, уӕд та уыдзӕнис азымджын».
Copyright information for
OssIBT2022