‏ Leviticus 24

Уаз Цӕрӕны цырӕгътӕ

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй дын оливӕйы сой ӕрбахӕссой цырагъӕн — сыгъдӕг, къухӕй лӕмӕрст чи у, ахӕм, цӕмӕй цырагъ кӕддӕриддӕр судза. 3Аарон-иу йӕ хъус дарӕд, цӕмӕй Дунедарӕджы раз, Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны мидӕмбӕрзӕны ӕдде, изӕрӕй райсоммӕ цырӕгътӕ ма ахуыссой, уымӕ. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 4Дунедарӕджы раз сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд цырагъдарӕныл цы цырӕгътӕ ис, уыдонмӕ-иу ӕдзухдӕр йӕ хъус дарӕд.

Кувинаг дзултӕ

5Райс ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад ӕмӕ дзы сфыц дыууадӕс тӕнӕг дзулы, алы дзулыл дӕр ссад ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы куыд ацӕуа, афтӕ. 6Дунедарӕджы раз-иу сӕ сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд фынгыл дыууӕ рӕнхъӕй ӕрӕвӕр, алы рӕнхъы дӕр ӕхсӕз дзулы куыд уа, афтӕ. 7Алы рӕнхъӕн дӕр-иу йӕ фарсмӕ ӕрӕвӕр сыгъдӕг буд, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн, арты нывондӕн. 8Дунедарӕджы раз сӕ ӕвӕрын хъӕуы алы сабаты дӕр, ӕдзухдӕр. Уый у мыггагмӕйы фӕдзӕхст израилӕгтӕн. 9Уыдон уыдзысты Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай. Хӕрдзысты сӕ уаз бынаты, уымӕн ӕмӕ уый у иууылсыгъдӕг, Дунедарӕджы номыл хаст кувинӕгты ӕхсӕн уый сӕ хай у».

Дунедарӕджы чи фауа, уый ӕфхӕрд баййафдзӕн

10 11Израилӕгты рӕсӕнуаты уыдис иу лӕг, йӕ мад — израилаг, йӕ фыд — мысыраг. Йӕ мад Шеломит уыди Даны хӕдзарвӕндагӕй, Диврийы чызг. Уыцы лӕг фӕхыл ис ӕндӕр израилагимӕ ӕмӕ фаудта Дунедарӕджы ном. 12Ахӕстоны йӕ дардтой ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты Дунедарӕджы уынаффӕмӕ.

13Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 14«Уыцы фауӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракӕн. Чидӕриддӕр ӕй фехъуыста, уыдон ын сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт ӕмӕ йӕ адӕм дурты бын фӕкӕнӕнт. 15Израилӕгтӕн зӕгъ: „Йӕ Хуыцауы чидӕриддӕр ралгъита, уый йӕ тӕригъӕды тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзӕн. 16Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый мард ӕрцӕуӕд: адӕм-иу ӕй иумӕ дурты бын фӕкӕнӕнт. Ӕрцӕуӕггаг ӕви бынӕттон цӕрӕг уа, — Дунедарӕджы ном чи рафауа, уый хъӕуы амарын.

17Адӕймаджы чи амара, уый мард ӕрцӕуӕд. 18Искӕй фосӕй чи амара, уый йӕ бафидӕд, сӕр сӕры ныхмӕ. 19Йӕ адӕмӕй искӕй чи фӕсахъат кӕна, уымӕн йӕхицӕн дӕр афтӕ бакӕнын хъӕуы: 20стӕгсасты ныхмӕ — стӕгсаст, цӕст — цӕсты ныхмӕ, дӕндаг — дӕндаджы ныхмӕ. Искӕй куыд фӕсахъат кодта, афтӕ йын йӕхи дӕр хъӕуы фӕсахъат кӕнын. 21Фос чи амара, уый йӕ бафидӕд, адӕймаджы чи амара, уый та мард ӕрцӕуӕд. 22Ӕрцӕуӕггагӕн дӕр ӕмӕ бынӕттон цӕрӕгӕн дӕр уӕм иу ӕгъдау уӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау“».

23Моисей уыдӕттӕ израилӕгтӕн радзырдта, ӕмӕ уыдон бакодтой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ: ӕлгъитӕджы рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ ракодтой ӕмӕ йӕ дурты бын фӕкодтой.
Copyright information for OssIBT2022