Nehemiah 10
1Мыхуыртӕ сӕвӕрдтой: Хакалиайы фырт Неемиа, бӕстыхицау, ӕмӕ Цедекиа; 2Серай, Азариа, Йеремиа, 3Пашхур, Амариа, Малкиа, 4Хаттуш, Шеваниа, Маллух, 5Харим, Меремот, Овадиа, 6Даниил, Гинетон, Барух, 7Мешуллам, Авийа, Миамин, 8Маазиа, Билгай, Шемайа. 9Левиттӕ: Азаниайы фырт Йешуа; Хенадады байзӕддӕгтӕй: Биннуй, Кадмиел; 10се’фсымӕртӕ Шеваниа, Ходиа, Келита, Пелаиа, Ханан, 11Миха, Рехов, Хашавиа, 12Заккур, Шеревиа, Шеваниа, 13Ходиа, Бани, Бенину. 14Адӕмы хистӕртӕ: Парош, Пахат-Моав, Елам, Затту, Бани, 15Бунни, Азгад, Бева, 16Адониа, Бигвай, Адин, 17Атер, Езекиа, Азур, 18Ходиа, Хашум, Бецай, 19Хариф, Анатот, Невай, 20Магпиаш, Мешуллам, Хезир, 21Мешезавел, Цадок, Йадуа, 22Пелатиа, Ханан, Анайа, 23Осиа, Хананиа, Хашшув, 24Халлохеш, Пилха, Шовек, 25Рехум, Хашавна, Маасеа, 26Ахийа, Ханан, Анан, 27Маллух, Харим, Баана. 28Иннӕ адӕм: сауджынтӕ, левиттӕ, дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ, Кувӕндоны кусджытӕ — ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй чи фӕхицӕн ӕмӕ Хуыцауы Ӕгъдау чидӕриддӕр райста, уыдон ӕд устытӕ ӕмӕ, сӕ цотӕй ӕмбарынхъом чи уыди, уыцы лӕппутӕ ӕмӕ чызджытимӕ. 29Иууылдӕр израилӕгты дзырддзӕугӕдӕрты фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты. Ард бахордтой ӕмӕ сомы ракодтой, Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Хуыцауы цагъар Моисейы къухӕй лӕвӕрд чи у, уымӕ гӕсгӕ кӕй цӕрдзысты, Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, Йе’гъдӕуттӕ ӕмӕ амындтытӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй ӕххӕст кӕндзысты; 30сӕ чызджыты ӕцӕгӕлон адӕмтӕм моймӕ кӕй нӕ дӕтдзысты ӕмӕ сын сӕ чызджыты та сӕ фырттӕн кӕй нӕ курдзысты; 31ӕцӕгӕлон адӕмтӕ исты уӕй кӕнынмӕ ӕрбаластой сабаты, зӕгъгӕ, уӕд сын дзы сабаты дӕр ӕмӕ бӕрӕгбоны дӕр кӕй не’лхӕндзысты; цыфӕнды хӕс ма уӕд, ӕвдӕм аз-иу ӕй сӕ хӕсджынӕн кӕй ныббардзысты, стӕй ма — ӕвдӕм аз зӕххӕн улӕфыны фадат кӕй дӕтдзысты, уый тыххӕй. 32Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын: 33ӕрвылбоны хойраджы хуынтӕн ӕмӕ ӕрвылбоны иууылсудзинӕгтӕн; сабӕттӕн; мӕйногтӕн; бӕрӕгбӕттӕн; Кувӕндоны уаз дзауматӕн; Израилы йӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕныны тыххӕй нывондӕгтӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уыдӕттӕн. 34Сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ дзыллӕ хӕлттӕ сӕппӕрстой, нысангонд рӕстӕгмӕ нӕ хӕдзарвӕндӕгтӕй суг кӕцы хъуамӕ ӕрбаласа нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ, уый тыххӕй, цӕмӕй, Ӕгъдауы куыд фыст ис, афтӕ, арт судза Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, нывондхӕссӕныл. 35Нӕхицӕн фӕткыл банымадтам алы аз дӕр нӕ хуымты бӕркад ӕмӕ дыргъы сӕртӕй Дунедарӕджы хӕдзармӕ хӕссын. 36Ноджы ма нӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггадгӕнӕг сауджынты къухмӕ хъуамӕ, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, раттӕм нӕ хистӕр фыртты, стӕй нӕ стурвос ӕмӕ фысвосы сӕртӕ. 37Нӕ хоры фыццаг ссадӕй хуын, нӕ дыргътӕй, нӕ сӕн ӕмӕ сойӕ сауджынтӕн сӕ хай хӕсдзыстӕм, нӕ Хуыцауы хӕдзары цур цы къӕбицтӕ ис, уырдӕм. Нӕ зӕххы бӕркады дӕсӕймаг хай та — левиттӕн. Левитты уыдзӕн нӕ тыллӕджы дӕсӕймаг хай, нӕ сахартӕй зӕххы куыст кӕмдӕриддӕр чындӕуы, уым. 38Цы дӕсӕймаг хай сын ӕмбӕлы, уый куы исой левиттӕ, уӕд сӕ разы лӕудзӕни сауджын, Аароны байзӕддаг, сӕ дӕсӕймаг хайы дӕсӕймаг хай левиттӕ нӕ Хуыцауы галуанмӕ, къӕбицы уӕттӕм куыд ласой, афтӕ. 39Уымӕн ӕмӕ уыцы уӕттӕм израилӕгты ӕмрӕнхъ левиттӕ дӕр хъуамӕ хӕссой хуынтӕ: дзул, сӕн ӕмӕ сой. Уым сты кувӕн мигӕнӕнтӕ, лӕггадгӕнӕг сауджынтӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ дӕр. Мах нӕ Хуыцауы хӕдзар нӕ ныууадздзыстӕм.
Copyright information for
OssIBT2022