Numbers 12
1Моисейӕн йӕ ус уыди эфиопаг, ӕмӕ йын Мариам ӕмӕ Аарон уый йӕ цӕстмӕ дардтой. 2Уыдон дзырдтой: «Исты ӕрмӕст Моисеимӕ уыди Йӕ ныхас Дунедарӕгӕн? Ау, махимӕ дӕр нӕ ныхас кодта?» Ӕмӕ фехъуыста уый Дунедарӕг. 3Моисейы хуызӕн сабыр адӕймаг та зӕххыл нӕ уыд. 4Ӕмӕ загъта Дунедарӕг ӕваст Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамӕн: «Цӕугӕут-ма ӕртӕйӕ дӕр Фембӕлды Цатырмӕ». Ацыдысты се’ртӕ дӕр, 5ӕмӕ сӕм раргом ис Дунедарӕг мигъы цӕджындзы, Цатыры бахизӕны ныллӕууыд ӕмӕ басидт Йӕхимӕ Аарон ӕмӕ Мариаммӕ. Куы Йӕм бахӕстӕг сты, уӕд 6Дунедарӕг загъта:«Байхъусут мӕ ныхӕстӕм:Кӕд уе’хсӕн Дунедарӕджы пехуымпар вӕййы,
уӕд ӕм Ӕз йӕ цӕстылуайӕнты
раргом кӕнын Мӕхи,
фыны фӕдзурын йемӕ.
7Мӕ цагъар Моисейы хъуыддаг та ӕндӕр у:
уый алцӕмӕй дӕр иузӕрдион у Мӕныл Мӕ Хӕдзары.
8Уыци-уыцитӕй нӕ, фӕлӕ ӕргом,
лӕгӕй-лӕгмӕ дзурын Ӕз йемӕ;
уый Дунедарӕджы сурӕт йӕ цӕстӕй куы уыны,
уӕд куыд бауӕндыдыстут сымах
Мӕ цагъары, Моисейы, ныхмӕ дзурын?»
9Дунедарӕджы маст сӕм рафыхт, ӕмӕ Йӕхи уырдыгӕй айста. 10Ӕврагъ Цатырӕй адард ис, Мариамы буар та хъотырӕй митау урс адардта. Аарон бакасти Мариаммӕ ӕмӕ федта, къахӕй сӕрмӕ йыл хъотыр кӕй ис, уый. 11Ӕмӕ Аарон загъта Моисейӕн: «Мӕ хицау! Ма нӕ бафхӕр — не’нӕзондӕй бацыдыстӕм тӕригъӕды. 12Ма’руадз уый, цӕмӕй Мариам, йӕ мады гуыбынӕй ӕрдӕгӕмбыдӕй чи рацӕуы, уыцы мардӕйгуырд сабийы хуызӕн суа». 13Ӕмӕ сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ: «О Хуыцау, курын Дӕ, сдзӕбӕх ӕй кӕн!» 14Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Йӕ фыд ын йӕ цӕсгомыл куы бату кӕнид, уӕд авд боны дӕргъы фыр ӕфсӕрмӕй йӕхи не’мбӕхсид? Авд боны дӕргъы рӕсӕнуаты ӕдде фӕуӕд ӕмӕ-иу уый фӕстӕ ӕрбацӕуӕд». 15Ӕмӕ рӕсӕнуаты ӕдде фӕкодтой Мариамы авд боны ӕмгъуыдмӕ. Йе’рбаздӕхынмӕ израилӕгтӕ сӕ фӕндагыл нӕ ацыдысты.
Copyright information for
OssIBT2022