Leviticus 21
Сауджыны сыгъдӕгдзинады тыххӕй
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Фехъусын кӕн сауджынтӕн — Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн: сауджын йӕхи йӕ хӕстӕджы мардмӕ баввахс кӕнынӕй ма фӕчъизи кӕнӕд, 2хӕрз хион — мад, фыд, фырт, чызг, ӕфсымӕр 3кӕнӕ, нырма йемӕ иу хӕдзары чи цӕры, ахӕм ӕнӕмойгонд хо ма уӕд, уый йеддӕмӕ. 4Иннӕ хӕстӕджытӕй йын йӕхи никӕй тыххӕй фӕчъизи кӕнӕн ис. 5Сауджынтӕн сӕ сӕр дасын, сӕ зачъетӕ цыбыр кӕнын ӕмӕ сӕ буар лыгтӕ кӕнын не’мбӕлы. 6Уаз уӕнт сӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сӕ Хуыцауы ном ма фӕчъизи кӕнӕнт, уымӕн ӕмӕ уыдон хӕссынц нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн, хойраг — сӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ хъуамӕ уой уаз. 7Сауджын ма ракурӕд хӕтаг, чи фӕчъизи ис кӕнӕ йӕ лӕгӕй чи ахицӕн ис, ахӕм сылгоймаджы, уымӕн ӕмӕ уаз у Хуыцауы раз. 8Сауджыны уазыл нымай, уымӕн ӕмӕ уый хӕссы хойраг дӕ Хуыцауӕн. Сауджынмӕ уазы цӕстӕй кӕс, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сымах уаз Кӕй фӕрцы стут, Уый. 9Сауджыны чызг хӕтынӕй куы фӕчъизи уа, уӕд йӕ фыды ӕгад кӕны, ӕмӕ йӕ арты басудзын хъӕуы.Сӕрмагонд домӕнтӕ алчертӕн
10Йе’рвад-ӕфсымӕрты’хсӕн хистӕр цы сауджын у — йӕ сӕрыл сӕрдӕн сой уагъд кӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ уаз чи сси, уаз дарӕс дарыны бар кӕмӕн ис, уымӕн не’мбӕлы йӕ сӕрыхъуынтӕ уӕгъдӕй хӕссын, стӕй йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм рӕдувын. 11Мард адӕймаг кӕм уа, уырдӕм ма бацӕуӕд: суанг йӕ мад ӕмӕ йӕ фыды тыххӕй дӕр ын йӕхи фӕчъизи кӕнӕн нӕй. 12Йӕ Хуыцауы Уаз Цӕрӕнӕй дӕр-иу ма рацӕуӕд ӕмӕ йӕ уымӕй ма фӕчъизи кӕнӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕрдӕн сойӕ снывонд чындӕуыд йӕ Хуыцауӕн. Ӕз — Дунедарӕг. 13Алчер хъуамӕ ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызг ракура. 14Нӕй йын ракурӕн нӕдӕр идӕдзы, нӕдӕр уагъд, хӕтаг кӕнӕ, чи фӕчъизи ис, ахӕм сылгоймаджы. Йӕ бон ракурын у ӕрмӕстдӕр ӕнӕцыд чызджы йӕхи мыггагӕй. 15Науӕд йӕ байзӕддӕгты йӕ мыггаджы’хсӕн фӕчъизи кӕндзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы у, Уый».Сауджын суӕвыны бар кӕмӕн нӕй
16Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Ааронӕн зӕгъа: 17«Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ дӕ байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уый нывӕндтӕ ма хӕссӕд йӕ Хуыцауӕн. 18Иу сахъат дӕр нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма бацӕуӕд: нӕдӕр куырм, нӕдӕр къуылых, нӕдӕр, ӕнахъинон цӕсгом кӕмӕн ис, уый, нӕдӕр, цӕнкуыл чи у, 19нӕдӕр, йӕ къах кӕнӕ йӕ къух саст кӕмӕн у, ахӕм, 20нӕдӕр къуыпсин, нӕдӕр дӕлӕмӕдзыд, нӕдӕр урсцӕст, нӕдӕр хӕлмагджын, нӕдӕр уыдырнджын, нӕдӕр дзӕдӕл. 21Аароны байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уыдонӕй иуӕн дӕр Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссӕн нӕй. Сахъатӕн Дунедарӕджы нывондхӕссӕнмӕ хойраг хӕссын не’мбӕлы. 22Йӕ Хуыцауы номыл хаст хойрагӕй, иууылуаз ӕмӕ йын уаз хуынтӕй хӕрыны бар ис. 23Ӕрмӕст-иу ма бацӕуӕд ӕмбӕрзӕнмӕ, ма баввахс уӕд нывондхӕссӕнмӕ, уымӕн ӕмӕ сахъат у. Мӕ Уаз Цӕрӕн Мын ма фӕчъизи кӕнӕд. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый». 24Моисей уыцы ныхӕстӕ фехъусын кодта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, стӕй ӕппӕт израилӕгтӕн.
Copyright information for
OssIBT2022