Nehemiah 11
1Адӕмы хицӕуттӕ ӕрцардысты Йерусалимы, иннӕ адӕм та хӕлттӕ сӕппӕрстой, цӕмӕй дӕс адӕймагӕй иу Йерусалимы уаз сахармӕ цӕрынмӕ ацӕуа, фарастӕй та иннӕ сахарты баззайой. 2Адӕм арфӕ ракодтой, барвӕндӕй Йерусалимы ӕрцӕрыныл чи сразы ис, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр. 3Йерусалимы ӕрцардысты бӕстӕйы хицӕуттӕ, Иудейы сахарты та: израилӕгтӕ, сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ, алчи — йӕхи зӕххы хайыл. 4Йерусалимы цардысты Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгтӕ. Иудӕйы цотӕй: Атаиа, Узийайы фырт, Захариайы фырт, Амариайы фырт, Шефатийы фырт, Махалаелы фырт, Парецы байзӕддӕгтӕй, 5ӕмӕ Маасеа, Барухы фырт, Кол-Хозейы фырт, Хазаиайы фырт, Адайайы фырт, Иоаривы фырт, Захариайы фырт, Шелайы фырт. 6Парецы байзӕддӕгтӕй Йерусалимы ӕдӕппӕтӕй царди цыппарсӕдӕ ӕхсай аст нымад адӕймаджы. 7Бениамины байзӕддӕгтӕ: Саллу, Мешулламы фырт, Иоеды фырт, Педаиайы фырт, Колайы фырт, Маасеайы фырт, Итиелы фырт, Йесаиайы фырт, 8Йӕ фӕстӕ та — Габбай ӕмӕ Саллай. Ӕдӕппӕтӕй — фарастсӕдӕ дыууын аст. 9Зихрийы фырт Иоел сын уыди хицау, Сенуайы фырт Иудӕ та уыди сахары дыккаг адӕймаг. 10Сауджынтӕ: Иедайа, Иоаривы фырт, Йахин, 11Серай, Хилкиайы фырт, Мешулламы фырт, Цадокы фырт, Мерайоты фырт, Ахитувы фырт, хицауиуӕг кодта Хуыцауы галуаны, 12ӕмӕ се’фсымӕртӕ, Хуыцауы галуаны кусджытӕ. Ӕдӕппӕтӕй — астсӕдӕ дыууын дыууӕ; Адайа, Йерохамы фырт, Пелалиайы фырт, Амцийы фырт, Захариайы фырт, Пашхуры фырт, Малкиайы фырт 13ӕмӕ йе’фсымӕртӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй — дыууӕсӕдӕ цыппор дыууӕ; ӕмӕ Амашсай, Азарелы фырт, Ахзайы фырт, Мешиллемоты фырт, Иммеры фырт, 14ӕмӕ йе’фсымӕртӕ. Ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ дыууын аст, ахъаззаджы адӕймӕгтӕ. Хицау сын уыди Хагдолимы фырт Забдиел. 15Левиттӕй: Шемайа, Хашшувы фырт, Азрикамы фырт, Хашавиайы фырт, Буннийы фырт, 16ӕмӕ Шабтай ӕмӕ Йозавад — Хуыцауы хӕдзары ӕдде цы хъуыддӕгтӕ уыди, уыдон ӕххӕстгӕнӕг левитты хистӕртӕй, 17ӕмӕ Маттаниа, Михайы фырт, Завдийы фырты фырт, Асафы фыртӕн йӕ фырты фырт, кувыны рӕстӕг сӕйраг куывдамонӕг; йӕ фӕстӕ йе’фсымӕртӕй дыккаг зарӕггӕнӕг — Бакбукиа, стӕй Авда, Шаммуайы фырт, Галалы фырты фырты, Йедутуны фыртӕн йӕ фырты фырт. 18Сыгъдӕг сахары левиттӕй ӕдӕппӕт уыди дыууӕсӕдӕ ӕстай цыппар. 19Дуаргӕстӕ: Аккув, Талмон ӕмӕ се’фсымӕртӕ, хъахъхъӕдтой кулдуӕрттӕ. Уыдысты сӕдӕ ӕвдай дыууӕ. 20Иннӕ израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ цардысты Иудейы ӕппӕт сахарты, алчи — йӕхи зӕххы хайыл. 21Кувӕндоны кусджытӕ та цардысты Офелы. Сӕ хистӕртӕ уыдысты Циха ӕмӕ Гишпа. 22Йерусалимы левитты хистӕр уыди Уззи, Банийы фырт, Хашавиайы фырт, Маттаниайы фырт, Михайы фырт. Уый уыдис Асафы байзӕддаг, уазлӕггады рӕстӕг Хуыцауы хӕдзары заргӕ чи кодта, уыдоны мыггагӕй. 23Уыдонӕн ӕмӕ зарӕггӕнджытӕн, паддзахы сӕрмагонд фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, алы бон дӕр ӕмбӕлди бӕрӕг хардз. 24Петахиа, Мешезабелы фырт, Иудӕйы фырт Зарахы байзӕддӕгтӕй иу, паддзахы ӕууӕнчы лӕг уыдис ӕмӕ адӕмимӕ баст алы хъуыддӕгтӕ йӕ бӕрны уыдысты. 25Хъӕуты чи царди, сӕ быдырты, уыдонӕй Иудӕйы фырттӕ цардысты Кирйат-Арба ӕмӕ йӕ дӕлбар сахарты, Дивон ӕмӕ йӕ дӕлбар сахарты, Иекавцел ӕмӕ йӕ хъӕуты, 26Иешуайы, Моладайы ӕмӕ Бет-Пелеты, 27Хацар-Шуалы, Беер-Шевӕйы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты, 28Циклагы, Мехонайы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты, 29Ен-Риммоны, Цорайы ӕмӕ Йармуты, 30Заноахы, Адулламы ӕмӕ сӕ алыварс хъӕуты, Лахишы ӕмӕ йӕ алывӕрсты, Азекайы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты ӕрбынат кодтой Беер-Шевӕйӕ Хинномы дӕлвӕзы онг. 31Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты, 32Анатоты, Новы, Ананиайы, 33Хацоры, Рамайы, Гитаимы, 34Хадиды, Цевоимы, Неваллаты, 35Лоды, Онойы, Харашимы дӕлвӕзы. 36Иудӕйы зӕххы цӕрӕг левиттӕн сӕ иу хай цӕрынмӕ ӕрвыст ӕрцыдысты Бениамины зӕххытӕм.
Copyright information for
OssIBT2022