‏ Leviticus 3

Фидыды нывӕндтӕ

1Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг. 2Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 3Фидыды нывондӕн йӕ хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн ӕрхӕссӕд арты нывондӕн, 4стӕй уыргтӕ дӕр, ӕгъдтыл цы фиу ис, уыимӕ. Уыргтимӕ рахицӕн кӕнын хъӕуы игӕры ӕфтуанхай дӕр. 5Аароны байзӕддӕгтӕ уыдон иууылдӕр нывондхӕссӕныл басудзӕнт, сугты сӕрыл цы иууылсудзинаг ӕвӕрд ис, уыимӕ, — уый у арты нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.

6Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса лыстӕг фосӕй — мадӕл кӕнӕ нӕл, уый-иу ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг. 7Фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕй ӕрбакӕнӕд Дунедарӕджы размӕ. 8Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры цур аргӕвдӕд, стӕй йын Аароны байзӕддӕгтӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 9Фидыды нывондӕн йӕ фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд: кусарты дымӕг ӕнӕхъӕнӕй (йӕ тӕккӕ рӕбыныл ӕй рагъыстӕгӕй фӕхицӕн кӕнӕд, афтӕмӕй), хуылфыдзаумӕтты фиу, 10уыргтӕ ӕд фиу, ӕгъдтыл цы фиу ис, уый, стӕй игӕры ӕфтуанхай. 11Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон арты хойраг сты — Дунедарӕгӕн хаст нывонд.

12Сӕгъ нывондӕн чи хӕсса, уый йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд. 13Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды цатыры цур аргӕвдӕд, стӕй йын Аароны байзӕддӕгтӕ йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт. 14Хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд, 15стӕй уыргтӕ, ӕгъдтыл цы фиу ис, уыимӕ, ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай. 16Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. Уыдон сты арты хойраг — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Фиутӕ иууылдӕр Дунедарӕджы хай сты. 17Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».
Copyright information for OssIBT2022