Leviticus 26
Ӕгъдауы сӕйрагдӕр домӕнтӕ
1Уӕхицӕн гуымирытӕ ма аразут, хуыцаугӕндтӕ, табуйаг дурцӕджындзтӕ ӕмӕ нывӕфтыд дуртӕ ма ӕвӕрут, цӕмӕй сӕм куват, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау. 2Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ кад кӕнут Мӕ Уаз Цӕрӕнӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн.Хуыцауы хорзӕх
3Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕнувыдӕй куы ӕххӕст кӕнат, 4уӕд уын афоныл ӕрвитдзынӕн къӕвдатӕ, ӕмӕ уын зӕхх дӕтдзӕни тыллӕг, бӕлӕстӕ та — дыргътӕ. 5Уӕ найгӕнӕнтӕ-иу суанг сӕнӕфсир тоныны афонтӕм ахӕццӕ уыдзысты; уӕ сӕнӕфсир-иу тынд нӕма фӕуыдзӕн, афтӕ-иу хортауӕн афон ралӕудзӕн. Хойрагӕй уыдзыстут ӕфсӕст ӕмӕ ӕдасӕй цӕрдзыстут уӕ зӕххыл. 6Уӕ зӕххӕн уын сабырдзинад ратдзынӕн: куы-иу бафынӕй уат, уӕд уӕ хъыгдарӕг нӕ уыдзӕн. Уӕ зӕххӕй уын тугдзых сырдты фӕсурдзынӕн, фыдгулы кардӕй хызт уыдзӕни уӕ бӕстӕ. 7Уӕхӕдӕг уе знӕгты уӕ разӕй айсдзыстут ӕмӕ сӕ кардӕй ныццӕгъддзыстут. 8Фондзӕй-иу фӕсурдзыстут фондзыссӕдзы, фондзыссӕдзӕй та — дӕс мины, уӕ фыдгултӕ-иу уӕ карды амӕттаг бауыдзысты. 9Ӕз уыл ауддзынӕн, зӕнӕгджын уӕ скӕндзынӕн, сбирӕ уӕ кӕндзынӕн ӕмӕ, уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый нӕ фехалдзынӕн. 10Уӕ хойраджы фӕстауӕрц-иу хӕрд нӕма ӕрцӕудзӕн, афтӕ-иу уын калинаг фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ-иу ног тыллӕгӕн бынат суӕгъд кӕнын бахъӕудзӕн. 11Мӕ цӕрӕн ӕрӕвӕрдзынӕн уе’хсӕн, ӕлгъ уыл нӕ кӕндзынӕн. 12Ӕз уе’хсӕн цӕрдзынӕн ӕмӕ уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та уыдзыстут Мӕ адӕм. 13Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.Хуыцауы азар
14Фӕлӕ Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ уын цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон куынӕ ӕххӕст кӕнат, 15Мӕ уагӕвӕрдтыл Мын уӕхи куы атигъ кӕнат ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл ӕлгъ куы кӕнат, уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыд куы фехалат, 16уӕд уын Ӕз мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: тарниз ӕмӕ уыл тӕвдниз бафтаудзынӕн, уӕ цӕстыты рухс баталынг уыдзӕн, ӕмӕ удхарӕй мӕлдзыстут. Уӕ хуымтӕ-иу байтаудзыстут дзӕгъӕлы: уӕ фыдгултӕ-иу бахӕрдзысты уӕ тыллӕг. 17Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут. 18Кӕд мӕм уый фӕстӕ дӕр нӕ байхъусат, уӕд уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 19Ӕз уын басӕтдзынӕн уӕ сӕрыстырдзинад, уӕ сӕрмӕ уын арв ӕфсӕны хуызӕн скӕндзынӕн, уӕ къӕхты бын зӕхх та — ӕрхуыйы’нгӕс. 20Бынтон дзӕгъӕлы хардз кӕндзыстут уӕ хъару — уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзайдзӕн, уӕ бӕлӕстӕ дыргъ нал ратдзысты. 21Кӕд ма уый фӕстӕ дӕр Мӕ ныхмӕ рацӕуат ӕмӕ Мӕм нӕ хъусат, уӕд уӕ авд хатты тынгдӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 22Хъӕддаг сырдты уыл бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕнӕ цотӕй ныууадздзысты, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты. Афтӕ уӕ скуынӕг кӕндзысты, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыдзӕн. 23Кӕд ма уӕм уый фӕстӕ дӕр хуыздӕр зонд не’рцӕуа ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ рацӕуат, 24уӕд Ӕз дӕр рацӕудзынӕн уӕ ныхмӕ ӕмӕ уӕ авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 25Мӕ фидыд Мын кӕй фехӕлдтат, уый тыххӕй уӕ карды амӕттаг бакӕндзынӕн. Уӕ сахарты куы бамбӕхсат, уӕд та уыл бафтаудзынӕн емынӕ, ӕмӕ уе знӕгты къухтӕм бахаудзыстут. 26Хойрагӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзынӕн, уӕ сылгоймӕгтӕ дӕсӕй иу пецы дзул фыцдзысты. Тӕразыл барстӕй уын дзул дӕтдзысты, ӕмӕ хӕрдзыстут, фӕлӕ не’фсӕддзыстут. 27Уый фӕстӕ дӕр ма Мӕм куынӕ байхъусат ӕмӕ та Мӕ ныхмӕ куы рацӕуат, 28уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй. 29Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ’рцӕудзыстут. 30Уӕ кувӕн къуыбыртӕ уын ныппырх кӕндзынӕн, уӕ будсудзӕн нывондхӕссӕнтӕ уын ныззыгуым кӕндзынӕн; уӕ мӕрдтӕ уын уӕ гуымирыты сӕстытыл ныккалдзынӕн ӕмӕ уыл ӕлгъ кӕндзынӕн. 31Уӕ сахартӕ уын хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уӕ кувӕндӕттӕ уын сафтид кӕндзынӕн, уӕ нывӕндтӕ уын нал айсдзынӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 32Уӕ зӕхх уын афтӕ сафтид кӕндзынӕн, ӕмӕ йыл уе знӕгтӕй чи ӕрцӕра, уыдон ныккӕрздзысты. 33Сымах та адӕмты’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты. 34– 35Уӕд зӕхх йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн. Цалынмӕ гӕныстонӕй лӕууа, сымах та уе знӕгты зӕххыл цӕрат, уӕдмӕ зӕхх, йӕ афоныл цы нӕ баулӕфыд, уый баулӕфдзӕн, ӕмӕ уӕд баххӕст уыдзысты йӕ сабаты азтӕ. 36– 37Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл. 38Ӕцӕгӕлон адӕмты’хсӕн бабын уыдзыстут, уӕ фыдгулты зӕхх уӕ аныхъуырдзӕн. 39Чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та фыдгулты зӕххытыл уӕлхъӕдӕй бамбидзысты, сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй. 40Ӕмӕ уӕд басӕтдзысты сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымыл — иузӕрдион Мыл кӕй нӕ разындысты ӕмӕ Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, ууыл. 41Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым, 42ӕмӕ Ӕз ӕрымысдзынӕн Мӕ фидыд Йаковимӕ, Мӕ фидыд Исаакимӕ ӕмӕ Мӕ фидыд Авраамимӕ. Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕн, сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сын сӕ байзӕддӕгтӕн дӕр зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый. 43Ацы зӕхх куы ныууадзой ӕмӕ куы сафтид уа, уӕд йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн, цалынмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтӕ фидой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл сӕхи атигъ кодтой, Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕлгъ кодтой. 44Фӕлӕ сыл Ӕз, се знӕгты зӕххыл куы уой, уӕд дӕр Мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн ӕмӕ сыл ӕлгъ нӕ кӕндзынӕн. Ӕз сӕ нӕ фесафдзынӕн ӕмӕ Мӕ фидыд нӕ фехалдзынӕн семӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, сӕ Хуыцау. 45Сӕ фыдӕлты сын Ӕз адӕмты раз ракодтон Мысырӕй, цӕмӕй уон сӕ Хуыцау, ӕмӕ сӕ сӕраппонд, семӕ цы фидыд сарӕзтон, уый ӕрымысдзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн». 46Ацы уагӕвӕрдтӕ, амындтытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн радта Синайы хохыл, Моисейы уылты.
Copyright information for
OssIBT2022