‏ Leviticus 19

«Ут сыгъдӕг, Ӕз сыгъдӕг куыд дӕн, афтӕ»

1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕппӕт Израилы адӕмӕн зӕгъа: 2«Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.

3Алчидӕр уӕ нымайӕд йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды, ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

4Гуымирытӕм уе’ргом ма здахут ӕмӕ уӕхицӕн джиппыуагъд гуымирытӕ ма аразут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

5Фидыды нывонд-иу Дунедарӕгӕн, барст ын куыд ӕрцӕуа, афтӕ ӕрхӕссут. 6Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы, нывондӕн ӕй куы ӕрхӕссат, уыцы бон, стӕй дыккаг бон. Ӕртыккаг бонмӕ ма дзы цы баззайа, уый арты сыгъд ӕрцӕуӕд. 7Ӕртыккаг бон ма исчи фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд ӕй нӕ айстӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы дзидза ӕнӕсыгъдӕг у. 8Чи дзы бахӕра, уый уыдзӕнис азымджын, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы уаз хай фӕчъизи кодта; йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.

9Уӕ зӕххы тыллӕг куы ӕфснайат, уӕд-иу уӕ хуымты кӕрӕттӕ ма ныккӕрдут, стӕй-иу, уӕ хуымы цы баззайа, уыдон дӕр ма ӕруидзут. 10Уӕ сӕнӕфсир дӕр фӕстаг гагайы онг ма ӕртонут, зӕхмӕ дзы цы гагатӕ ӕрхауа, уыдон дӕр-иу ма ӕруидзут — мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн сӕ ныууадзут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

11Ма давут, ма сайут, кӕрӕдзиуыл хинӕй ма цӕут. 12Мӕ номӕй мӕнг сомытӕ ма кӕнут, науӕд уӕ Хуыцауы ном фегад кӕндзыстут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

13Макӕй ӕфхӕр ӕмӕ макӕй стигъ. Де’ххуырстӕн йӕ мызд райсоммӕ дӕхимӕ ма уром.

14Къуырмайӕн ма кӕн йӕ фыдгой ӕмӕ куырмӕн йӕ фӕндагыл цӕлхдур ма ӕвӕр. Дӕ Хуыцауӕй тӕрс. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

15Раст тӕрхон ма сзыгъуыммӕ кӕн. Ма хъулон кӕн мӕгуыры ӕмӕ хъӕздыджы зӕрдӕ ма’лхӕн — алкӕмӕн дӕр раст тӕрхон кӕн. 16Дам-думтӕ ма хӕлиу кӕн дӕ адӕмы’хсӕн ӕмӕ йӕ цард макӕмӕн аскъуын. Ӕз Дунедарӕг дӕн. 17Дӕ зӕрдӕйы мидӕг де’фсымӕрмӕ ӕнӕуынондзинад ма ӕмбӕхс. Ӕргомӕй йын бауайдзӕф кӕн, науӕд дӕхӕдӕг дӕр йӕ тӕригъӕдты азымджын фӕуыдзынӕ. 18Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.

19Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ: алыхуызон фосы мыггаг кӕрӕдзиимӕ ма хъазын кӕнут; дыууӕ хуызы мыггӕгтӕ ма таут уӕ хуымы; алыхуызон ӕндӕхтӕй конд дарӕс ма скӕнут уӕ уӕлӕ.

20Искӕй усаг чи у, ахӕм цагъар сылгоймаджы йӕ мойаг нӕма балхӕдта, йӕ хицау дӕр ӕй нӕма ссӕрибар кодта, афтӕмӕй исчи йемӕ ӕмуат ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд уыцы нӕлгоймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафӕд. Марын сӕ нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сылгоймаг сӕрибар нӕу. 21Йӕ азымы тыххӕй нӕлгоймаг Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбакӕнӕд фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн. 22Сауджын-иу ӕрхӕссӕд фиддоны нывонд ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕнӕд уыцы лӕгӕн йӕ тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ йын уӕд уыдзӕни барст.

23Ханааны зӕхмӕ куы бацӕуат ӕмӕ уым дыргъбӕлӕстӕ куы ныссадзат, уӕд сын фыццаг ӕртӕ азы сӕ дыргътӕ нымайут нӕфӕтчиагыл, ма-иу дзы хӕрут. 24Цыппӕрӕм аз дыргътӕ нымад ӕрцӕуӕнт уазыл — Дунедарӕгӕн бӕрӕгбоны хуыныл. 25Дыргътӕ уӕ бон хӕрын уыдзӕни фӕндзӕм азӕй фӕстӕмӕ. Афтӕ куы кӕнат, уӕд уӕ бӕлӕсты бӕркад бирӕ уыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

26Дзидза тугимӕ ма хӕрут. Дӕсны ма фӕрсут ӕмӕ кӕлӕнтӕ ма кӕнут.

27Уӕ къӕмисӕнты хил ма ӕлвынут, стӕй уӕ зачъетӕ ма цыбыр кӕнут. 28Мардыл кӕугӕйӕ, уӕ буар ма лыгтӕ кӕнут, мадӕр уӕхиуыл судзинӕй исты ныв кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

29Ма фӕчъизи кӕн дӕ чызджы — хӕтыныл ӕй ма бафтау, науӕд зӕхх фӕчъизи уыдзӕн хъахбайдзинадӕй ӕмӕ байдзаг уыдзӕн ӕлгъаг мийӕ.

30Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кад кӕнут Мӕ Уаз Цӕрӕнӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.

31Мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм ма цӕут, цӕмӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнат. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

32Урссӕрӕн-иу сыст ӕмӕ хистӕрӕн кад кӕн. Тӕрс дӕ Хуыцауӕй. Ӕз — Дунедарӕг.

33Уӕ зӕххыл ӕрцӕуӕггагӕй чи цӕра, уыдоны-иу ма ӕфхӕрут. 34Цыма бынӕттон цӕрджытӕ сты, ахӕм цӕстӕй сӕм кӕсут. Уарзут сӕ, уӕхи куыд уарзут, афтӕ. Рох уӕ ма уӕд, уӕхӕдӕг дӕр Мысыры зӕххыл ӕрцӕуӕггӕгтӕ кӕй уыдыстут, уый. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау.

35Дӕргъ, уӕз кӕнӕ бӕрцуат баргӕйӕ, макӕй фӕливут. 36Уӕ тӕраз, уӕ барӕн дуртӕ, уӕ барӕн ефӕ ӕмӕ уӕ барӕн гин раст барӕнт. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый.

37Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн».
Copyright information for OssIBT2022