Leviticus 6
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Дунедарӕджы раз, исты фыдракӕнд саразгӕйӕ, тӕригъӕды чи бацӕуа: йӕ бӕрны йын кӕй бакодтой кӕнӕ йӕм бавӕрынмӕ кӕй радтой, науӕд давгӕ кӕй акодта, ахӕм истӕмӕй, нӕ федтон, зӕгъгӕ, чи ныллӕууа; искӕмӕй исты чи байса, 3искӕй сӕфт дзаума чи ссара ӕмӕ йыл чи нӕ басӕтта — адӕм тӕригъӕды цӕй тыххӕй бацӕуынц, уыцы хъуыддӕгтӕй исты чи сараза ӕмӕ ма ноджы, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, мӕнг сомы чи ракӕна, — 4уыцы адӕймаг, тӕригъӕды кӕй бацыд ӕмӕ азымджын кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ уал раздӕр фӕстӕмӕ раттӕд, цы адавта кӕнӕ цы байста, бавӕрынмӕ цы райста кӕнӕ цы сӕфт дзаума ссардта, уый, 5— мӕнг сомы цӕйдӕриддӕр тыххӕй ракодта, уыдон иууылдӕр. Фиддоны нывонд ӕрхӕссыны бон фӕстӕмӕ алцыдӕр хицауӕн раттӕд ӕмӕ ма сӕм сӕ аргъы фӕндзӕм хай бафтауӕд. 6Йӕ азымы тыххӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн; аргъонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй. 7Сауджын Дунедарӕджы раз сӕххӕст кӕндзӕн тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау, ӕмӕ, цӕмӕйдӕриддӕр фӕазымджын ис, уыдон ын уыдзысты барст».Иууылсудзинаг нывӕндтӕ
8Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн зӕгъа: 9«Мӕнӕ иууылсудзинаг нывонд хӕссыны ӕгъдау: иууылсудзинаг нывонд-иу ӕхсӕв-бонмӕ баззайӕд нывондхӕссӕныл, кӕм ӕй басыгътой, уым. Нывондхӕссӕныл иудадзыг судзӕд арт. 10Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд. 11Уый фӕстӕ йӕ дарӕс раивӕд ӕмӕ фӕнык рӕсӕнуатӕй сыгъдӕг ранмӕ ахӕссӕд. 12Нывондхӕссӕны арт хъуамӕ ӕдзухдӕр судзгӕ кӕна, макуы ахуысса. Сауджын-иу ыл ӕрвылрайсом суг бафтауӕд, равӕрӕд-иу иууылсудзинаг нывонды уӕнгтӕ ӕмӕ-иу уыдонимӕ фидыды нывӕндтӕн дӕр сӕ нӕрдтӕ басудзӕд. 13Нывондхӕссӕны арт ӕдзухдӕр судзӕд, макуы ахуыссӕд.Хойраджы хуынтӕ
14Мӕнӕ хойраджы хуынтӕ хӕссыны ӕгъдау: Аароны фырттӕ-иу сӕ хъуамӕ ӕрбахӕссой Дунедарӕджы размӕ, нывондхӕссӕны цурмӕ. 15Сауджын-иу хойраджы хуыны сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй йӕ армыдзаг сисӕд, стӕй, йӕ сӕрыл цы буд ӕвӕрд ис, уый иууылдӕр, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хуын иууылдӕр Дунедарӕджы кӕй у, уый нысанӕн. 16Хуынӕй ма цы ссад баззайа, уый та бахӕрӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ. Хӕрын ӕй ӕмбӕлы донгонд дзулты хуызы, уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты. 17Ӕнхъизӕн кӕнӕн ыл нӕй. Уый сын Ӕз хай кӕнын Мӕ номыл хаст нывӕндтӕй. Хойраджы хуын дӕр тӕригъӕды ӕмӕ фиддоны нывӕндтау иууылсыгъдӕг у. 18Аароны байзӕддӕгтӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уыцы хайӕ хӕрын ӕмбӕлы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы хай Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Цыдӕриддӕр сыл бандзӕва, уый суыдзӕни уаз». 19Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 20«Мӕнӕ, Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сӕ байсӕрдыны бонӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕрвылбон цы хуын хӕссын ӕмбӕлы, уый: ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссад — ефӕйы дӕсӕймаг хай, йӕ иу ӕмбис — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй. 21Уыцы ссадӕй, оливӕйы соимӕ хӕрзызмӕст куыд уа, афтӕмӕй алгъацы лауаситӕ афыцӕнт, асӕстытӕ сӕ кӕнӕнт ӕмӕ сӕ басудзӕнт — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 22Аароны байзӕддӕгтӕй, Аароны бынатмӕ кӕй байсӕрдой, уыцы сауджынтӕй алчидӕр афтӕ кӕнӕд. Уый у мыггагӕмӕйы уагӕвӕрд — хойраг хъуамӕ иууылдӕр сыгъд ӕрцӕуа Дунедарӕджы номыл. 23Сауджын цы хойраджы хуын ӕрбахӕссы, уый иууылдӕр басудзын хъӕуы, хӕрын дзы не’мбӕлы».Тӕригъӕды нывӕндтӕ
24Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн зӕгъа: 25«Мӕнӕ тӕригъӕды нывонд хӕссыны ӕгъдау: тӕригъӕды нывонд аргӕвдын хъӕуы Дунедарӕджы раз, иууылсудзинӕгтӕ кӕм фергӕвдынц, уым. Ацы нывонд у иууылсыгъдӕг. 26Тӕригъӕды нывонд чи ӕрхаста, уыцы сауджын дзы хъуамӕ бахӕра, хӕрын та дзы хъӕуы уаз бынаты — Фембӕлды Цатыры кӕрты. 27Нывондаджы фыдыл цыдӕриддӕр андзӕва, уый суыдзӕни уаз, йӕ тугӕй дарӕсыл куы бакӕла, уӕд ӕй ныхсын хъӕудзӕни уаз бынаты. 28Дзидза цы дурын мигӕнӕны сфыца, уый хъӕудзӕн асӕттын. Кӕд ӕрхуы мигӕнӕны сфыца, уӕд та йӕ хъӕудзӕн ныххафын ӕмӕ донӕй ныхсын. 29Уыцы дзидза сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр хӕрын ӕмбӕлы. Уый у иууылсыгъдӕг нывонд. 30Фӕлӕ тӕригъӕды нывонды фыд, йӕ туг Фембӕлды Цатырмӕ кӕмӕн ӕрбахӕссынц — тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау Уаз Цӕрӕны сӕххӕст кӕнынӕн, — уый та хӕрӕн нӕй, басудзын ӕй хъӕуы.
Copyright information for
OssIBT2022