Numbers 14
1Ӕмхъӕлӕсӕй нырдиаг кодта дзыллӕ, адӕм сӕ кӕуынӕй нӕ банцадысты ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. 2Израилӕгтӕ бустӕ кодтой Моисей ӕмӕ Аароныл. Ӕппӕт дзыллӕ сын дзырдта: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам! Фӕлтау ацы ӕдзӕрӕг быдыры куы ӕрбамӕликкам! 3Цӕмӕ нӕ кӕны Дунедарӕг уыцы бӕстӕм? Цӕмӕй кардылӕфтыд фӕуӕм? Цӕмӕй нӕ устытӕ ӕмӕ нӕ сабитӕ уацары бахауой? Фӕлтау фӕстӕмӕ Мысырмӕ куы аздӕхиккам, уӕд нын хуыздӕр нӕ уаид?» 4Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бавдӕлӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Мысырмӕ аздӕхӕм!» 5Моисей ӕмӕ Аарон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой израилӕгты дзыллӕйы раз. 6Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт, иннӕ сгарджытимӕ бӕстӕуынӕг чи уыд, уыдон сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм 7ӕмӕ Израилы дзыллӕйӕн загътой: «Мах бӕрӕггӕнӕг цы бӕстӕм фӕцыдыстӕм, уый тынг бӕллиццаг у! 8Кӕд нӕ Дунедарӕджы хорзӕх уа, уӕд нӕ уырдӕм бакӕндзӕн ӕмӕ нын ратдзӕн, йӕ сыджытӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕ. 9Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!» 10Фӕлӕ сӕ дзыллӕ дурты бын фӕкӕнынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад разынди Фембӕлды Цатырӕй ӕппӕт израилӕгтӕм, 11ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Кӕдмӕ Мӕ мӕсты кӕндзысты ацы адӕм? Цы диссӕгтӕ сын равдыстон, уыдон сын фаг не сты, цӕмӕй Мыл баууӕндой? 12Ӕз сыл рын сыстын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ ныццӕгъддзынӕн. Дӕ мыггагӕй та ног адӕм рауадздзынӕн, адонӕй фылдӕр ӕмӕ хъаруджындӕр». 13Фӕлӕ загъта Моисей Дунедарӕгӕн: «Дӕ хъомысӕй ацы адӕмы кӕй дзӕмбытӕй фервӕзын кодтай, уыцы мысырӕгтӕ уый куы фехъусой, 14уӕд ӕй радзурдзысты ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн. Уыдон та ныридӕгӕн фехъуыстой, Ды, Дунедарӕг, ацы адӕмӕн се’хсӕн кӕй Дӕ ӕмӕ сӕм ӕргом кӕй рацӕуыс; Дӕ мигъы ӕврагъ кӕй лӕууы сӕ сӕрмӕ, Ды Дӕхӕдӕг кӕй цӕуыс сӕ разӕй, боныгон — мигъы цӕджындзы, ӕхсӕв та — арты цӕджынджы. 15Ацы адӕмы фӕстаг лӕджы онг куы ныццӕгъдай, уӕд, Дӕ кой чи фехъуыста, уыцы адӕмтӕ се’ппӕт дӕр зӕгъдзысты: 16„Дунедарӕджы бон не сси ацы адӕмы, зӕрдӕ сын цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм бакӕнын, ӕмӕ сӕ уымӕн ныццагъта ӕдзӕрӕг быдыры“. 17Уӕдӕ кад Дунедарӕджы хъомысӕн! Ды Дӕхӕдӕг куы загътай: 18„Дунедарӕг бирӕбыхсаг ӕмӕ бирӕбараг у! Уый ныххатыр кӕны рӕдыдтытӕ ӕмӕ тӕригъӕдтӕ, фӕлӕ аххосджыны ӕназымыл нӕ банымайы. Уый ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг тӕригъӕд бафидын кӕны“. 19Де стыр уарзты хатырӕй ныббар сӕ тӕригъӕд ацы адӕмӕн, Мысырӕй ардӕм сын абоны онг куыд барстай, афтӕ». 20Ӕмӕ загъта Дунедарӕг: «Дӕ хатырӕй сын барын. 21Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй, 22Мысыры ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цы кад ӕмӕ цы диссӕгтӕ равдыстон, уыдон чи федта ӕмӕ Мӕ афтӕмӕй чи ницӕмӕ дардта, ныридӕгӕн Мӕ дӕс хатты чи бафӕлвӕрдта, 23уыдонӕй иунӕг дӕр нӕ фендзӕн, сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдтон, уый. 24Фӕлӕ ӕндӕрхуызон у мӕ цагъар Калевы удысконд — уый Мыл йӕ зӕрдӕ никуы сивта, ӕмӕ йӕ Ӕз бакӕндзынӕн, амӕй размӕ цы бӕсты уыдис, уырдӕм. Йӕ байзӕддӕгты хай бауыдзӕн уыцы бӕстӕ! 25Уыцы бӕсты дӕлвӕзтӕ амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгты цӕрӕнтӕ сты. Райсом уӕ ных саразут ӕдзӕрӕг быдырмӕ, Сырх денджызмӕ цы фӕндаг цӕуы, уырдӕм». 26Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 27«Кӕдмӕ Мыл хъуамӕ хъуыр-хъуыр кӕной ацы ӕнаккӕгтӕ? Израилӕгты хъаст Мӕм хъуысы. 28Фехъусын сын кӕн: „Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уын, цы агуырдтат, уый бакӕндзынӕн! 29Ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты уӕ мӕрдтӕ — ссӕдзаздзыд ӕмӕ уымӕй хистӕрты номхыгъды чи ис, уыдонӕн се’ппӕты мӕрдтӕ, Мӕныл чи хъуыр-хъуыр кодта, уыдонӕн се’ппӕты мӕрдтӕ! 30Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ сымахӕй ничи бацӕудзӕн, уым уӕ ӕрцӕрын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, уын ард кӕмӕй бахордтон, уыцы бӕстӕм. 31Уӕ сабиты та, афтӕ кӕмӕй дзырдтат, уацары хай фӕуыдзысты, зӕгъгӕ, уыдоны та бакӕндзынӕн Ӕз уырдӕм, ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, сымах былысчъилтӕ кӕуыл кодтат, уыцы бӕстӕ цыхуызӕн у, уый. 32Сымахӕн уӕ мӕрдтӕ ацы ӕдзӕрӕг быдыры баззайдзысты. 33Уӕ цот дыууиссӕдз азы дӕргъы ацы ӕдзӕрӕг быдыры фосы фӕстӕ рахау-бахау кӕндзысты ӕмӕ уын уӕ тӕригъӕд фиддзысты, цалынмӕ ма уӕ иу дӕр удӕгас уа, уӕдмӕ. 34Дыууиссӕдз боны дӕргъы бӕстӕуынӕг уыдыстут ӕмӕ дыууисӕдз азы дӕргъы, уыцы бонты нымӕцмӕ гӕсгӕ, алы боны ныхмӕ — афӕдз, фиддзыстут уӕ тӕригъӕд, цӕмӕй бамбарат, Мӕ ныхмӕ рацӕуын цы у, уый“. 35Ӕз — Дунедарӕг! Куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн, Мӕ ныхмӕ чи растад, уыцы ӕнаккӕгтӕн. Ацы ӕдзӕрӕг быдыры сӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн, ам амӕлдзысты». 36Моисей уыцы бӕстӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ кӕй арвыста ӕмӕ йӕ, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхгӕйӕ, чи фаудта ӕмӕ афтӕмӕй ӕппӕт дзыллӕйы Моисейы ныхмӕ чи скодта, 37уыцы лӕгтӕ — бӕстӕйыл цъыфкалӕн чи кодта, уыдон се’ппӕт дӕр — рынӕй фӕцагъды сты. Дунедарӕг сыл Йӕ бӕллӕх сӕвӕрдта. 38Бӕстӕуынӕг чи ацыд, уыдонӕй ма удӕгасӕй баззадысты ӕрмӕстдӕр Йешуа, Нуны фырт, ӕмӕ Калев, Иефоннейы фырт. 39Моисей израилӕгтӕн Дунедарӕджы ныхӕстӕ фехъусын кодта, ӕмӕ адӕм тынг хъыг кодтой. 40Дыккаг бон сӕумӕйӕ фестадысты ӕмӕ хӕхтӕм фӕраст сты ахӕм ныхӕстимӕ: «Дунедарӕг нын кӕдӕм загъта, уырдӕм ацӕудзыстӕм. Фӕтӕригъӕдджын стӕм». 41Моисей загъта: «Цӕуылнӕ хъусут Дунедарӕгмӕ? Хорзмӕ уын нӕ рауайдзӕн. 42Кӕд Дунедарӕг уемӕ нӕй, уӕд ма ацӕут — знӕгтӕ уӕ ныззыгуым кӕндзысты. 43Уым разӕй — амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ, ӕмӕ сӕ кардылӕфтыд фӕуыдзыстут! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕхи атигъ кодтат, ӕмӕ Дунедарӕг нӕй уемӕ». 44Фӕлӕ уыдон ныфсхастӕй хӕхтӕм фӕраст сты, Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕмӕ Моисей та нӕ фенкъуыстысты рӕсӕнуатӕй. 45Уыцы хӕхты цӕрӕг амалекӕгтӕ ӕмӕ ханаанӕгтӕ сӕ размӕ ралӕууыдысты ӕмӕ сӕ ныппырх кодтой, сӕ уӕлныхты сӕ айстой ӕмӕ сӕ Хормайы раз балӕууын кодтой.
Copyright information for
OssIBT2022