Leviticus 5
1Адӕймагӕн йӕ разы исты хабар ӕрцыди, йӕхи цӕстӕй цыдӕр федта ӕмӕ бӕлвырд исты зоны, фӕлӕ йӕхи ныхъхъус кодта, ӕвдисӕн нӕ ныллӕууыд ӕмӕ уымӕй тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, уӕд йӕ азымы тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта. 2Нӕ йӕ бафиппайдта, афтӕмӕй, ӕнӕсыгъдӕг цы у, ахӕмӕй истӕмӕ февнӕлдта, чъизи сырд, фос кӕнӕ хилӕгойы мардыл андзӕвыд — фӕчъизи ӕмӕ фӕазымджын уыдзӕн. 3Исчи адӕймаджы чъизитӕй истӕмӕ (цыфӕнды дӕр уӕд) ӕнӕрхъуыдыйӕ февнӕлдта ӕмӕ йӕ раздӕр нӕ бафиппайдта, фӕлӕ йӕ уый фӕстӕ бамбӕрста — азымджын уыдзӕн. 4Хорз ӕви ӕвзӕр хъуыддаджы тыххӕй уа, исчи ӕнӕрхъуыдыйӕ ард куы бахӕра, адӕм ӕнӕрхъуыдыйӕ ард куыд бахӕрынц, афтӕ ӕмӕ фыццаг, цы бакодта, уый куы не’мбара, фӕлӕ йӕм фӕстӕдӕр куы бахъара — азымджын уыдзӕн. 5Ацы хъуыддӕгтӕй искӕцыйы тыххӕй чи фӕазымджын уа, уый-иу йӕ тӕригъӕдыл басӕттӕд. 6Йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕнӕд фыс кӕнӕ сӕгъ. Сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау ӕмӕ йӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн йӕ тӕригъӕдӕй. 7Кӕд йӕ къух нӕ амона нывондӕн фыс ӕрхӕссын, уӕд та йӕ тӕригъӕды тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбахӕссӕд дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны, сӕ иу — тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ та — иууылсудзинаг нывондӕн. 8Сауджынмӕ сӕ раттӕд, ӕмӕ-иу уый раздӕр тӕригъӕды нывонд ӕрхӕссӕд. Сауджын маргъӕн йӕ къубал фездухӕд, фӕлӕ йын йӕ сӕр ма фӕхицӕн кӕнӕд. 9Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕны фарс бапырх кӕнӕд, цы ма дзы баззайа, уый та нывондхӕссӕны рӕбынмӕ ралӕдарӕд. Уый у тӕригъӕды нывонд. 10Дыккаг маргъы та сауджын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕссӕд. Афтӕмӕй сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. 11Кӕд йӕ къух нӕ амона дыууӕ ӕхсинӕджы кӕнӕ дыууӕ бӕдул бӕлоны нывондӕн ӕрхӕссын, уӕд тӕригъӕд сыгъдӕггӕнӕн нывондӕн ӕрбахӕссӕд хуын — мӕнӕуы ссад, ефӕйы дӕсӕймаг хай. Ӕрмӕст ыл уӕлейӕ оливӕйы сой ма ӕркӕнӕд ӕмӕ йыл буд ма сӕвӕрӕд, уымӕн ӕмӕ уый тӕригъӕды нывонд у. 12Ӕрбахӕссӕд ӕй сауджынмӕ, ӕмӕ дзы уый армыдзаг сисӕд, нывондхӕссӕныл ӕй басудзӕд Дунедарӕджы номыл, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. Уый у тӕригъӕды нывонд. 13Афтӕ сауджын сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. Хуынӕй ма цы баззайа, уый та, хойраджы хуынӕй цы баззайы, уыйау сауджыны хай у».Фиддоны нывӕндтӕ
14Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 15«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй. 16Уаз цы у, уымӕ фӕныхилгӕйӕ, цы зиан ӕрхаста, уымӕн йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд, ноджы ма йӕм йӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд, афтӕмӕй. Сауджын фыс фиддоны нывондӕн ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн йӕ тӕригъӕд барст ӕрцӕудзӕн. 17Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын. 18Ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йын йӕ аргъ сауджынӕн бафидӕд — фиддоны нывондӕн. Сауджын уыцы адӕймаджы тыххӕй сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, ӕнӕрхъуыдыйӕ цы сарӕзта, уый йын уыдзӕни барст. 19Уый у фиддоны нывонд, адӕймаг Дунедарӕджы раз кӕй фӕазымджын ис, уый тыххӕй».
Copyright information for
OssIBT2022