‏ Leviticus 8

Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ систы сауджынтӕ

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд. 3Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕппӕт адӕмы ӕрӕмбырд кӕн».

4Моисей, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта, ӕмӕ Израилы адӕм Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз ӕрӕмбырд сты. 5Моисей сын загъта: «Дунедарӕг мын бафӕдзӕхста мӕнӕ афтӕ бакӕнын». 6Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта ӕмӕ сӕ доны цынадта. 7Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста. 8Ноджы ма йыл бакодта риуылдарӕн, уый уӕлӕ — урим ӕмӕ туммим. 9Йӕ сӕрыл ын ӕркодта сарыхъ ӕмӕ йыл разӕй сӕвӕрдта сыгъзӕрин цъарӕг — уаз кады худ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

10Моисей райста сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр, стӕй, цыдӕриддӕр дзы уыдис, уыдон. Афтӕмӕй сӕ срухс скодта. 11Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна. 12Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.

13Уый фӕстӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта, хӕдӕттӕ сыл скодта, рӕттӕ сыл ӕрбабаста ӕмӕ сыл ӕркодта сарыхътӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

14Моисей тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакодта гал. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрдтой. 15Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын йе’нгуылдзыл систа ӕмӕ дзы нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста, цӕмӕй нывондхӕссӕн срухс кӕна. Иннӕ туг иууылдӕр нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. Афтӕмӕй, тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау сӕххӕст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кодта. 16Уый фӕстӕ Моисей хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр, стӕй игӕры ӕфтуанхай ӕмӕ уыргтӕ ӕд фиу нывондхӕссӕныл басыгъта. 17Галӕй ма цы баззади, уыдон та — цармӕй, фыдӕй, хуылфыдзаумайӕ — рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

18Моисей иууылсудзинаг нывондӕн ӕрбакодта фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой. 19Моисей йӕ аргӕвста ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кодта. 20Кусарт суӕнгтӕ кодта ӕмӕ йын йӕ уӕнгтӕ сӕр ӕмӕ фиуимӕ басыгъта. 21Уый фӕстӕ йын Моисей йӕ хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ доны ныхсадта ӕмӕ уыдон дӕр нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый уыди иууылсудзинаг нывонд, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, арты нывонд, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

22Сауджын суӕвыны нывондӕн Моисей ӕрбакодта ӕндӕр фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой. 23Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын райста ӕмӕ дзы Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз ацахуырста. 24Уый фӕстӕ ӕрбахуыдта Аароны фыртты ӕмӕ уыдонӕн дӕр сӕ рахиз хъусты кӕрӕттӕ, сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ацахуырста, стӕй нывондхӕссӕн алырдыгӕй тугӕй бапырх кодта. 25Моисей райста кусартӕн йӕ дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу ӕмӕ рахиз сгуы. 26Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд уыди, уымӕй иу донгонд дзул, иу сойыфых ӕмӕ иу лауаси райста, фиутӕ ӕмӕ рахиз сгуыйы сӕрыл сӕ сӕвӕрдта. 27Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм радта ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кодта. 28Уый фӕстӕ сӕ райста ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Уый у сауджын суӕвыны нывонд, ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.

29Моисей райста фыры кӕразимаг ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ систа. Уый уыди Моисейы хай, сауджынлӕггадӕн ӕй снывонд кӕнынӕн цы нывонд ӕрхастӕуыди, уымӕй, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 30Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.

31Моисей Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз дзидза сфыцут ӕмӕ дзы уым, сауджын суӕвыны нывонды хуынӕй чыргъӕды цы дзул ис, уыимӕ бахӕрут, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ бахӕрӕнт. 32Дзидза ӕмӕ дзулӕй цы баззайа, уый-иу арты басудзут. 33Авд боны дӕргъы Фембӕлды Цатыры къӕсӕрӕй иуварс ма ацӕут, цалынмӕ сауджынлӕггадӕн уӕ снывонд кӕныны бонтӕ нӕ сӕххӕст уой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ахӕсса авд боны. 34Абон цы сарӕзтӕуыд, уый уыди Дунедарӕджы фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой. 35Авд боны дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз лӕуут ӕмӕ уын Дунедарӕг уӕ бӕрны цы бакодта, уый ӕххӕст кӕнут, науӕд амӕлдзыстут. Афтӕ мын бафӕдзӕхстӕуыд».

36Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕххӕст кодтой, Дунедарӕг сын Моисейы уылты цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ.
Copyright information for OssIBT2022