‏ Nehemiah 7

1Къул куы срӕвдз ӕмӕ кулдуары хӕйттӕ сӕ бынӕттӕ куы ссардтой, уӕд дуаргӕстӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ левиттӕ нысангонд ӕрцыдысты. 2Ме’фсымӕр Ханани ӕмӕ фидары хицау Хананиайы (Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм ӕууӕнкджын лӕджы) Йерусалимы сӕргъы сӕвӕрдтон. 3Загътон сын: цалынмӕ хур дзӕбӕх ӕндавы, уӕдмӕ Йерусалимы кулдуӕрттӕ ма гом кӕнут. Адӕм цалынмӕ бадгӕ кӕнынц, уӕдмӕ дуӕрттӕ ӕхгӕнут ӕмӕ гуыдыртӕ ӕвӕрут. Хъахъхъӕнджытӕй сӕвӕрдтон Йерусалимы цӕрджыты, алкӕй дӕр — йӕ хӕдзары акомкоммӕ. 4Фӕлӕ сахар парахат ӕмӕ егъау уыд, адӕм та дзы — хӕрз чысыл, хӕдзӕрттӕ дӕр арӕзт нӕ уыдысты. 5Уӕд Хуыцауы фӕндӕй мӕ зӕрдыл ӕрӕфтыд номдзыддӕртӕ, хицӕуттӕ ӕмӕ иннӕ адӕмы ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сын ӕрфыст саразын. Ссардтон, уацарӕй раздӕр чи ӕрбаздӕхт, уыдоны хӕдзарвӕндаггай номхыгъд. Фыст дзы уыди: 6«Вавилоны паддзах Навуходоносор уацары кӕй акодта, уыцы израилӕгтӕй фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ, алчидӕр йӕхи сахармӕ, 7Зоровавелимӕ, Йешуаимӕ, Неемиаимӕ, Азариаимӕ, Раамиаимӕ, Нахаманиаимӕ, Мардохеимӕ, Билшанимӕ, Миспаримӕ, Бигваимӕ, Нехумимӕ, Ваанаимӕ ӕрбаздӕхти.

Мӕнӕ Израилы адӕмы номхыгъд:
8Парошы мыггагӕй — дыууӕ мин сӕдӕ ӕвдай дыууӕ;
9Шефатийы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ ӕвдай дыууӕ;
10Арахы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай дыууӕ;
11Пахат-Моавы мыггагӕй (Йешуа ӕмӕ Йоавы байзӕддӕгтӕ) — дыууӕ мин астсӕдӕ ӕстдӕс;
12Еламы мыггагӕй — иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар;
13Заттуйы мыггагӕй — астсӕдӕ цыппор фондз;
14Заккайы мыггагӕй — авдсӕдӕ ӕхсай;
15Биннуйы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор аст;
16Бевайы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын аст;
17Азгады мыггагӕй — дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;
18Адоникамы мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ ӕхсай авд;
19Бигвайы мыггагӕй — дыууӕ мин ӕхсай авд;
20Адины мыггагӕй — ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай фондз;
21Атеры мыггагӕй (Езекиайы хӕдзарӕй) — нӕуӕдз аст;
22Хашумы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ дыууын аст;
23Бецайы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ дыууын цыппар;
24Харифы мыггагӕй — сӕдӕ дыууадӕс;
25Гивоны мыггагӕй — нӕуӕдз фондз;
26Вифлеем ӕмӕ Нетофы цӕрджытӕй — сӕдӕ ӕстай аст;
27Анатоты цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын аст;
28Бет-Азмаветы цӕрджытӕй — цыппор дыууӕ;
29Кирйат-Иарим, Кефира ӕмӕ Беероты цӕрджытӕй — авдсӕдӕ цыппор ӕртӕ;
30Рама ӕмӕ Гевӕйы цӕрджытӕй — ӕхсӕзсӕдӕ дыууын иу;
31Михмасы цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын дыууӕ;
32Вефил ӕмӕ Гайы цӕрджытӕй — сӕдӕ дыууын ӕртӕ;
33иннӕ Невойы цӕрджытӕй — фӕндзай дыууӕ;
34иннӕ Еламы мыггагӕй — иу мин дыууӕсӕдӕ фӕндзай цыппар;
35Харимы мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ дыууын;
36Йерихоны мыггагӕй — ӕртӕсӕдӕ цыппор фондз;
37Лод, Хадид ӕмӕ Онойы мыггӕгтӕй — авдсӕдӕ дыууын иу;
38Сенаайы мыггагӕй — ӕртӕ мин фарастсӕдӕ ӕртын.

39Сауджынтӕ: Иедайайы мыггагӕй (Йешуайы байзӕддӕгтӕй) — фарастсӕдӕ ӕвдай ӕртӕ;
40Иммеры мыггагӕй — иу мин фӕндзай дыууӕ;
41Пашхуры мыггагӕй — иу мин цыппор авд;
42Харимы мыггагӕй — иу мин ӕвддӕс.

43Левиттӕ: Йешуа ӕмӕ Кадмиелы байзӕддӕгтӕй (Ходевайы хӕдзарӕй) — ӕвдай цыппар.

44Зарӕггӕнджытӕ: Асафы байзӕддӕгтӕй — сӕдӕ цыппор аст.

45Аргъуанхъахъхъӕнджытӕ: Шаллумы, Атеры, Талмоны, Аккувы, Хатитайы, Шовайы байзӕддӕгтӕй — сӕдӕ ӕртын аст.

46Кувӕндоны кусджытӕ: Цихайы, Хасуфайы, Таббаоты фырттӕ;
47Керосы, Сиайы, Падоны фырттӕ;
48Леванайы, Хагавайы, Шалмайы фырттӕ;
49Хананы, Гидделы, Гахары фырттӕ;
50Реаиайы, Рецины, Некодайы фырттӕ;
51Газамы, Уззайы, Пасеахы фырттӕ;
52Бесайы, Меунимы, Нефушсимы фырттӕ;
53Бакбукы, Хакуфайы, Хархуры фырттӕ;
54Бацлиты, Мехидайы, Харшайы фырттӕ;
55Баркосы, Сисерайы, Темахы фырттӕ;
56Нециахы, Хатифайы фырттӕ.

57Соломоны лӕггадгӕнджыты байзӕддӕгтӕй: Сотайы, Софереты, Феридайы фырттӕ;
58Иалайы, Дарконы, Гидделы фырттӕ;
59Шефатийы, Хаттилы фырттӕ, Покерет-Цеваимы, Амоны фырттӕ.
60Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.

61Мӕнӕ, Тел-Мелах, Тел-Харша, Керув, Аддон ӕмӕ Иммерӕй чи ӕрбацыд, фӕлӕ израилаг сты ӕви нӕ, уый тыххӕй сӕ бон ӕвдисӕнтӕ’рхӕссын кӕмӕн нӕ баци, уыдон: 62Делаи, Товиа ӕмӕ Некодайы байзӕддӕгтӕ — ӕхсӕзсӕдӕ цыппор дыууӕ.

63Сауджынтӕй: Ховайайы, Хакоцы ӕмӕ, йӕ галаадаг каисты ном хӕссын чи райдыдта, уыцы Барзиллайы байзӕддӕгтӕ.

64Сӕ фыдӕлты тыххӕй исты фыст кӕм ис, ахӕм ӕрмӕг фӕцагуырдтой, фӕлӕ ницы ссардтой, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ сауджынтыл нал банымадтой. 65Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ.

66Чи ӕрбаздӕхти, уыцы дзыллӕ ӕдӕппӕтӕй иумӕ уыдысты цыппор дыууӕ мин ӕртӕсӕдӕ ӕхсай адӕймаджы. 67Уыдонимӕ нымад не’рцыдысты сӕ лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — авд мин ӕртӕсӕдӕ ӕртын авд, стӕй зарӕггӕнджытӕ — нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор фондз.

68Бӕхтӕ сӕм уыдис авдсӕдӕ ӕртын ӕхсӕз, хайуантӕ — дыууӕсӕдӕ цыппор ӕртӕ, 69теуатӕ — цыппарсӕдӕ ӕртын фондз, хӕрджытӕ — ӕхсӕз мин авдсӕдӕ дыууын.

70Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй иуӕй-иутӕ, цӕмӕй куыст размӕ цӕуа, уымӕн стыр ахъаз бакодтой. Тиршата хӕзнадонмӕ радта: сыгъзӕрин — мин драхмӕйы; кӕхцытӕ — фӕндзай; сауджыны фӕлыст — фӕндзай ӕртын фӕлтӕры.

71Хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ хӕзнадонмӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ минӕйы. 72Иннӕ адӕмӕй чидӕртӕ радтой: сыгъзӕрин — ссӕдз мин драхмӕйы; ӕвзист — дыууӕ мин минӕйы; сауджыны фӕлыст — ӕхсай авд фӕлтӕры.

73Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты».
Copyright information for OssIBT2022