Numbers 10
Ӕвзист сыкъауадындзтӕ
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ ӕвзист сыкъауадындзы, ӕмӕ дын ахъаз уыдзысты дзыллӕмӕ фӕсидынӕн ӕмӕ рӕсӕнуӕттӕ сӕ бынатӕй фенкъуысын кӕнынӕн. 3Дыууӕ уадындзы уастмӕ дӕм ӕгас дзыллӕ дӕр хъуамӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбалӕууа, 4сӕ иуы уастмӕ та хъуамӕ ӕрбамбырд уой ӕрмӕстдӕр фӕтӕгтӕ, Израилы мингӕйтты раздзӕуджытӕ. 5Сыкъауадындзтӕ фӕдисы уаст куы ныккӕной, уӕд сӕ фӕндаг дарӕнт, скӕсӕны чи лӕууыд, уыцы ӕфсӕдтӕ; 6сыкъауадындзтӕ дыккаг хатт куы ныккӕной фӕдисы уаст, уӕд та, хуссары чи лӕууыд, уыдон фӕдисы уастмӕ сӕ бынатӕй фенкъуысынц. 7Ӕмбырдмӕ сидгӕйӕ дӕр сыкъауадындзтӕй уасгӕ у, ӕрмӕст хуымӕтӕджы уаст. 8Аароны фырттӕ, сауджынтӕ, уасӕнт сыкъауадындзтӕй; уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 9Знаг уӕм куы ӕрбабырса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы хӕцат уӕ зӕххыл, уӕд-иу фӕдисы уаст ныккӕнут сыкъауадындзтӕй, ӕмӕ Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ фервӕздзыстут уе знӕгтӕй. 10Уӕ цины бонты, уӕ бӕрӕгбӕтты ӕмӕ уӕ алы мӕйноджы, сыкъауадындзтӕй уасут, иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ, ӕмӕ-иу уый фӕрцы Йӕ зӕрдыл ӕрлӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».Синайы хохрӕбынӕй — Уаз зӕхмӕ
11Дыккаг азӕн йӕ дыккаг мӕйы ссӕдзӕм бон мигъ йӕхи систа Фембӕлды Цатырӕй, 12ӕмӕ араст сты израилӕгтӕ Синайы ӕдзӕрӕг быдырӕй. Параны ӕдзӕрӕг быдыры мигъ йӕхи ӕруагъта. 13Уӕд фыццаг хатт сыстадысты сӕ бынатӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. 14Фыццаг уал, къорд къорды фӕдыл, араст ис Иудӕйы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Нахшон, Аминадавы фырт. 15Иссахары байзӕддӕгты ӕфсадӕн сӕ разӕй — Нетанел, Цуары фырт. 16Зевулоны байзӕддӕгты ӕфсадӕн — Елиав, Хелоны фырт. 17Уый фӕстӕ ист ӕрцыди Уаз Цӕрӕн. Гершоны фырттӕ ӕмӕ Мерарийы фырттӕ систой Уаз Цӕрӕн ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой. 18Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, йӕ бынатӕй фенкъуысти Рувимы ӕфсад, сӕ разӕй — Елицур, Шедеуры фырт. 19Симеоны байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Шелумиел, Цуришаддайы фырт; 20Гады байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Елйасаф, Деуелы фырт. 21Уый фӕстӕ Кехаты байзӕддӕгтӕ уаз дзауматӕ систой ӕмӕ сӕ фӕндаг адардтой. (Сӕ бацыдмӕ Уаз Цӕрӕн хъуамӕ ног бынаты ӕвӕрд ӕрцыдаид.) 22Уый фӕстӕ, къорд къорды фӕдыл, араст ис Ефремы байзӕддӕгты ӕфсад, сӕ разӕй — Елишама, Аммиуды фырт. 23Менассиайы байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Гамлиел, Педацуры фырт. 24Бениамины байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Авидан, Гидеонийы фырт. 25Ӕппӕты фӕстӕ йӕ бынатӕй, къорд къорды фӕдыл, фенкъуысти Даны байзӕддӕгты ӕфсад, йӕ разӕй — Ахиезер, Амишаддайы фырт. 26Асиры байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Пагиел, Охраны фырт. 27Неффалимы байзӕддӕгты ӕфсады разӕй — Ахира, Енаны фырт. 28Уый — израилӕгты цыды фӕтк фӕндагыл, къорд къорды фӕдыл.Ховав
29Моисей загъта Ховавӕн, Реуелы фыртӕн, йӕ мидианаг каисӕн: «Мах цӕуӕм, Дунедарӕг нын раттынӕй зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм. Цом махимӕ, ӕмӕ дын хорзы бацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн бирӕ хӕрзтӕй зӕрдӕ бавӕрдта». 30Фӕлӕ уый загъта: «Нӕ цӕуын, фӕлтау мӕхи бӕстӕм, мӕ фыды зӕхмӕ аздӕхдзынӕн». 31Моисей йын загъта: «Ма нӕ ныууадз! Ды ӕдзӕрӕг быдыры, рӕсӕнуатӕн чи бӕззы, ахӕм бынӕттӕ хорз зоныс ӕмӕ нын фӕндаг бацамон. 32Немӕ куы ацӕуай, уӕд дӕу дӕр, Дунедарӕгӕй нӕ цы хорзӕх уа, уымӕй схайджын кӕндзыстӕм». 33Араст сты Дунедарӕджы хохӕй ӕмӕ ӕртӕ боны фӕцыдысты. Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕртӕ бонцауы раздӕр цыди сӕ разӕй, цӕмӕй сын, ӕхсӕв кӕм ӕрлӕууой, уыцы бынӕттӕ амона. 34Боныгон-иу рӕсӕнуатӕй куы рацыдысты, уӕд та Дунедарӕджы мигъ уыди сӕ сӕрмӕ. 35Фидыды Чырын-иу куы фезмӕлыди, уӕд-иу Моисей загъта: «Раст, Дунедарӕг! Ныххӕлиу уӕнт Де знӕгтӕ,Дӕ разӕй лидзӕнт Дӕ фыдгултӕ!»
36Фидыды Чырын-иу куы’рлӕууыд, уӕд та дзырдта: «Раздӕх, ӕнӕнымӕц израилӕгты Дунедарӕг!»
Copyright information for
OssIBT2022