Leviticus 27
Дунедарӕгӕн, сомы ракӕнгӕйӕ, цы снывонд кӕнынц, уыдӕтты тыххӕй
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: исчи Дунедарӕгӕн адӕймаджы снывонд кӕнынӕй куы расомы кӕна ӕмӕ йӕ, уыцы адӕймагӕн йӕ аргъ цас у, уый бӕрц бафидын куы хъӕуа, 3уӕд ссӕдз азӕй ӕртиссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. 4Кӕд сылгоймаг у, уӕд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы. 5Фондз азӕй ссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд ссӕдз шекелы, сылгоймагӕн та — дӕс шекелы. 6Мӕйдзыдӕй фондз азы онг лӕппуйӕн йӕ аргъ уӕд фондз шекелы, чызгӕн та — ӕртӕ шекелы. 7Ӕртиссӕдз азӕй уӕлӕмӕ цы нӕлгоймагыл цӕуы, уымӕн йӕ аргъ — фынддӕс шекелы, сылгоймагӕн та — дӕс шекелы. 8Кӕд ӕмӕ, сомы чи ракодта, уый мӕгуыр у ӕмӕ нысангонд аргъ йӕ бон бафидын нӕу, уӕд ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнын хъӕуы, цӕмӕй сауджын, цы йӕм ис, уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕна, цас ын фидгӕ у, уый. 9Исчи Дунедарӕгӕн фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд уыцы фос, Дунедарӕгӕн лӕвӕрд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ суыдзӕни уаз. 10Ӕндӕрӕй йын баивӕн нӕй: хорзӕн — ӕвзӕрӕй, ӕвзӕрӕн та — хорзӕй. Исчи фос фосӕй куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз. 11Исчи, Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссын кӕй не’мбӕлы, ахӕм ӕнӕсыгъдӕг фос нывондӕн ӕрхӕссынӕй куы расомы кӕна, уӕд-иу ӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд. 12Сауджын фосӕн, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уыдзӕн. 13Уыцы фосы йӕ хицау фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу ын йӕ аргъмӕ йӕ фӕндзӕм хай дӕр бафтауӕд. 14Исчи йӕ хӕдзар Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд-иу ын сауджын, хорз ӕви ӕвзӕр у, уымӕ гӕсгӕ аргъ скӕнӕд. Куыд ын саргъ кӕна, афтӕ уӕд. 15Фӕлӕ йӕ хӕдзар чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд-иу ын йӕ аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ хӕдзар фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн. 16Исчи йӕ зӕххы хай Дунедарӕгӕн куы снывонд кӕна, уӕд ын саргъ кӕнын хъӕуы йӕ тауинаджы бӕрцмӕ гӕсгӕ: хъӕбӕрхоры хомерӕн — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз шекелы ӕвзист. 17Ӕрдӕгсӕдӕйон азы йӕ куы нывонд кӕна, уӕд дӕр-иу йӕ аргъ уӕд уый бӕрц. 18Ӕрдӕгсӕдӕйон азы бӕрӕгбоны фӕстӕ йӕ куы нывонд кӕна, уӕд та-иу сауджын нысангонд аргъ фӕкъаддӕр кӕнӕд, иннӕ Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ. 19Йӕ зӕххы хай чи снывонд кодта, уый йӕ фӕстӕмӕ балхӕнинаг куы уа, уӕд ма-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай, ӕмӕ зӕхх фӕстӕмӕ йӕхи бауыдзӕн. 20Фӕлӕ йӕ зӕхх фӕстӕмӕ куынӕ балхӕна ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн уӕйгонд куы’рцӕуа, уӕд ын фӕстӕмӕ балхӕнӕн нал уыдзӕн. 21Ӕрдӕгсӕдӕйон азы уыцы зӕххы хай куы суӕгъд уа, уӕд суыдзӕни уаз, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, бавналын ӕм хӕрам у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, ахӕм зӕхх, ӕмӕ сауджынты исбон бауыдзӕн. 22Исчи Дунедарӕгӕн кӕмӕйдӕр ӕлхӕд зӕххы хай куы снывонд кӕна, йӕхи исбон чи нӕ уыдис, ахӕм, 23уӕд-иу ын сауджын йӕ аргъ банымайӕд, Ӕрдӕгсӕдӕйон азмӕ ма цал азы баззад, уый хынцгӕйӕ, ӕмӕ йын тӕккӕ уыцы бон йӕ аргъ бафидӕд; уый у уаз мысайнаг Дунедарӕджы номыл. 24Зӕхх та, Ӕрдӕгсӕдӕйон аз куы ралӕууа, уӕд фӕстӕмӕ, кӕмӕй ӕлхӕд ӕрцыд ӕмӕ кӕй зӕххы хай уыди, уый исбон бауыдзӕн. 25Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы. 26Фосы фыццаг цӕуӕт Дунедарӕгӕн снывонд кӕнын никӕй бон у, уымӕн ӕмӕ фыццаггуырдтӕ афтӕ дӕр Йӕ исбон сты. Гал уа ӕви фыс — Дунедарӕджы исбон у. 27Фӕлӕ ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕт фӕстӕмӕ балхӕнӕн уыдзӕн, нысангонд аргъмӕ ма йӕ фӕндзӕм хай бафтаугӕйӕ. Фӕстӕмӕ ӕлхӕд куынӕ ӕрцӕуа, уӕд та йӕ нысангонд аргъыл ауӕй кӕнын хъӕудзӕн. 28Дӕ исбонӕй цӕмӕйдӕриддӕр басомы кӕнай, Дунедарӕгӕн ӕй снывонд кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, — адӕймаг уа, фос ӕви зӕххы хай, — уымӕн нӕдӕр ауӕйгӕнӕн ис, нӕдӕр фӕстӕмӕ балхӕнӕн. Сомы ракӕнгӕйӕ, цыдӕриддӕр снывонд чындӕуыд, уый Дунедарӕджы у, иууылуаз. 29Сомы ракӕнгӕйӕ, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы адӕймаджы фӕстӕмӕ балхӕнӕн нӕй: хъуамӕ мард ӕрцӕуа. 30Зӕхх цы тыллӕг дӕтты — хор уа ӕви бӕлӕсты дыргътӕ уой — алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай у Дунедарӕджы исбон — иууылуаз. 31Йӕ фӕллойы дӕсӕймаг хай фӕстӕмӕ чи ӕлхӕна, уый-иу нысангонд аргъмӕ бафтауӕд йӕ фӕндзӕм хай. 32Алы стурвос ӕмӕ лыстӕг фосы дӕсӕймаг хай дӕр — дӕсӕймаг хайы гакк кӕуыл ӕвӕрд ӕрцыд, уыдон сты Дунедарӕджы уаз хай. 33Хорз фосы нӕй ӕвзӕр фосӕй хицӕнгӕнӕн, ивӕн дӕр сын нӕй. Исчи фос фосыл куы баива, уӕд сӕ дыууӕ дӕр суыдзысты уаз, ӕмӕ сын нӕй фӕстӕмӕ балхӕнӕн». 34Адон сты, Дунедарӕг Синайы хохыл Моисейӕн, цӕмӕй сӕ израилӕгтӕ ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй кӕй радта, уыцы фӕдзӕхстытӕ.
Copyright information for
OssIBT2022