Numbers 13
1Уый фӕстӕ адардтой сӕ фӕндаг Хацеротӕй ӕмӕ уал Параны ӕдзӕрӕг быдыры ӕрлӕууыдысты. 2Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 3«Арвит лӕгтӕ, цӕмӕй ӕркӕсой Ханаанмӕ, израилӕгтӕн дӕттинаг кӕй дӕн, уыцы бӕстӕм. Алы мыггагӕй дӕр арвитут фӕйнӕ лӕджы, сӕ фӕтӕгты». 4Ӕмӕ йын Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ Параны ӕдзӕрӕг быдырӕй Моисей разӕй лӕгтӕ арвыста, се’ппӕт дӕр — израилӕгты фӕтӕгтӕ. 5Номхуындӕй сты: Рувимы мыггагӕй — Шаммуа, Заккуры фырт; 6Симеоны мыггагӕй — Шафат, Хорийы фырт; 7Иудӕйы мыггагӕй — Калев, Иефоннейы фырт; 8Иссахары мыггагӕй — Игал, Йосефы фырт; 9Ефремы мыггагӕй — Хошеа, Нуны фырт; 10Бениамины мыггагӕй — Палти, Рафуйы фырт; 11Зевулоны мыггагӕй — Гаддиел, Содийы фырт. 12Йосефы мыггагӕй (Менассиайы мыггагӕй), — Гадди, Сусийы фырт; 13Даны мыггагӕй — Аммиел, Гемалийы фырт; 14Асиры мыггагӕй — Сетур, Михаелы фырт; 15Неффалимы мыггагӕй — Нахби, Вафсийы фырт; 16Гады мыггагӕй — Геуел, Махийы фырт. 17Уыдон сты, Моисей бӕстӕуынӕг кӕй арвыста, уыцы лӕгтӕ номхуындӕй. (Хошеайӕн та, Нуны фыртӕн, Моисей радта ном Йешуа.) ▼▼Ном «Хошеа» дзуттаг ӕвзагыл нысан кӕны «ирвӕзындзинад»; ном «Йешуа» — «Дунедарӕг ирвӕзын кӕны».
18Моисей сӕ Ханаанмӕ бӕстӕуынӕг куы ӕрвыста, уӕд сын загъта: «Негевыл ацӕут ӕмӕ хӕхбӕстӕм ссӕут. 19Ӕркӕсут уыцы зӕхмӕ, кӕддӕра цыхуызӕн у. Чи дзы цӕры, уыцы адӕм хъаруйӕ ӕххӕст сты ӕви нӕ, нымӕцӕй чысыл сты ӕви бирӕ? 20Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд? 21Сӕ зӕххыхъӕд куыд у — сойджын у ӕви мӕгуыр, бӕлӕстӕ дзы зайы ӕви нӕ? Ӕнӕмӕнг ын йӕ дыргътӕй ӕрбахӕссут». Сӕнӕфсирафон уыди. 22Ӕрвыст лӕгтӕ ссыдысты ӕмӕ ӕркастысты бӕстӕм — Цины ӕдзӕрӕг быдырӕй Лево-Хаматмӕ хӕстӕг Реховы онг. 23Негевыл ахызтысты ӕмӕ Хевронмӕ, Анакы байзӕддӕгтӕ Ахиман, Шешай ӕмӕ Талмай кӕм цардысты, уырдӕм бахӕццӕ сты. (Хеврон та Мысыры сахар Цоанӕй авд азы раздӕр сырӕзт.) 24Ешколы дӕлвӕзмӕ бафтыдысты ӕмӕ дзы сӕнӕфсиры къабуз ӕд цупал ракодтой ӕмӕ йӕ хъилыл дыууӕйӕ рахастой, ноджы ма — гранаттӕ ӕмӕ легъуитӕ. 25(Уыцы бынат схуыдтой Ешколы дӕлвӕз, израилӕгтӕ дзы сӕнӕфсиры цупал кӕй ракодтой, уый тыххӕй.) 26Дыууиссӕдз боны рацыд, афтӕ ӕрвыст лӕгтӕ, бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй куы басгӕрстой, уӕд фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. 27Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕйы раз куы ӕрбалӕууыдысты Параны ӕдзӕрӕг быдыры, Кадешы, уӕд Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйӕн, цы федтой, уый радзырдтой, уырдыгон дыргътӕ сын равдыстой. 28Рахабар кодтой: «Уыдыстӕм, цы бӕстӕм нӕ арвыстай, уым. Ӕцӕг хъары йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд. Мӕнӕ йӕ дыргътӕ. 29Фӕлӕ уыцы бӕстӕйы цӕрӕг адӕм тыхджын сты, сӕ сахартӕ та стыр ӕмӕ бырухгӕд. Суанг ма дзы Анакы фӕдонтыл дӕр амбӕлдыстӕм. 30Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты». 31Моисейы алыварс цы адӕм уыд, уыдоны Калев разӕнгард кодта: «Цом ӕмӕ нӕхи бакӕнӕм уыцы бӕстӕ! Фӕтых сыл уыдзыстӕм!» 32Фӕлӕ, уырдӕм йемӕ цы лӕгтӕ ацыд, уыдон дзырдтой: «Уыцы адӕмы ныхмӕ мах ницы бакӕндзыстӕм, уыдон махӕй тыхджындӕр сты!» 33Ӕмӕ тауыстӕ кодтой израилӕгты’хсӕн, уынӕг цы бӕсты уыдысты, уый тыххӕй: «Цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый, чи дзы ӕрцӕра, уыдоны бахӕрдзӕн. Кӕйдӕриддӕр дзы федтам — иууылдӕр ӕнахуыр бӕрзонд адӕм сты. 34Уӕйыгӕнгӕс адӕмы дӕр дзы федтам (Анакы байзӕддӕгтӕ уӕйгуыты мыггагӕй сты). Сӕ разы нӕхимӕ цъырцъырӕгты хуызӕн кастыстӕм ӕмӕ цъырцъырӕгтӕй уӕлдай нӕ уыдыстӕм уыдоны цӕсты дӕр».
Copyright information for
OssIBT2022