‏ Leviticus 7

Фиддоны нывӕндтӕ

1Мӕнӕ, иууылуаз чи у, уыцы фиддоны нывонд хӕссыны ӕгъдау.

2Фиддоны нывонд дӕр ӕргӕвдын хъӕуы, иууылсудзинаджы кӕм фергӕвдынц, уым. Йӕ тугӕй йын нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кӕнын хъӕуы. 3Нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр ӕрбахӕссын хъӕуы: дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу, 4уыргтӕ ӕд фиу, ӕгъдты фиу ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай. 5Сауджын сӕ нывондхӕссӕныл басудзӕд Дунедарӕгӕн арты нывондӕн. Уый у фиддоны нывонд. 6Йӕ дзидза йын хӕрын ӕмбӕлы сауджынты мыггаджы нӕлгоймӕгтӕй алкӕмӕн дӕр, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр уаз бынаты: уый у иууылуаз.

7Фиддоны нывондӕн дӕр ис тӕригъӕды нывонды фӕтк: фиддоны нывонд у, тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай. 8Сауджын искӕй тыххӕй иууылсудзинаг нывонд куы ӕрхӕсса, уӕд нывондӕн йӕ царм дӕр у сауджыны хай. 9Хойраджы хуынтӕй алкӕцыдӕр — пецы фых ӕрцӕуа, къуырф тебӕйы ӕви алгъацы, — нывонд ӕрхӕссыны фӕтк чи сӕххӕст кодта, уыцы сауджыны хай у. 10Алы хойраджы хуын дӕр — сойамӕст уа ӕви хус — Аароны ӕппӕт байзӕддӕгтӕм хауы. Хъуамӕ сӕм дзы ӕрхауа ӕмхуызон хӕйттӕ.

Фидыды нывӕндтӕ

11Мӕнӕ Дунедарӕгӕн фидыды нывонд хӕссыны ӕгъдау. 12Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ. 13Фидыды нывондимӕ ӕрбахӕссӕд ӕнхъызт хыссӕйӕ конд тӕнджытӕ дӕр. 14Кӕрдзынтӕн сӕ алы хуызӕй дӕр фӕйнӕ иуы Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнӕд: фидыды нывонды туг цы сауджын бапырх кӕны, уый хай сты уыдон. 15Бузныджы охыл цы фидыды нывонд ӕрхӕссой, уымӕн йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы нывонд ӕрхӕссыны бон, райсоммӕ уадзын дзы не’мбӕлы.

16Сомыйы фӕдыл кӕнӕ бархийӕ цы нывонд ӕрхӕссой, уымӕн та йӕ дзидза бахӕрын хъӕуы йе’рхӕссыны бон, цы ма дзы баззайа, уый та — дыккаг бон. 17Фӕлӕ нывонды дзидзайӕ ӕртыккаг бонмӕ цы баззайа, уый хъӕуы басудзын. 18Ӕртыккаг бон ма фидыды нывондӕй чи бахӕра, уымӕн йӕ нывонд Хуыцауӕн ӕхцон нӕ уыдзӕн, нӕ йын ӕй айсдзӕн. Уыцы дзидза ӕлгъаг у, ӕмӕ дзы чи бахӕра, уый йӕ тӕригъӕдӕн дзуапп ратдзӕн.

19Дзидза исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы андзӕва, уӕд ӕй хӕрӕн нӕй, арты сыгъд ӕрцӕуӕд. Сыгъдӕг дзидзайӕ та, сыгъдӕг чи уа, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис. 20Фӕлӕ исчи фечъизи ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй бахордта, зӕгъгӕ, — адӕмы’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн. 21Исчи исты ӕнӕсыгъдӕгыл куы бандзӕва — адӕймаджы кӕнӕ фосы чъизитыл, йе та исты ӕлгъаг фӕлдисондыл, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕгӕн хаст фидыды нывондӕй куы бахӕра, уӕд уый дӕр йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».

Хуыцау фиутӕ ӕмӕ туг хӕрын нӕ уадзы

22Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 23«Мадӕр стуры фиу хӕрут, мадӕр — фыстӕ ӕмӕ сӕгъты фиу. 24Хӕдмӕл фосы нӕрдтӕй, стӕй, сырдтӕ кӕй ныттоной, уыцы фосӕн сӕ нӕрдтӕй пайдагӕнӕн ис, фӕлӕ дзы хӕрӕн нӕй. 25Дунедарӕгӕн арты нывондӕн кӕй хастӕуа, уыцы фосы фиуӕй чидӕриддӕр бахӕра, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.

26Кӕмдӕриддӕр цӕрат, уым тугӕй ма фӕхъӕстӕ ут: нӕдӕр мӕргъты тугӕй, нӕдӕр фосы тугӕй. 27Тугӕй чидӕриддӕр фӕхъӕстӕ уа, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».

Сауджынты хай

28Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй израилӕгтӕн зӕгъа: 29«Дунедарӕгӕн фидыды нывонд чи хӕсса, уый дзы хъуамӕ Дунедарӕгӕн хай скӕна. 30Дунедарӕгӕн хъуамӕ арты нывонд ӕрхӕсса йӕхи къухӕй: кусарты фиу ӕмӕ кӕразимаг ӕрбахӕссӕд ӕмӕ Дунедарӕджы раз кӕразимаг хӕрдмӕ сисӕд. 31Сауджын нывондхӕссӕныл фиу басудзӕд, кӕразимаг та у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай. 32Уӕ фидыды нывӕндтӕй-иу сауджынӕн рахицӕн кӕнут рахиз сгуы дӕр. 33Аароны байзӕддӕгтӕй фидыды нывонды туг ӕмӕ фиу нывондхӕссӕныл чи ӕвӕра, уый хай у уыцы сгуы. 34Уымӕн ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн сӕ фидыды нывӕндтӕй райстон, хӕрдмӕ кӕй систӕуы, уыцы кӕразимаг, стӕй рахиз сгуы ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уый сын у мыггагмӕйы хай израилӕгтӕй».

35Ахӕм у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай Дунедарӕджы номыл хаст нывӕндтӕй, Дунедарӕджы сауджынтӕ куы систы, уӕдӕй фӕстӕмӕ. 36Дунедарӕг сӕ куы байсӕрста, уыцы бон израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын уыцы хай дӕттой. Уый сын уыдзӕни мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

37Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ. 38Дунедарӕг сӕ Моисейӕн радта ӕдзӕрӕг быдыры, Синайы хохыл, Израилы адӕмӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссын куы бафӕдзӕхста, уӕд.
Copyright information for OssIBT2022