‏ Leviticus 9

Аарон ӕмӕ йӕ фыртты фыццаг нывӕндтӕ

1Ӕстӕм бон Моисей басидт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм. 2Ааронӕн загъта: «Дунедарӕджы размӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕн род, иууылсудзинагӕн та — фыр. Сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. Дунедарӕджы раз сӕ ӕрлӕууын кӕн. 3Израилӕгтӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакӕной цӕу, иууылсудзинагӕн та — афӕдздзыд уӕныг ӕмӕ фыргуист, сӕ дыууӕ дӕр хъуамӕ уой ӕнӕсахъат. 4Фидыды нывондӕн та гал ӕмӕ фыр ӕрбакӕнӕнт, цӕмӕй сӕ Дунедарӕджы раз нывондӕн ӕрхӕссой. Ноджы ма ӕрбахӕссӕнт сойамӕст хойраджы хуын. Дунедарӕг уӕм раргом уыдзӕн абон».

5Израилӕгтӕ, Моисей сын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Фембӕлды Цатыры цурмӕ сӕмбӕлын кодтой. Адӕм се’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты. 6Моисей загъта: «Мӕнӕ уын цы бафӕдзӕхста Дунедарӕг, цӕмӕй уӕм Йӕ кад раргом уа, уый тыххӕй». 7Ааронӕн та Моисей загъта: «Нывондхӕссӕны размӕ бацу ӕмӕ дӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывонд ӕмӕ иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕсс, цӕмӕй барст ӕрцӕуой дӕхи тӕригъӕдтӕ ӕмӕ адӕмы тӕригъӕдтӕ. Адӕмы номӕй ӕрбахӕсс хуын, цӕмӕй сӕххӕст кӕнай адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау, Дунедарӕг куыд бафӕдзӕхста, афтӕ».

8Аарон нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ йӕхи тыххӕй тӕригъӕды нывондӕн аргӕвста уӕныг. 9Йӕ фырттӕ йӕм нывонды туг балӕвӕрдтой. Уый дзы йе’нгуылдз стылдта ӕмӕ нывондхӕссӕны сыкъатӕ сахуырста. Тугӕй ма цы баззад, уый та нывондхӕссӕны рӕбын акалдта. 10Тӕригъӕды нывонды фиу, йӕ уыргтӕ ӕмӕ игӕры ӕфтуанхай нывондхӕссӕныл басыгъта, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 11Йӕ фыд ӕмӕ йӕ царм та йын рӕсӕнуаты ӕдде басыгъта.

12Аарон аргӕвста иууылсудзинаг нывонд. Йӕ фырттӕ йӕм балӕвӕрдтой нывонды туг, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта. 13Иууылсудзинаджы уӕнгтӕ ӕмӕ сӕр ӕм балӕвӕрдтой, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. 14Аарон хуылфыдзаумӕттӕ ӕмӕ къӕхтӕ ныхсадта ӕмӕ сӕ иууылсудзинагимӕ нывондхӕссӕныл басыгъта.

15Уый фӕстӕ Аарон ӕрхаста нывӕндтӕ адӕмы тыххӕй. Адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны тыххӕй аргӕвста цӕу ӕмӕ йӕ тӕригъӕды нывондӕн ӕрхаста, уымӕй размӕ куыд бакодта, афтӕ. 16Уый фӕстӕ уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ ӕрхаста иууылсудзинаг нывонд. 17Ноджы ма ӕрбахаста хойраджы хуын. Йӕ армы дзы систа ӕмӕ ма, сӕумӕрайсомы иууылсудзинагӕй уӕлдай, нывондхӕссӕныл уый дӕр басыгъта.

18Уый фӕстӕ Аарон адӕмы номӕй фидыды нывондӕн аргӕвста гал ӕмӕ фыр. Йӕ фырттӕ йӕм кусӕртты туг балӕвӕрдтой, ӕмӕ дзы уый нывондхӕссӕн алырдыгӕй бапырх кодта. 19Дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу, стӕй уыргты фиу ӕмӕ игӕрты ӕфтуанхӕйттӕ 20кӕразимӕгтыл сӕвӕрдта ӕмӕ фиутӕ нывондхӕссӕныл басыгъта, 21кӕразимӕгтӕ ӕмӕ рахиз сгуы та хӕрдмӕ систа Дунедарӕджы раз, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

22Аарон нывӕндтӕ куы ӕрхаста — тӕригъӕды нывонд, иууылсудзинаг ӕмӕ фидыды нывонд — уӕд йӕ къухтӕ хӕрдмӕ систа ӕмӕ адӕмӕн арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ дӕлӕмӕ ӕрцыди. 23Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ. Фӕстӕмӕ куы рацыдысты, уӕд адӕмӕн арфӕ ракодтой, ӕмӕ ӕппӕт адӕммӕ Дунедарӕджы кад раргом ис. 24Дунедарӕджы цурӕй арт рацыди ӕмӕ басыгъта, нывондхӕссӕныл цы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фиутӕ уыди, уыдон. Уый фенгӕйӕ, адӕм се’ппӕт дӕр цины хъӕр ныккодтой ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.
Copyright information for OssIBT2022