‏ Nehemiah 6

1Санбаллат ӕмӕ Тобиа, араббаг Гешем ӕмӕ нӕ иннӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, ӕз къул амад фӕдӕн ӕмӕ дзы къахыртӕ нал ис, уӕвгӕ уӕдмӕ кулдуӕрттӕ ӕмӕ сӕ хӕйттӕ рӕвдз нӕма уыдысты, 2уӕд мӕм Санбаллат ӕмӕ Гешем ӕрбарвыстой, рацу ӕмӕ, дам, Онойы дӕлвӕзы хъӕутӕй иуы фембӕлӕм: мӕнӕн исты фыдбылыз саразыны фӕнд сӕм уыди. 3Фӕлӕ сӕм ӕз арвыстон, стыр хъуыддаджы лӕуд дӕн ӕмӕ мӕ цӕуынмӕ нӕ равдӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ, зӕгъын, ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд бакъуылымпы уыдзӕни. 4Цыппар хатты мӕм ӕрбаминӕвар кодтой, ӕмӕ сын цыппар хатты дӕр уыцы иу дзуапп лӕвӕрдтон.

5Уӕд мӕм Санбаллат фӕндзӕм хатт ӕрбарвыста йӕ лӕггадгӕнӕджы, йӕ къухы — гом фыстӕг. 6Фыстӕджы уыди: «Адӕм хъус-хъус кӕнынц, стӕй Гашму дӕр афтӕ зӕгъы, ды ӕмӕ, дам, иудейӕгтӕ паддзахы ныхмӕ растынмӕ хъавут. Къул дӕр, дам, уый тыххӕй амайыс. Уыимӕ, дам, дӕ зӕрды ис уыдонӕн паддзах суӕвын. 7Цӕмӕй дӕ спаддзах кӕной, пехуымпарты дӕр, дам, Йерусалимы уый тыххӕй баурӕдтай. Иудейаг паддзах, зӕгъгӕ, дӕу хонынц ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ паддзахмӕ фӕхӕццӕ уыдзысты. Уӕдӕмӕ ӕрбацу ӕмӕ иумӕ ауынаффӕ кӕнӕм».

8Фӕлӕ йӕм ӕз арвыстон: «Ды цы дзурыс, ахӕмӕй дзы ницы ис. Дӕхи ӕрымысӕггаг сты». 9Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна. 10Иу бон куы уыд, уӕд Шемайайы, Делаийы фырт, Мегетабелы фырты фырты хӕдзармӕ бацыдтӕн. Уый хибар уаты цард Кувӕндоны ӕмӕ загъта, цом, дам, Хуыцауы хӕдзармӕ, Кувӕндоны хуылфмӕ, ӕмӕ дуар нӕ фӕстӕ сӕхгӕнӕм, уымӕн ӕмӕ, дам, дӕумӕ марынмӕ ӕрбацӕудзысты, ӕхсӕвыгон, дам, ӕрбацӕудзысты дӕ марынмӕ. 11Ӕз загътон, мӕ хуызӕн адӕймагӕн, зӕгъын, лидзын кӕм фидауы? Удӕгасӕй баззайыны охыл мӕ хуызӕн адӕймагӕн Кувӕндоны бамбӕхсын кӕм ӕмбӕлы? Нӕ, зӕгъын, бацӕудзынӕн. 12Кӕд пехуымпариуӕг кодта, уӕддӕр ӕз зыдтон, Хуыцауы ӕрвыст адӕймаг нӕ, фӕлӕ Тобиа ӕмӕ Санбаллаты ӕлхӕд лӕг кӕй у, уый. 13Ӕлхӕнгӕ та йӕ уый тыххӕй бакодтой, цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, йӕ коммӕ бакӕсон ӕмӕ уыцы тӕригъӕд мӕхимӕ райсон. Уӕд сӕ цӕсты бафтыдаин ӕмӕ цӕрӕнбонты фидиссаг фӕуыдаин.

14Фӕтӕрсын кӕнынмӕ мӕ чи хъавыди, уыцы Тобиа ӕмӕ Санбаллат, сылгоймаг-пехуымпар Ноадиа ӕмӕ иннӕ пехуымпартӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, мӕ Хуыцау! 15Къул срӕвдз ис дыууадӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бонмӕ, елулы мӕйы дыууын фӕндзӕм бон.

16Уыцы хабар нӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, нӕ алыварс адӕмтӕ йӕ иууылдӕр сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты: бамбӕрстой, хъуыддаг нӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй сӕнтысти, уый.

17Уыцы бонты иудейӕгты уӕздандӕртӕ ӕмӕ Тобиа кӕрӕдзимӕ хъазуатӕй фыстӕджытӕ ӕрвыстой. 18Йӕ цӕдисонтӕ уыдысты, кӕрӕдзийӕн ард бахордтой. Уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг Арахы фырт Шеханиайы сиахс уыди, йӕ фырт Йоханан та Варахийы фырт Мешулламы чызджы ракуырдта. 19Суанг ма йӕ хорз хъуыддӕгты кой дӕр кодтой мӕ разы, мӕ ныхӕстӕ та уымӕн фӕзмыдтой. Цӕмӕй мӕ фӕтӕрсын кӕна, Тобиа уый тыххӕй ӕрвыста фыстӕджытӕ.
Copyright information for OssIBT2022