‏ Leviticus 18

Ӕрдон ӕнахъинондзинӕдты тыххӕй фӕдзӕхстытӕ

1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 2«Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. 3Кӕм цардыстут, уыцы Мысыры, стӕй, кӕдӕм уӕ кӕнын, уыцы Ханааны хъуыддӕгтӕ дӕр ма бафӕзмут. Се’гъдӕуттыл сын ма ныххӕцут. 4Мӕ амындтытӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут: Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. 5Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

6Хӕстӕг уын чи ӕййафа, ахӕм сылгоймагмӕ уӕ мачи бавналӕд, мачи ӕрӕмуат уӕд йемӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн.

7Ма ӕрӕмуат у дӕ мадимӕ — уымӕй дӕ фыды фегад кӕндзынӕ. Уый дӕ мад у, ма ӕрӕмуат у йемӕ.

8Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды бинойнагимӕ — уымӕй дӕ фыды ӕгад кӕныс.

9Ма ӕрӕмуат у дӕ хоимӕ, фыд кӕнӕ мадӕй иу кӕимӕ стут, уыимӕ — иу хӕдзары райгуырдыстут ӕви нӕ, уый уӕлдай нӕу. Ма ӕрӕмуат у йемӕ.

10Ма ӕрӕмуат у дӕ фырты чызг кӕнӕ дӕ чызджы чызгимӕ. Ма ӕрӕмуат у семӕ — уымӕй дӕхи ӕгад кӕныс.

11Ма ӕрӕмуат у, дӕ фыдӕй йын чи райгуырди, дӕ фыды бинойнаджы уыцы чызгимӕ — уый дӕ хо у.

12Ма ӕрӕмуат у дӕ фыды хоимӕ — уый дӕ фыдӕн йӕ туг, йе стӕг у.

13Ма ӕрӕмуат у дӕ мады хоимӕ — уый дӕ мадӕн йӕ туг, йе стӕг у.

14Дӕ фыды’фсымӕры ма фегад кӕн — ма йын бавнал йӕ усмӕ. Уый дӕ хион у.

15Ма ӕрӕмуат у дӕ чындзимӕ — уый дӕ фырты ус у, ма ӕрӕмуат у йемӕ.

16Ма ӕрӕмуат у де’фсымӕры усимӕ — уымӕй де’фсымӕры ӕгад кӕныс.

17Ма ӕрӕмуат у сылгоймаг ӕмӕ йӕ чызгимӕ, ма ӕрӕмуат у сылгоймагӕн йӕ цоты чызджытимӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон уыцы сылгоймагӕн йӕ туг, йе стӕг сты — уый ӕлгъаг ми у.

18Дӕ усы хойы ма ракур, дӕ усы удӕгасӕй ма ӕрӕмуат у йемӕ.

19Сылгоймагмӕ йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ма бавнал, уымӕн ӕмӕ уыцы бонты ӕнӕсыгъдӕг у.

20Ма ӕрӕмуат у искӕй усимӕ, науӕд дӕхи фӕчъизи кӕндзынӕ.

21Дӕ цотӕй Молохӕн макӕй снывонд кӕн, ма фегад кӕн дӕ Хуыцауы ном. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

22Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуынц, афтӕ нӕлгоймагимӕ ӕмуат ма ӕрцу — уый ӕлгъаг ми у.

23Ма ӕриу у фосимӕ, дӕхи ма фӕчъизи кӕн. Сылгоймаг дӕр фосы бын ма’рхуыссӕд — уый ӕлгъаг ми у.

24Ахӕм хъуыддӕгтӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыдӕттӕй сӕхи фӕчъизи кодтой, Ӕз уӕ цурӕй кӕй сурын, уыцы адӕмтӕ. 25Уыдоны тыххӕй зӕхх фӕчъизи ис. Ӕз зӕххӕй дзуапп ӕрдомдтон йӕ тӕригъӕды тыххӕй, ӕмӕ йӕ цӕрджыты расхуыста йӕхицӕй. 26Фӕлӕ сымах ӕххӕст кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ. Ахӕм ӕлгъаг митӕ сымахӕй мачи кӕнӕд, фӕнды израилаг уа, фӕнды уе’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг, 27уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи царди, уыцы адӕм, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи ис. 28Уӕдӕ ацы зӕхх куы фӕчъизи кӕнат, уӕд уӕ йӕхицӕй расхойдзӕн, уӕ размӕ дзы чи царди, уыцы адӕмты куыд расхуыста, афтӕ. 29Уыцы ӕлгъаг митӕ чидӕриддӕр кӕна, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 30Мӕ фӕдзӕхстытӕ Мын ӕххӕст кӕнут — ма бафӕзмут, уӕ размӕ ам цы ӕлгъаг ӕгъдӕуттыл хӕст уыдысты, уыдон, науӕд фӕчъизи уыдзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау».
Copyright information for OssIBT2022