‏ Numbers 15

Хойраджы хуынтӕ ӕмӕ сӕн

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Израилӕгтӕн фехъусын кӕн: кӕм цӕрдзыстут, уыцы бӕстӕм куы бацӕуат, Ӕз уын кӕй дӕттын, уыцы бӕстӕм 3ӕмӕ Дунедарӕгӕн уе стуртӕ кӕнӕ уӕ фысвосӕй нывӕндтӕ куы хӕссат — иууылсудзинаг нывонд уа ӕви сомыйы нывонд, бархийы нывонд, бӕрӕгбоны фӕдыл ӕви ӕндӕр исты нывонд — Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн куы судзат, 4уӕд Дунедарӕджы нывондимӕ ӕнӕмӕнг хъуамӕ хойраджы хуын дӕр уа: мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ змӕстӕй. 5Иууылсудзинаг нывонд ӕмӕ кусӕрттаг уӕрыккимӕ ӕмбӕлы ӕрбахӕссын сӕн дӕр — гины цыппӕрӕм хай.

6Нывондаг фыримӕ хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы дыууӕ дӕсӕймаг хайы оливӕйы сойы гины ӕртыццаг хаимӕ змӕстӕй, 7гины ӕртыццаг хай та сӕн. Уый уыдзӕни Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕф.

8Нывондаг галимӕ — Дунедарӕджы иууылсудзинаг уа, сомыйы нывонд уа ӕви фидыды нывонд — 9хойраджы хуынӕн ӕрбахӕссын ӕмбӕлы мӕнӕуы ссады ефӕйы ӕртӕ дӕсӕймаг хайы гины ӕмбис оливӕйы соимӕ змӕстӕй, 10гины ӕрдӕг та сӕн. Уый уыдзӕни арты нывонд Дунедарӕгӕн, ӕхцон хӕрздӕф.

11Афтӕ кӕнын уын ӕмбӕлы кӕддӕриддӕр, нывондӕн куы хӕссат гал кӕнӕ фыр, уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк. 12Цал нывонды ӕрхӕссат, уал хъуамӕ уа семӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ сӕн дӕр.

13Алы бынӕттон цӕрӕг дӕр хъуамӕ афтӕ кӕна, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд куы хӕсса, уӕд.

14Ӕрцӕуӕггаг исчи уе’хсӕн кӕнӕ уӕ байзӕддӕгты’хсӕн куы цӕра ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн арты нывонд ӕрхӕссын куы бафӕнда, уӕд уый дӕр хъуамӕ алцыдӕр, сымах куыд кӕнут, афтӕ бакӕна. 15Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ. 16Иу ӕгъдау ӕмӕ иу уагӕвӕрд ис сымахӕн дӕр ӕмӕ уе’хсӕн цӕрӕг ногӕрлидзджытӕн дӕр».

Хоры сӕртӕй хуын

17Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 18«Фӕдзур израилӕгтӕм ӕмӕ сын зӕгъ: Ӕз уӕ цы бӕстӕм кӕнын, уырдӕм куы бацӕуат 19ӕмӕ уыцы зӕххы хойраг куы хӕрат, уӕд-иу Дунедарӕджы ном арут. 20Ног хоры ссады сӕртӕй-иу Мын гуыл скӕнут, цыма мусы лӕвар у, афтӕ. 21Уӕ хыссӕйы сӕртӕй конд гуылӕй кувут Дунедарӕгӕн фыдӕй-фыртмӕ.

Тӕригъӕды нывонд

22Дунедарӕг Моисейӕн кӕй фехъусын кодта, уыцы фӕдзӕхстытӕй искӕцы ӕнӕрхъуыдыйӕ куынӕ сӕххӕст кӕнат, 23Моисейӕн уын цы бафӕдзӕхста, уыдӕттӕй исты, уӕд уын мӕнӕ афтӕ кӕнын ӕмбӕлы (Дунедарӕг ацы бардзырд куы радта, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ кӕддӕриддӕр, фыдӕй-фыртмӕ).

24Кӕд ӕмӕ дзыллӕйы аххосӕй ӕрцыди рӕдыд, уӕд дзыллӕ иумӕйагӕй ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывонд — гал, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн, хойраджы хуын ӕмӕ сӕнимӕ, стӕй тӕригъӕды нывондӕн — сӕгъ. 25Ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын ӕппӕт израилӕгты дзыллӕ, ӕмӕ сын хатыр уыдзӕн: рӕдыд ӕрцыд, ӕмӕ уыцы рӕдыды тыххӕй уыдон арты нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, стӕй ма тӕригъӕды нывонд дӕр ӕрхастой Дунедарӕджы раз. 26Хатыр уыдзӕн ӕппӕт израилӕгты дзыллӕйӕн ӕмӕ се’хсӕн цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгтӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕбары ӕруагътой рӕдыд ӕппӕт адӕм.

27Иу исчи ӕнӕбары куы ӕруадза рӕдыд, уӕд та цӕугуист ӕрхӕссӕд тӕригъӕды нывондӕн. 28Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ссыгъдӕг кӕнӕд сауджын Дунедарӕджы раз, ӕнӕбары чи фӕрӕдыд, уыцы адӕймаджы. Ссыгъдӕг ӕй кӕндзӕн ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уыцы адӕймагӕн хатыргонд уыдзӕн йӕ тӕригъӕд. 29Иу уагӕвӕрд уӕм хъуамӕ уа, чи фӕрӕдийа, уыдонӕн: израилаг бынӕттон цӕрджытӕн дӕр ӕмӕ се’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕн дӕр.

30Фӕлӕ зонгӕ-зонын куы бакӕна тӕригъӕд ми адӕймаг, уӕд, бынӕттон цӕрӕг уа ӕви ӕрцӕуӕггаг, уый уымӕй Дунедарӕджы ӕфхӕры, ӕмӕ йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 31Уый Дунедарӕджы ныхас ницӕмӕ ӕрдардта, Йӕ фӕдзӕхсты сӕрты Йын ахызт, ӕмӕ йӕ адӕмы’хсӕнӕй фӕхъӕудзӕн, йӕ тӕригъӕд бафиддзӕн».

Сабат

32Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд амбӕлдысты, сабатбон сугтӕ чи ӕмбырд кодта, ахӕм лӕгыл. 33Сугтӕ ӕмбырдгӕнгӕ йӕ чи баййӕфта, уыдон ӕй Моисей, Аарон ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы размӕ ӕрбакодтой. 34Ахӕстоны йӕ баппӕрстой, цы гӕнгӕ йын у, уымӕн уагӕвӕрд кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ.

35Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ацы адӕймаг маринаг у. Дзыллӕ йӕ дурты бын фӕкӕнӕнт рӕсӕнуаты ӕдде». 36Ракодтой йӕ дзыллӕ иумӕ рӕсӕнуатӕй ӕмӕ йӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ дурты бын фӕкодтой.

Ӕрвхуыз ӕндах — зӕрдыл дарынӕн

37Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 38«Фехъусын кӕн израилӕгтӕн: сӕ дарӕсты кӕрӕтты хъуамӕ цупӕлттӕ кӕной фыдӕй-фыртмӕ, уыцы цупӕлтты ӕрвхуыз ӕндахӕй хау куыд уа, афтӕмӕй. 39Цӕмӕй-иу уыцы цупӕлттӕм гӕсгӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууой Дунедарӕджы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ, ӕххӕст сӕ кӕнат ӕмӕ уӕ ма сайой хъахбайдзинадмӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ цӕстытӕ. 40Уӕ зӕрдыл дардзыстут ӕмӕ ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уӕ Хуыцауы раз сыгъдӕг уыдзыстут. 41Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕмӕй уӕ Хуыцау уа, уый тыххӕй уӕ Мысырӕй Чи ракодта, Уый. Ӕз — Дунедарӕг, уӕ Хуыцау».
Copyright information for OssIBT2022