Leviticus 4
Тӕригъӕды нывӕндтӕ
1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, 2цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: «Исчи Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, 3алчер тӕригъӕды куы бацӕуа, ӕмӕ уый аххосӕй ӕппӕт адӕм дӕр азымджын куы фӕуой, уӕд Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат гал. 4Ӕрлӕууын ӕй кӕнӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур, Дунедарӕджы раз. Йӕ къух галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй аргӕвдӕд Дунедарӕджы раз. 5Уый фӕстӕ алчер галы тугӕй сисӕд, Фембӕлды Цатырмӕ йӕ бахӕссӕд 6ӕмӕ дзы йе’нгуылдзӕй Дунедарӕджы раз, Рухсмонуаты ӕмбӕрзӕны цур, авд хатты бапырх кӕнӕд. 7Фембӕлды Цатыры мидӕг Дунедарӕджы раз цы будсудзӕн нывондхӕссӕн ис, уымӕн дӕр йӕ сыкъатӕ галы тугӕй сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый иууылдӕр, Цатыры къӕсӕры раз цы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн ис, уый рӕбын акалӕд. 8Кусарты фиутӕ иууылдӕр фӕхицӕн кӕнӕд: хуылфыдзаумӕтты фиу, 9уыргтӕ ӕд фиу, ӕгъдты фиу, стӕй игӕры ӕфтуанхай. 10Фидыды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн куыд бакӕнынц, афтӕ сӕ ацы галӕн дӕр фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕныл басудзӕд. 11Кусарты царм, фыд, сӕр, къӕхтӕ, хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ тъӕнгты чъизитӕ — 12цы ма дзы баззайа, уыдон иууылдӕр рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уыцы сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд. Уым хъуамӕ сыгъд ӕрцӕуой. 13Израилы адӕм се’ппӕт дӕр, сӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бафиппайдтой, афтӕмӕй ӕнӕбары тӕригъӕды куы бацӕуой, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты куы ахизой, куы фӕазымджын уой 14ӕмӕ сын сӕ азым куы бацамындӕуа, уӕд тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕнт гал ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры раз ӕрлӕууын кӕнӕнт. 15Дунедарӕджы раз адӕмы хистӕртӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт, стӕй йӕ аргӕвдӕнт. 16Алчер галы туг Фембӕлды Цатырмӕ бахӕссӕд 17ӕмӕ дзы йе’нгуылдзӕй авд хатты бапырх кӕнӕд мидӕмбӕрзӕны цур, Дунедарӕджы раз. 18Фембӕлды Цатыры мидӕг цы нывондхӕссӕн ис Дунедарӕджы раз, уымӕн дзы йӕ сыкъатӕ сахорӕд. Тугӕй ма цы баззайа, уый та Цатыры къӕсӕры раз, иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 19Кусартӕн йӕ фиутӕ фӕхицӕн кӕнӕд ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд. 20Ацы галӕн дӕр, тӕригъӕды нывондӕн цы гал ӕрхӕссынц, уымӕн цы’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ бакӕнӕд. Афтӕмӕй алчер сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ сын уӕд уыдзӕни барст. 21Галӕн йӕ мард та рӕсӕнуатӕй хъӕуы рахӕссын ӕмӕ басудзын, алчерӕн йӕхи тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн цы галы ӕрхастӕуа, уымӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Уый у адӕмы тӕригъӕды тыххӕй хаст нывонд. 22Хицау тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не’мбӕлы, ахӕм исты куы сараза, куы фӕазымджын уа 23ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат цӕу. 24Йӕ къух цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, Дунедарӕджы раз иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уыцы ран аргӕвдӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд. 25Сауджын йе’нгуылдзыл тӕригъӕды нывонды тугӕй сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 26Кусартӕн йӕ нӕрдтӕ та нывондхӕссӕныл басудзӕд, фидыды нывонды нӕрдтӕ куыд басудзынц, афтӕ. Уыйадыл сауджын тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕндзӕн, ӕмӕ хицауӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. 27Адӕмӕй исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, куы фӕазымджын уа 28ӕмӕ йӕ азым куы сбӕрӕг уа, уӕд йӕ тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат сӕгъ. 29Тӕригъӕды нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд. 30Сауджын нывонды тугӕй йе’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 31Уый фӕстӕ сауджын кусарты нӕрдтӕ фӕхицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. 32Уыцы адӕймаг йӕ тӕригъӕды тыххӕй фыс куы хӕсса нывондӕн, уӕд ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс. 33Йӕ къух тӕригъӕды нывонды сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым аргӕвдӕд. 34Сауджын нывонды тугӕй йе’нгуылдзыл сисӕд ӕмӕ дзы иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахорӕд, иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалӕд. 35Уый фӕстӕ сауджын нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр рахицӕн кӕнӕд, фидыды нывондӕн куыд бакӕнынц, афтӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕджы номыл. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн.
Copyright information for
OssIBT2022