Leviticus 2
Хойраджы хуынтӕ
1Дунедарӕгӕн хойраджы хуын чи хӕсса, уый хъуамӕ райса мӕнӕуы ссад, ӕркӕна йыл оливӕйы сой, ӕрӕвӕра йыл буд 2ӕмӕ йӕ ӕрбахӕсса Аароны байзӕддӕгтӕм, сауджынтӕм. Сойхӕццӕ ссадӕй сауджын йӕ армы дзаг сисӕд, стӕй буд дӕр иууылдӕр райсӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф. 3Хойраджы хуынӕй ма цы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылуаз, Дунедарӕджы хуынтӕй ист. 4Пецы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа мӕнӕуы ссадӕй: сойхӕццӕ ссадӕй донгонд гуылтӕ кӕнӕ сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ. 5Алгъацы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй, донгонд хыссӕйӕ. 6Дзул асӕстытӕ кӕн ӕмӕ йыл оливӕйы сой ауадз. Уый дын — хойраджы хуын. 7Къуырф тебӕйы фых хойраджы хуын хъуамӕ уа сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй. 8Дунедарӕджы номыл конд хойраджы хуын ӕрбахӕсс ӕмӕ йӕ сауджынмӕ ратт. Уый йӕ бахӕсдзӕн нывондхӕссӕнмӕ. 9Хуынӕн йӕ иу хай нывондхӕссӕныл басудздзӕн, иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф. 10Цы ма дзы баззайа, уый Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай у — иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы хуынтӕй ист. 11Дунедарӕгӕн ӕнхъизӕнджын хойраджы хуынтӕ ма хӕссут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр ӕнхъизӕнджын хойраг, нӕдӕр мыд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн хӕссын ӕмбӕлы. 12Уыдон ын уӕ хоры сӕртимӕ хӕссут, фӕлӕ сӕ нывондхӕссӕныл ӕхцон хӕрздӕфы номыл ма судзут. 13Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа. 14Дунедарӕгӕн дӕ хоры сӕртӕй хойраджы хуын куы хӕссай, уӕд-иу ӕрбахӕсс фӕхты хост цӕкуытӕ — цъӕх ӕфсиртӕй. 15Оливӕйы сой сыл ӕркӕн ӕмӕ сыл уӕлейӕ буд ӕрӕвӕр. Уый у хойраджы хуын. 16Сауджын сойхӕццӕ цӕкуытӕн сӕ иу хай, стӕй буд ӕнӕхъӕнӕй басудзӕд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у арты нывонд Дунедарӕгӕн.
Copyright information for
OssIBT2022