Nehemiah 8
1Ӕвдӕм мӕй куы ралӕууыди ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ сахарты куы ӕрбынӕттон сты, уӕд адӕм иууылдӕр иу лӕгау ӕрӕмбырд сты Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзмӕ ӕмӕ динамонӕг Езрайӕн загътой, Дунедарӕг Израилӕн кӕй бафӕдзӕхста, Моисейы Ӕгъдауы уыцы тухгӕ чиныг рахӕсс, зӕгъгӕ. 2Уыйадыл сауджын Езра ӕвдӕм мӕйы фыццаг бон чиныг рахаста дзыллӕмӕ: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмбарынхъом чи у, ӕппӕт уыдонмӕ. 3Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы сӕумӕйӕ ӕмбисбонмӕ касти дины чиныг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕн, ӕмбарынхъом чи у, уыдонӕн се’ппӕтӕн дӕр, ӕмӕ йӕм адӕм иууылдӕр лӕмбынӕг хъуыстой. 4Динамонӕг Езра лӕууыди, сӕрмагондӕй йын кӕй сарӕзтой, уыцы бӕрзонд хъӕдын лӕууӕныл. Рахизӕрдыгӕй йӕ фарсмӕ — Маттитиа, Шема, Анайа, Уриа, Хилкиа ӕмӕ Маасеа, галиуӕрдыгӕй — Педаиа, Мишаел, Малкиа, Хашум, Хашбаддана, Захариа ӕмӕ Мешуллам. 5Езра лӕууыди тӕккӕ бӕрзонддӕр ран, ӕмӕ йӕ се’ппӕт дӕр уыдтой. Чиныг куы байгом кодта, уӕд адӕм иууылдӕр сыстадысты. 6Езра Стыр Хуыцауӕн, Дунедарӕгӕн, раарфӕ кодта, ӕмӕ адӕм иууылдӕр, аммен, аммен, зӕгъгӕ, сӕ къухтӕ уӕлӕмӕ сдардтой. Уый фӕстӕ сӕ сӕртӕ ӕркъул кодтой, кувгӕ-кувын зӕххыл ныддӕлгом сты. 7Йешуа, Бани, Шеревиа, Йамин, Аккув, Шабтай, Ходиа, Маасеа, Келита, Азариа, Йозавад, Ханан, Пелаиа, — ацы левиттӕ адӕмӕн ӕмбарын кодтой дин, ӕмӕ сӕм уыдон сӕ бынӕттӕй лӕмбынӕг хъуыстой. 8Алкӕмӕ дӕр куыд хъуыса, афтӕ сын кастысты Хуыцауы Ӕгъдауы чиныг ӕмӕ сын ӕй ӕмбарын кодтой. Ӕмӕ адӕм, цы сын кастысты, уый ӕмбӕрстой. 9Адӕм иууылдӕр куыдтой, Ӕгъдауы ныхӕстӕм хъусгӕйӕ. Уымӕ гӕсгӕ сын бынӕттон хицау Неемиа, динамонӕг ӕмӕ сауджын Езра, стӕй, дзыллӕйӕн зондамынд чи лӕвӕрдта, уыцы левиттӕ загътой: «Абон Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бӕрӕгбон у. Хъынцъым-ма кӕнут ӕмӕ ма кӕут!» 10Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни». 11Афтӕ левиттӕ адӕмы сабыр кодтой, мауал кӕут, уымӕн ӕмӕ абон бӕрӕгбон у ӕмӕ ӕнкъард ма кӕнут, зӕгъгӕ. 12Уыйадыл адӕм сӕ хӕдзӕрттӕм ацыдысты ӕмӕ иууылдӕр минас кӕнын ӕмӕ хуынтӕ ӕрвитынмӕ фесты. Сразӕнгард сты хъӕлдзӕг бӕрӕгбон аразынмӕ, уымӕн ӕмӕ сын цы ныхӕстӕ загъдӕуыди, уыдон бамбӕрстой ӕмӕ сӕ айстой сӕ зӕрдӕмӕ. 13Дыккаг бон ӕппӕт адӕмы хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ацыдысты динамонӕг Езрамӕ, цӕмӕй сын дины ныхӕстӕ ӕмбарын кӕна, уый тыххӕй 14ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн уылты цы’Гъдау радта, уым фыстӕй ссардтой, ӕвдӕм мӕй израилӕгтӕн бӕрӕгбон кӕй у ӕмӕ уыцы рӕстӕг халагъудты кӕй хъуамӕ цӕрой, уый. 15Уымӕ гӕсгӕ се’ппӕт сахартӕн дӕр ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн дӕр фехъусын кодтой: фӕцӕут хохмӕ ӕмӕ дзы ӕрхӕссут оливӕ бӕласы къалиутӕ дӕр, хъӕддаг оливӕ бӕласы къалиутӕ дӕр, мирты къалиутӕ дӕр, пальмӕйы къалиутӕ дӕр, иннӕ фӕтӕнсыф бӕлӕсты къалиутӕ дӕр ӕмӕ сӕ, фыст куыд у, афтӕ халагъудтӕ саразут. 16Адӕм ацыдысты, къалиутӕ ӕрхастой ӕмӕ халагъудтӕ скодтой: чи — йӕ уӕлхӕдзары, йӕ кӕрты, чи — Хуыцауы хӕдзары кӕртыты, чи — Донхӕссӕн кулдуары цур фӕзы, чи — Ефремы кулдуары цур фӕзы. 17Уацарӕй ӕрбаздӕхӕг адӕмы дзырддзӕугӕтӕ халагъудтӕ сарӕзтой ӕмӕ халагъудты цардысты. Сӕ цинӕн кӕрон нал уыди, уымӕн ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы бонтӕй уыцы боны онг израилӕгтӕ афтӕ никуыуал бакодтой. 18Алы бон дӕр, фыццаг бонӕй фӕстаг бонмӕ, Хуыцауы дины чиныг кастысты. Сӕ бӕрӕгбон ахаста авд боны. Ӕстӕм бон та сын, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, нысангонд уыди кадджын ӕмбырд.
Copyright information for
OssIBT2022