Leviticus 20
Уӕззау тӕригъӕдты тыххӕй ӕфхӕрд
1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 2«Уӕхицӕй кӕнӕ уе’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса, уӕд мард ӕрцӕуӕд: адӕм ӕй дурты бын фӕкӕнӕнт. 3Ӕз уыцы адӕймаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, фесафдзынӕн ӕй, йӕ адӕмы’хсӕнӕй хъодыгонд ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн ӕрхаста. Уымӕй Мын фӕчъизи кодта Мӕ Уаз Цӕрӕн ӕмӕ фегад кодта Мӕ уаз ном. 4Исчи йӕ сывӕллоны Молохӕн нывондӕн куы ӕрхӕсса ӕмӕ бӕстӕйы адӕм сӕхи ницыуынӕг куы скӕной, куынӕ йӕ амарой, 5уӕд Ӕз уыцы адӕймаг ӕмӕ йӕ мыггаджы Мӕ азары хай бакӕндзынӕн, йӕхи дӕр ӕмӕ ма йемӕ хъахбайау Молохы фӕдыл чи цыди, уыдоны се’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, сӕ адӕмӕй фӕхъӕудзысты. 6Мӕрдтӕмсидджытӕм ӕмӕ дӕсныфӕрсджытӕм чи цӕуа, семӕ чи хӕта, уыдоны Мӕ азар баййафдзӕн. 7Уаз ут ӕмӕ архайут сыгъдӕгӕй цӕрыныл, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. 8Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнут. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый. 9Йӕ мад кӕнӕ йӕ фыды чи ӕлгъиты, уый мард ӕрцӕуӕд. Йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды кӕй ралгъыста, уымӕ гӕсгӕ йӕ мӕлӕты аххосджын йӕхӕдӕг у. 10Исчи искӕй усимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд дыууӕйӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт — нӕлгоймаг дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр. 11Йӕ фыды бинойнагимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый фегад кӕндзӕн йӕ фыды, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын. 12Исчи йӕ чындзимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Ӕлгъаг ми бакодтой ӕмӕ сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын. 13Сылгоймагимӕ ӕмуат куыд ӕрцӕуынц, афтӕ нӕлгоймаг ӕндӕр лӕгимӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд сӕ дыууӕ дӕр, ӕлгъаг ми кӕй бакодтой, уымӕ гӕсгӕ мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын. 14Исчи искӕцы сылгоймагӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ мады дӕр куы ракура, уӕд уый ӕнӕуаг ми у. Ӕртӕйӕ дӕр арты сыгъд ӕрцӕуӕнт, цӕмӕй уе’хсӕн хъахбайдзинад ма уа. 15Фосимӕ чи ӕриу уа, уый мард ӕрцӕуӕд. Фосы дӕр-иу амарут. 16Сылгоймаг исты фосмӕ куы бацӕуа, цӕмӕй йемӕ ӕриу уа, уый тыххӕй, уӕд-иу сылгоймаджы дӕр ӕмӕ фосы дӕр амарут. Сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын. 17Исчи йӕ хойы куы ракура, иу фыд кӕнӕ иу мадӕй гуырд кӕимӕ у, ахӕмы ӕмӕ йемӕ куы ӕрӕмуат уа, уӕд уый стыр худинаг у, ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр мард ӕрцӕуӕнт адӕмы раз ӕмӕ сӕ адӕмӕй фӕхъӕуӕнт. Йӕ хоимӕ ӕмуат кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕфхӕрд баййафа. 18Исчи сылгоймагимӕ йе’рвылмӕйон тугцыды рӕстӕг ӕмуат куы’рцӕуа, уӕд ын уымӕй раргом кӕндзӕн йӕ тугцыд; сылгоймаг дӕр афтӕмӕй ӕвдисы йӕ тугцыд, ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр амардзысты, сӕ адӕмы’хсӕнӕй фӕхъӕудзысты. 19Йӕ мады хо кӕнӕ йӕ фыды хоимӕ ӕмуат мачи ӕрцӕуӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ туг, йе стӕг сты. Ахӕм ми чи бакӕна, уыдон дыууӕйӕ дӕр азымджын уыдзысты. 20Йӕ фыды’фсымӕры усимӕ ӕмуат чи ӕрцӕуа, уый йӕ фыды’фсымӕры фегад кӕндзӕн. Сӕ дыууӕ дӕр сӕ тӕригъӕды аххосӕй ӕфхӕрд баййафдзысты — ӕнӕзӕнӕгӕй амӕлдзысты. 21Исчи йе’фсымӕры усы куы ракура, уӕд уый ӕлгъаг ми у. Йе’фсымӕры фегад кодта, ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй баззайдзысты. 22Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнут, ӕмӕ уӕд, цӕрынмӕ уӕ цы зӕхмӕ кӕнын, уый уӕ нӕ раппардзӕн йӕхицӕй. 23Уӕ цурӕй уын цы адӕмты сурын, уыдоны ӕгъдӕуттӕ ма бафӕзмут. Уыдон ӕппӕт уыдӕттӕ кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕм Мӕ маст рафыхти. 24Сымахӕн та загътон: „Сӕ зӕхх сын уӕхи бакӕндзыстут. Ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъарынц, уыцы зӕхх уын исбонӕн ратдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, иннӕ адӕмтӕй уӕ Чи фӕхицӕн кодта, Уый. 25Сыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргъты хицӕн кӕнут ӕнӕсыгъдӕг цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕй. Ӕнӕсыгъдӕгыл нымайын уын кӕй бафӕдзӕхстон, уыдонӕй уӕхи ма фӕчъизи кӕнут: нӕдӕр цӕрӕгойтӕй, нӕдӕр мӕргътӕй, нӕдӕр хилӕгойтӕй. 26Уаз ут Мӕ разы, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уаз дӕн. Ӕз уӕ иннӕ адӕмтӕй фӕхицӕн кодтон, цӕмӕй уат Мӕн. 27Нӕлгоймаг ӕви сылгоймаг уа, мӕрдтӕм куы сидой кӕнӕ дӕсны куы фӕрсой, уӕд мард ӕрцӕуӕнт: дурты бын-иу сӕ фӕкӕнӕнт. Сӕ мӕлӕты сӕхӕдӕг уыдзысты аххосджын“».
Copyright information for
OssIBT2022