Numbers 1
Израилӕгты сфыст
1Дунедарӕг загъта Моисейӕн Синайы ӕдзӕрӕг быдыры, Фембӕлды Цатыры, Мысырӕй куы рацыдысты, уымӕн йӕ дыккаг азы дыккӕгӕм мӕйы фыццаг бон: 2«Израилы дзыллӕйы мыггаггай, хӕдзаргай банымайут — нӕлгоймӕгты се’ппӕты дӕр номхуындӕй. 3Израилы хӕстхъомтӕй ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны нымӕц Ааронимӕ бахынцут. 4Алы мыггагӕй дӕр уын фӕйнӕ лӕджы ӕххуыс кӕндзысты — мыггаджы хистӕртӕ. 5Мӕнӕ, ӕххуыс уын чи кӕндзӕн, уыцы адӕймӕгты нӕмттӕ: Рувимы мыггагӕй — Елицур, Шедеуры фырт; 6Симеоны мыггагӕй — Шелумиел, Цуришаддайы фырт; 7Иудӕйы мыггагӕй — Нахшон, Аминадавы фырт; 8Иссахары мыггагӕй — Нетанел, Цуары фырт; 9Зевулоны мыггагӕй — Елиав, Хелоны фырт; 10Йосефы байзӕддӕгтӕй: Ефремы мыггагӕй — Елишама, Аммиуды фырт; Менассиайы мыггагӕй — Гамлиел, Педацуры фырт; 11Бениамины мыггагӕй — Авидан, Гидеонийы фырт; 12Даны мыггагӕй — Ахиезер, Амишаддайы фырт; 13Асиры мыггагӕй — Пагиел, Охраны фырт; 14Гады мыггагӕй — Елйасаф, Деуелы фырт; 15Неффалимы мыггагӕй — Ахира, Енаны фырт. 16Уыдон — дзыллӕйы нымаддӕртӕ, мыггӕгты хистӕртӕ, мингай израилӕгты фӕтӕгтӕ». 17Моисей ӕмӕ Аарон, кӕй нӕмттӕ загъдӕуыд, уыцы адӕймӕгтимӕ 18дыккаг мӕйы фыццаг бон ӕгас дзыллӕ ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр ӕппӕт нӕлгоймӕгты дӕр, фӕстаг лӕджы онг, хӕдзаргай, хӕдзарвӕндаггай, номгай сфыстой. 19Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ банымадта Моисей Синайы ӕдзӕрӕг быдыры. 20Рувимы, Израилы хистӕр фырты байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 21Рувимы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ адӕймаджы. 22Симеоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 23Симеоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы. 24Гады байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 25Гады мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы. 26Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 27Иудӕйы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. 28Иссахары байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 29Иссахары мыггагӕй фыст ӕрцыди фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 30Зевулоны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 31Зевулоны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 32Йосефы байзӕддӕгтӕ, Ефремы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 33Ефремы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы. 34Менассиайы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 35Менассиайы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы. 36Бениамины байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 37Бениамины мыггагӕй нымад ӕрцыди ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 38Даны байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты, номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 39Даны мыггагӕй хыгъд ӕрцыд ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы. 40Асиры байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 41Асиры мыггагӕй хыгъд ӕрцыд цыппор иу мин фондзсӕдӕ адӕймаджы. 42Неффалимы байзӕддӕгтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр хӕстхъом нӕлгоймӕгтӕ се’ппӕт дӕр, фӕстаг лӕджы онг, бинонты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты номхыгъдты фыст ӕрцыдысты. 43Неффалимы мыггагӕй хыгъд ӕрцыд фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 44Уый, Моисей ӕмӕ Аарон ӕмӕ Израилы дыууадӕс фӕтӕджы, алы мыггагӕй дӕр — фӕйнӕ, кӕй банымадтой, уыдон. 45Хӕдзарвӕндаггай фыст чи ӕрцыд, Израилы уыцы хӕстхъомтӕ, ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕртӕ, ӕдӕппӕтӕй 46уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы.Левиттӕ цӕуылнӕ бахаудтой сфыстмӕ
47Левиттӕ нӕ бахаудтой сфыстмӕ. 48Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 49«Левийы мыггаджы ма бахӕсс сфыстмӕ ӕмӕ сӕ иннӕ израилӕгтимӕ ма банымай. 50Левиттӕн бабар кӕн, цӕмӕй сӕ цӕст дарой Фембӕлды Цатыр ӕмӕ йе’ппӕт мигӕнӕнтӕ, цыдӕриддӕр ӕм хауы, уыдонмӕ. Хӕссӕнт Цатыр ӕмӕ йе’ппӕт мигӕнӕнтӕ, сӕ цӕст дарӕнт Цатырмӕ. Сӕ рӕсӕнуат — йӕ алыварс. 51Уаз Цӕрӕн сисын куы хъӕуа, уӕд ӕй левиттӕ райхалӕнт, сӕвӕрын ӕй куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕй уыдон ӕрцаразӕнт. Уаз Цӕрӕнмӕ’ндӕр исчи куы ӕрбаввахс уа, уӕд уый та амарын хъӕуы. 52Къордгай ӕрбынат кӕнӕнт израилӕгтӕ рӕсӕнуаты, алы хӕстон дӕр — йӕхи ӕфсадимӕ, йӕхи къордимӕ. 53Левиттӕ та хъуамӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрбынат кӕной, цӕмӕй Хуыцауы азар ма баййафа Израилы дзыллӕйы: Фембӕлды Цатыр левитты бӕрны ис». 54Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ.
Copyright information for
OssIBT2022