Numbers 11
1Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг хъуыста. Куы сӕ фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти, ныггуыпп кодта Дунедарӕджы арт ӕмӕ рӕсӕнуаты кӕрон аныхъуырдта. 2Адӕм Моисейӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой; Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, ӕмӕ арт ахуыссыд. 3Уыцы бынат схуыдтой Тавера ▼▼Ома Зынгирвӕзт.
, уымӕн ӕмӕ уыцы ран се’хсӕн Дунедарӕджы арт ныггуыпп ласта. 4Ӕндӕрмыггаг адӕмтӕй семӕ чи бамбал ис, уыдонӕн сӕ зӕрдӕ алцытӕ агуырдта, ӕмӕ та уыдонмӕ гӕсгӕ ногӕй сдзынӕзтой израилӕгтӕ дӕр: «Ныр дзидзайы комдзаг дӕ дзыхы акӕн! 5Мысыры нын лӕвар бӕргӕ лӕвӕрдтой кӕсӕгтӕ, джитъритӕ, неситӕ, зайӕгхӕлттӕ, хъӕдындзтӕ, нурытӕ! 6Ам та маннӕ йеддӕмӕ ницы уынӕм, ӕмӕ нӕ удтӕ бастадысты». 7Маннӕ у хъонтхорайы мыггаджы ӕнгӕс, хуызӕй — хӕрздӕфгӕнаг хус чъиуы хуызӕн. 8Адӕм цыдысты ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой, ӕрмгуырӕйтты йӕ ссадтой, нурыхойӕнты йӕ хостой, афтӕмӕй йӕ аджы фыхтой, гуылтӕ дзы кодтой, ӕмӕ сын сойыфыхы ад уыди. 9Ӕхсӕвы ӕртӕхимӕ-иу фӕзынди маннӕ дӕр. 10Фехъуыста Моисей, адӕмӕй алчи йӕ бинонтимӕ йӕ цатыры бахизӕны раз кӕй кӕуы, уый. Рафыхти сӕм Дунедарӕджы маст, ӕмӕ бамӕгуыр ис Моисейы зӕрдӕ. 11Загъта Дунедарӕгӕн: «Дӕ цагъары цӕуыл удхарӕй марыс, цы ракодта? Ӕппӕт ацы адӕмы мын ме’ккой цӕмӕн сӕвӕрдтай? 12Ацы адӕмы ӕз равзӕрын кодтон исты, ӕз сӕ ныййардтон? Мӕ хъӕбысы мын сӕ, дыджызӕ дзидзидайы куыд хӕсса, уыйау цӕмӕн хӕссын кӕныс, сӕ фыдӕлтӕн сын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтай, уырдӕм? 13Ӕппӕт ацы адӕмӕн ӕз дзидза кӕцӕй хъуамӕ ӕрхӕссон, куы кӕуынц ӕмӕ мӕ дзидза куы агурынц, уӕд? 14Утӕппӕт адӕмы бӕрны цӕуын мын иунӕгӕй зын у, уыцы уаргъ хӕссын нӕ фӕразын. 15Кӕд мын Дӕ цӕст ӕндӕр ницы уарзы, уӕд мын фӕлтау уыцы хорзӕх ракӕн, ӕмӕ мӕ амар, цӕмӕй мӕ хъизӕмарӕй фервӕзон». 16Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Ӕрбамбырд Мӕм кӕн Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы — Израилы хистӕртӕ, йӕ раздзӕуджытӕ сты, зӕгъгӕ, кӕмӕй зӕгъдзынӕ, ахӕм лӕгты. Фембӕлды Цатыры размӕ сӕ ӕрбахон, ӕмӕ ӕрлӕууӕнт уыцы ран демӕ. 17Ӕз раргом уыдзынӕн уым ӕмӕ демӕ дзурдзынӕн. Цы Уд дыл ис, уымӕй райсдзынӕн ӕмӕ дзы уыцы лӕгты схайджын кӕндзынӕн, цӕмӕй ацы адӕмыл мӕт кӕной демӕ ӕмӕ ды уыцы уаргъ иунӕгӕй мауал хӕссай. 18Адӕмӕн та зӕгъ, цӕмӕй райсоммӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕной ӕмӕ дзидза хӕрынмӕ цӕттӕ уой. Дунедарӕгмӕ, зӕгъ, дзынӕзтат, фыдызгъӕл домдтат, Мысыры уын хуыздӕр уыди, дзырдтат. Уӕдӕ уын Дунедарӕг фыдызгъӕл ратдзӕни ӕмӕ дзы уӕхи бафсаддзыстут. 19Иу бон, дыууӕ боны, фондз, дӕс кӕнӕ ссӕдз боны йӕ нӕ хӕрдзыстут, 20фӕлӕ ӕнӕхъӕн мӕй, цалынмӕ уӕ хъӕлӕсӕй кӕлын байдайа ӕмӕ йыл ӕлгъ кӕнын райдайат, уӕдмӕ! Уый уын, уе’хсӕн Чи ис, Уыцы Дунедарӕгыл уӕхи кӕй атигъ кодтат, Йӕ разы кӕй дзынӕзтат ӕмӕ, Мысырӕй цӕмӕн рацыдыстӕм, зӕгъгӕ, кӕй хъуыр-хъуыр кодтат, уый тыххӕй». 21Моисей загъта: «Ам, мемӕ, фистӕг хӕстонтӕ ӕхсӕзсӕдӕ мины ис, Ды та афтӕ зӕгъыс, мӕйваг сын фыдызгъӕл ратдзынӕн, зӕгъгӕ. 22Лыстӕг фос ӕмӕ нӕм стуртӕй цы ис, уыдон иууылдӕр куы аргӕвдӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты! Кӕсаджы мыггагӕй денджызы цы ис, уыдон иууылдӕр куы ӕрцахсӕм, уӕд дӕр куынӕ сфаг уыдзысты!» 23Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Исты Дунедарӕджы къух цыбыр у? Мӕ ныхас куыд ӕрцӕудзӕн, уымӕ-иу уӕдӕ дӕхӕдӕг кӕс!» 24Рацыди Моисей адӕммӕ ӕмӕ сын фехъусын кодта Дунедарӕджы ныхӕстӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хистӕры ӕрбамбырд кодта ӕмӕ сӕ Фембӕлды Цатыры алыварс ӕрлӕууын кодта. 25Дунедарӕг ӕврагъы раргом ис ӕмӕ ныхас кодта Моисеимӕ. Райста, цы Уд ыл уыдис, уымӕй ӕмӕ дзы ӕвдай хистӕры схайджын кодта. Хистӕртӕ Удӕй куы схайджын сты, уӕд пехуымпариуӕг кӕнын райдыдтой, фӕлӕ сын уый бирӕ нӕ ахаста. 26Дыууӕ лӕджы, сӕ иуы ном — Елдад, иннӕйы ном — Медад, рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ нӕ ракастысты. Хистӕрты номхыгъды уыдысты, фӕлӕ Цатыры размӕ не’рбацыдысты. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы Удӕй схайджын сты ӕмӕ рӕсӕнуаты пехуымпариуӕг кодтой. 27Ӕрбазгъордта лӕггадгӕнӕг ӕмӕ фехъусын кодта Моисейӕн: «Елдад ӕмӕ Медад рӕсӕнуаты пехуымпариуӕг кӕнынц!» 28Йешуа, Нуны фырт, йе’рыгонӕй фӕстӕмӕ Моисейы ӕххуысгӕнӕг чи уыд, уый фӕхъӕр кодта: «Моисей, мӕ бардар, бауром сӕ!» 29Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уыцы ӕнувыдӕй мӕ сӕрыл хӕцыс, мыййаг? Тӕхуды ӕмӕ Дунедарӕджы адӕм иууылдӕр пехуымпартӕ куы уаиккой! Тӕхуды, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг куы схайджын кӕнид Йӕ Удӕй!» 30Ӕмӕ Моисей Израилы хистӕртимӕ фӕстӕмӕ рӕсӕнуатмӕ аздӕхт. 31Дунедарӕджы фӕндонӕй дымгӕ сыстад ӕмӕ денджызӕй уӕрццыты бал ӕрбахаста рӕсӕнуатмӕ. Рӕсӕнуаты алфамбылӕйтты, рӕсӕнуатӕй бонцау ӕддӕдӕр алырдӕм дӕр, дыууӕ ӕлмӕрины бӕрц зӕххы сӕрмӕ ныццӕнд сты уӕрццытӕ. 32Адӕм ныххӕррӕтт кодтой ӕмӕ сӕ ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв, стӕй дыккаг бон суанг изӕрмӕ ӕмбырд кодтой. Къаддӕр кӕмӕн бантыст, уый дӕр дӕс хомеры уӕддӕр ӕрӕмбырд кодта, ӕмӕ сӕ рӕсӕнуаты алыварс равӕрдтой сӕхицӕн. 33Фӕлӕ сын уыцы фыдызгъӕл ӕууылд нӕма фӕци, афтӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди ӕмӕ сыл рын сыстын кодта. 34Уыцы бынат схуыдтой Киврот-Хаттава ▼▼Ома Тӕргайгӕнджыты ингӕнтӕ.
, уымӕн ӕмӕ зындард адӕмы уым баныгӕдтой. 35Киврот-Хаттавайӕ адӕм ацыдысты Хацеротмӕ ӕмӕ Хацероты ӕрлӕууыдысты.
Copyright information for
OssIBT2022