Nehemiah 5
1Уыцы рӕстӕг нӕ адӕм ӕмӕ сӕ устытӕ тынг схӕрам сты се’фсымӕр иудейӕгтӕм. 2Иутӕ дзырдтой, нӕ лӕппутӕ ӕмӕ нӕ чызджыты цъындымӕ дӕттӕм къӕбӕрыл, цӕмӕй сыдӕй ма амӕлӕм ӕмӕ аирвӕзӕм. 3Иннӕтӕ дзырдтой, стонджы азарӕй нӕ хуымтӕ, нӕ сӕндӕттӕ, нӕ хӕдзӕрттӕ цъынды дӕттинаг фесты, зӕгъгӕ. 4Аннӕтӕ та дзырдтой, мах, дам, нӕ хуымтӕ ӕмӕ нӕ сӕндӕттӕ цъынды раттӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвзист ӕфстау райсӕм, цӕмӕй паддзахы хъалон бафидӕм. 5Махӕн дӕр, дам, не’фсымӕрты буары хуызӕн ис, нӕ фырттӕ дӕр, дам, уыдоны фыртты хуызӕн сты, афтӕмӕй, дам, махӕн нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ ӕххуырсты дӕттинаг фесты. Ныридӕгӕн, дам, нӕ чызджытӕй иуӕй-иутӕ кӕмӕндӕр цагъар сты ӕмӕ сӕ балхӕнын та ӕппындӕр нӕ амоны нӕ къух. Нӕ хуымтӕ дӕр ӕмӕ, дам, нӕ сӕндӕттӕ дӕр кӕйдӕр къухты сты. 6Ӕз уыдӕттӕ куы фехъуыстон, уӕд мӕстӕй рафыхтӕн. 7Ныссагъӕс кодтон ӕмӕ азымы ныхӕстӕ ныккалдтон номдзыддӕртӕ ӕмӕ хицӕуттыл. Загътон сын, сымах, зӕгъын, уе’фсымӕртӕн сӕ хӕс уӕлдайджынтӕй фидын кӕнут. Сӕ ныхмӕ дзӕвгар адӕм ӕрӕмбырд кодтон. 8Загътон сын, ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъын, уӕйгонд чи ӕрцыди, уыцы иудейӕгты мах, нӕ бон цас уыди, уыйас фӕстӕмӕ фелхӕдтам. Сымах та, зӕгъын, уе’фсымӕрты уӕй кӕнут, ӕмӕ ныр махӕн ӕлхӕнинаг фесты! Ницы дзырдтой, стӕй зӕгъгӕ дӕр цы хъуамӕ кодтаиккой? 9Загътон сын, хорз нӕ кӕнут. Ау, Хуыцауӕй хъуамӕ ма тӕрсат? Цӕмӕй нын иннӕ адӕмтӕ, не знӕгтӕ, фидис ма кӕной. 10Фӕлӕвӕрдтам сын ӕфстау — ӕз дӕр, ме’фсымӕртӕ дӕр, мӕ кусджытӕ дӕр, ӕмӕ уыцы ӕфстау фӕстӕмӕ мауал бадомӕм. 11Фӕстӕмӕ сын раттут сӕ хуымтӕ, сӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕсты дыргъдӕттӕ, стӕй сӕ хӕдзӕрттӕ. Фӕстӕмӕ сын раттут, ӕвзисты ӕмӕ хоры, сӕны ӕмӕ сойы ӕфстауы тыххӕй цы уӕлӕфтуантыл бадзырдтат, уыдон дӕр. 12Уыдон загътой: «Фӕстӕмӕ сын сӕ ратдзыстӕм ӕмӕ сӕ ницыуал домдзыстӕм. Ды куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзыстӕм». Уыйадыл сауджынтӕм фӕсидтӕн ӕмӕ сын ард бахӕрын кодтон, афтӕ кӕй бакӕндзысты, уый тыххӕй. 13Ӕз мӕ рон, цыма мӕ хӕзнатӕ зӕхмӕ калын, афтӕ ӕрцӕгъдӕгау кодтон ӕмӕ загътон: «Йӕ дзырдӕн хицау чи нӕ разына, уыцы адӕймаджы дӕр Хуыцау раст афтӕ фӕхауӕггаг кӕнӕд йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йӕ исбонӕй, ӕмӕ мӕ ронау афтидӕй аззайӕд!» Иууылдӕр загътой: «Аммен!» ӕмӕ кад кодтой Хуыцауӕн. Адӕм хицау разындысты сӕ дзырдӕн. 14Иу хабар ма: иудейӕгты зӕххыл облӕсты хицау куы сдӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ, Артаксерксы паддзахиуӕгады ссӕдзӕм азӕй дыууадӕс ӕмӕ ссӕдзӕм азмӕ, дыууадӕс азы дӕргъы, облӕсты хицауӕн цы хойраг ӕмбӕлы, уый нӕ хордтам ӕз ӕмӕ мӕ хиуӕттӕ. 15Мӕ размӕйы облӕсты хицӕуттӕ та адӕмыл уаргъ ӕвӕрдтой: ӕвзисты дыууиссӕдз шекелӕй уӕлӕмӕ ма адӕмӕй домдтой хор ӕмӕ сӕн. Суанг ма сӕ фӕсдзӕуинтӕ дӕр ӕлдариуӕг кодтой адӕмӕн. Фӕлӕ ӕз афтӕ нӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын. 16Уыимӕ ӕз ацы къул аразынӕн дӕр ӕххуыс кодтон, уӕдӕ ӕлхӕнгӕ дӕр никӕй хуымтӕ кодтам. Мӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр иууылдӕр уым куыстой. 17Сыхаг адӕмтӕй нӕм чи цыдис, уыдоны йеддӕмӕ ма-иу мӕ фынджы уӕлхъус иудейӕгтӕ ӕмӕ хицӕуттӕй бадти сӕдӕ фӕндзай адӕймаджы. 18Мӕ боны фӕлхас-иу слӕууыди: иу гал, ӕхсӕз хӕрзхаст фысы, маргъ дӕр-иу дзӕвгар ныццагътам; дӕс боны дӕргъы бирӕ алыхуызон сӕнтӕ хардзгонд цыди. Фӕлӕ уӕддӕр облӕсты хицауӕн ӕмбӕлгӕ хойраг ӕз никуы бадомдтон, уымӕн ӕмӕ адӕм ӕнӕуи дӕр уӕззау куыст кодтой. 19Ацы адӕмӕн цыдӕриддӕр фӕдӕн, уыдон мын хорзӕн фӕкӕн, мӕ Хуыцау!
Copyright information for
OssIBT2022