Nehemiah 1
1– 2Хакалиайы фырт Неемиа загъта. Кислевы мӕйы, Артаксеркс ссӕдзӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд, ӕз уыдтӕн Шушаны сахары фидары, ӕмӕ мӕм ме’фсымӕртӕй иу, Ханани, цалдӕр иудейагимӕ’рбацыди. Ӕз сӕ бафарстон, уацары чи нӕ уыди, уыцы иудейӕгтӕй ма ӕгас чи уыди, уыдоны, стӕй Йерусалимы тыххӕй. 3Уыдон мын загътой, уацары чи нӕ бахауди, уыдон, дам, уым, сӕ бӕстӕйы, удӕгас бӕргӕ сты, фӕлӕ сӕ фыр ӕдзӕллаг ӕмӕ ӕгадӕй арвмӕ асинтӕ ӕвӕрынц; Йерусалимы къул дӕрӕнгонд ӕрцыди, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты. 4Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, ӕз сбадтӕн ӕмӕ ныккуыдтон, цалдӕр боны хъынцъым кодтон, ком дардтон ӕмӕ куывтон уӕларвон Хуыцаумӕ: 5Дунедарӕг, уӕларвон Хуыцау, цытджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, фидыд зӕрдыл дарӕг, чи Йӕ уарзы ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн фарн дӕттӕг Хуыцау! 6Байхъус мӕм лӕмбынӕг, Дӕ цӕстытӕй мӕм ӕркӕс ӕмӕ мын айс мӕ куывд! Бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр Дӕумӕ у ме скаст, ӕмӕ саккаг кӕн: батӕригъӕд кӕн израилӕгтӕн, ныххатыр нын кӕн, ӕз дӕр ӕмӕ мӕ фыды хӕдзар дӕр Дӕ разы цы тӕригъӕдты бацыдыстӕм, уыдон! 7Мах тӕригъӕд ракодтам Дӕ разы ӕмӕ, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕ, уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ не’ххӕст кодтам. 8– 9Фӕлӕ ма Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, Дӕ цагъар Моисейӕн кӕй загътай, уыцы ныхас — гадзрахатӕй, дам, куы рацӕуат Мӕныл, уӕд уӕ Ӕз ныххӕлиу кӕндзынӕн адӕмты’хсӕн; кӕд ӕмӕ Мӕм фӕстӕмӕ раздӕхат ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ уӕ зӕрдыл дарат ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уӕ арвы кӕрӕттӕй дӕр иумӕ ӕрбамбырд кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ Ме’взӕрст бынатмӕ ӕркӕндзынӕн, цӕмӕй дзы Мӕ ном ӕрцӕра. 10Дӕ цагъартӕ ӕмӕ Дӕ адӕм куы сты, Де стыр хъару ӕмӕ Дӕ хъомысджын къухы фӕрцы кӕй фервӕзын кодтай, уыдон! 11Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)
Copyright information for
OssIBT2022