Nehemiah 2
1– 2Уый уыд Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азы, нисаны мӕйы. Паддзахы раз сӕн уыди. Ӕз дзы кӕхцы ӕркодтон ӕмӕ йӕм ӕй балӕвӕрдтон. Паддзах мӕ уымӕй размӕ ӕнкъардӕй никуы федта, ӕмӕ мын загъта: «Цӕуыл ӕнкъард дӕ? Рынчын нӕ дӕ, уый бӕрӕг у, фӕлӕ, бӕлвырд, дӕ зӕрдӕйы цыдӕр хъыг ис». Мӕнӕн мӕ уд фӕтахти. 3Загътон паддзахӕн: «Ӕнустӕм нын цӕра паддзах, куыннӕ уон ӕнкъард, кӕд ӕмӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахар гӕныстонӕй лӕууы, йӕ кулдуӕрттӕ та арты хай баисты!» 4– 5Паддзах мӕ бафарста: «Ӕмӕ дӕ куыд фӕнды?» Ӕз мӕхинымӕр уӕларвон Хуыцаумӕ скуывтон ӕмӕ загътон паддзахӕн: «Паддзах цӕра, кӕд ын фӕндон у ӕмӕ мӕ йӕ хорзӕх ис, уӕд мӕ арвитӕд Иудеймӕ, мӕ фыдӕлты ингӕнтӕ кӕм сты, уыцы сахармӕ, ӕмӕ йӕ ногӕй саразон». 6Уӕд та мӕ паддзах ӕмӕ йӕ ус-паддзах — уый дӕр йӕ фарсмӕ бадти — бафарстой: «Цас рӕстӕг бафӕстиат уыдзынӕ фӕндагыл ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕд ӕрбаздӕхдзынӕ?» Ӕз ӕмгъуыд куы загътон, уӕд паддзах сразы ис. 7Ӕз ын загътон: «Иугӕр мӕ ацыд паддзахӕн фӕндон у, уӕд мын ӕххӕст Цӕугӕдоны фаллаг фарсы бынӕттон хицӕуттӕм ныффыссӕд, цӕмӕй мӕ Иудеймӕ фӕндагыл мачи бакъуылымпы кӕна. 8Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта. 9Ӕз, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ хицӕуттыл паддзахы фыстӕджытӕ сӕмбӕлын кодтон. Паддзах мын мемӕ ӕфсӕддон хицӕуттӕ дӕр рарвыста ӕд барджытӕ. 10Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый. 11Йерусалиммӕ ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дзы ӕртӕ боны фӕдӕн. 12Сыстадтӕн ӕхсӕвыгон, мемӕ чи уыди, уыцы цалдӕр адӕймаджы дӕр рабадын кодтон. Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрды Йерусалимӕн цы саразын уыди, уый зӕгъгӕ дӕр никӕмӕн кодтон. Цы хайуаныл ӕрбацыдтӕн, уымӕй уӕлдай мемӕ фосӕй ницы уыди. 13Ӕхсӕвы цӕстӕй Дӕлвӕзы кулдуарыл рацыдтӕн сахарӕй, Залиаг калмы суадоны цурты хуссарӕрдӕм атындзыдтон ӕмӕ дарддӕр мӕ ных Фаджыскалӕн кулдуармӕ сарӕзтон. Йерусалимы пырх къултӕ ӕмӕ сыгъд кулдуӕрттӕ фӕрауын-бауын кодтон. 14Сахары хуссаргӕрӕтты цӕгатӕрдӕм адардтон Суадоны кулдуар ӕмӕ Паддзахы донмарӕнмӕ, фӕлӕ сисы кӕлдтытыл мӕ хайуанӕн уым фаллаг фарсмӕ ахизӕн нӕ уыд. 15Раздӕхтӕн Кедроны дӕлвӕзыл талынджы, сисмӕ фӕкӕстытӕ кодтон ӕмӕ Дӕлвӕзы кулдуарыл фӕстӕмӕ ӕрбацыдтӕн. 16Иу хицау дӕр нӕ зыдта, кӕм уыдтӕн ӕмӕ цы гӕнӕг дӕн, уый: нӕдӕр иудейӕгтӕн, нӕдӕр сауджынтӕн, нӕдӕр уӕздӕттӕн, нӕдӕр хицӕуттӕн, нӕдӕр иннӕ кусджытӕн уӕды онг исты ской кодтон. 17Загътон сын, цы бӕллӕхы бахаудтам, уый уӕхӕдӕг уынут, зӕгъгӕ: Йерусалим гӕныстон фӕци, йӕ кулдуӕрттӕ арты хай баисты. Уӕдӕ бавдӕлӕм, ӕмӕ йын йӕ къул самайӕм, цӕмӕй нырау ӕгад мауал уӕм фидӕны. 18Радзырдтон сын, мӕ Хуыцау мыл Йӕ рӕстаудӕг арм кӕй дары, уый тыххӕй, стӕй сын паддзахы ныхӕстӕ дӕр рафӕзмыдтон. Уыдон загътой: «Аразынмӕ бавналӕм», ӕмӕ фарны хъуыддагмӕ сӕхи рацӕттӕ кодтой. 19Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?» 20Ӕз сын загътон: «Уӕларвон Хуыцау ныл рӕстаудӕн кӕны, ӕмӕ мах, Йӕ цагъартӕ, аразынмӕ бавналдзыстӕм, сымах та Йерусалимы ницы хъуыддаг ис, хай дӕр ӕмӕ уын дзы бар дӕр нӕй».
Copyright information for
OssIBT2022