Numbers 16
Корахы растад
1Корах, Левийы фырт Кехатӕн йӕ фырт Ицхары фырт, йемӕ — Рувимы байзӕддӕгтӕ: Елиавы фырттӕ Датан ӕмӕ Авирам, стӕй Пелеты фырт Он 2Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Израилӕгтӕй дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы сӕ фарс рахӕцыдысты, се’ппӕт дӕр — дзыллӕйы фӕтӕгтӕ, ӕвзӕрст адӕм, нымад лӕгтӕ. 3Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?» 4Моисей уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауди. 5Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттӕн загъта: «Райсом сӕумӕйӕ равдисдзӕн Дунедарӕг, Йӕхи чи у ӕмӕ сыгъдӕг чи у, стӕй Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуын кӕй уадзы, уый. Кӕй равзӕрста, уымӕн Йӕхимӕ хӕстӕг бацӕуыны бар ратдзӕн. 6Будсудзӕнтӕ райсут, Корах ӕмӕ йе’мбӕлттӕ, 7сӕ хуылфы сын зынджытӕ ӕмӕ буд цӕвӕрут ӕмӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут. Дунедарӕг кӕй равзара, сыгъдӕг уый у. Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд, Левийы байзӕддӕгтӕ!» 8Моисей Корахӕн загъта: «Байхъусут-ма, Левийы байзӕддӕгтӕ! 9Израилы Хуыцау уӕ израилӕгты’хсӕнӕй равзӕрста ӕмӕ уӕ Йӕхимӕ ӕрбахӕстӕг кодта, Уаз Цӕрӕны кусыны ӕмӕ уын дзыллӕйӕн лӕггад кӕныны бар радта. Ау, уый уын фаг нӕу? 10Дунедарӕг дӕу ӕмӕ де’фсымӕрты, Левийы байзӕддӕгты, Йӕхимӕ ӕрбаввахс кодта, сымах та ма сауджын уӕвын дӕр домут! 11Ды ӕмӕ дӕ хъузӕттӕ Дунедарӕджы ныхмӕ сыстадыстут! Уыцы ран Аарон цы гӕнӕг у, цӕмӕй дзы хъаст кӕнат?» 12Моисей арвыста Датан ӕмӕ Авираммӕ, Елиавы фырттӕм, фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстӕм! 13Йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕй нӕ ракодтай, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдыры не сӕфт ссарӕм, ӕмӕ дын уый фаг нӕу? Ноджы ма дӕ махӕн хицау суӕвын дӕр фӕнды? 14Кӕд нӕ, мыййаг, йӕ зӕххӕй ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕмӕн хъары, уыцы бӕстӕм не’рбакодтай ӕмӕ нын хуымгӕндтӕ ӕмӕ сӕндӕттӕ нӕ радтай! Афтӕ ӕнхъӕлыс, ӕмӕ адӕмыл цӕстытӕ нӕй? Нӕ дӕм бацӕудзыстӕм!» 15Моисей тынг смӕсты ис ӕмӕ загъта Дунедарӕгӕн: «Ма сын баввӕрс сӕ хуынтыл. Ӕз сӕ хӕрӕг дӕр куы никӕмӕй райстон, иуӕн дӕр дзы ӕвзӕрӕй куы ницы ракодтон!» 16Загъта Моисей Корахӕн: «Ды ӕмӕ де’мбӕлттӕ уе’ппӕт дӕр райсом хъуамӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууат: ды дӕр, де’мбӕлттӕ дӕр ӕмӕ Аарон дӕр. 17Алчи уӕ йӕ будсудзӕн райсӕд, буд дзы цӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы размӕ ӕрбахӕссӕд, дыууӕсӕдӕ фӕндзай будсудзӕны ӕрбахӕссут. Ды дӕр ӕрбахӕсс дӕ будсудзӕн, стӕй Аарон дӕр». 18Ӕмӕ райста алчи йӕ будсудзӕн, зынджытӕ ӕмӕ дзы буд цӕвӕрдта ӕмӕ Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — Моисей ӕмӕ Аарон. 19Корах ӕппӕт дзыллӕйы ӕрбамбырд кодта Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ: Фембӕлды Цатыры бахизӕны раз лӕууыдысты. Ӕмӕ уӕд Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста дзыллӕмӕ.Хуыцауы цӕхӕр
20Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 21«Иуварс ацӕут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ Ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ бындзагъд фӕкӕнон!» 22Фӕлӕ уыдон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ загътой: «О Хуыцау, царды комулӕфт Чи ратты, уыцы Хуыцау! Иу адӕймаг тӕригъӕды бацыд, Ды та ӕппӕт дзыллӕмӕ смӕсты дӕ?» 23Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 24«Зӕгъ дзыллӕйӕн, цӕмӕй Корах, Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕй дард ацӕуой!» 25Моисей, йӕ фӕстӕ Израилы хистӕртӕ, афтӕмӕй араст ис Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕм 26ӕмӕ загъта дзыллӕйӕн: «Дард ацӕут ацы ӕнаккӕгты цатыртӕй ӕмӕ сын сӕ дзаумайӕ дӕр мацӕмӕ бавналут, кӕннод сӕ тӕригъӕдты аххосӕй сымах дӕр бабын уыдзыстут». 27Адӕм дард ацыдысты Корах, Датан ӕмӕ Авирамы цӕрӕнтӕй. Датан ӕмӕ Авирам та сӕ цатырты раз лӕугӕйӕ баззадысты сӕ устытӕ, сӕ цот, се’нахъом сабитимӕ. 28Моисей загъта: «Ныртӕккӕ базондзыстут, цы кӕнын, уый мӕхи фӕндӕй нӕ, фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй кӕй кӕнын, уый. 29Кӕд, алы адӕймаг дӕр куыд амӕлы, афтӕ амӕлой, ӕмӕ сӕ хъысмӕт, алы адӕймагӕн дӕр куыд вӕййы, афтӕ уа, уӕд, бӕлвырд, мӕн сымахмӕ Дунедарӕг нӕ рарвыста. 30Фӕлӕ сын кӕд Дунедарӕг, нырмӕ чи не’рцыди, исты ахӕм ми бакӕна, кӕд сӕм зӕхх йӕ ком фӕхӕлиу кӕна ӕмӕ сӕ се’ппӕт исбонимӕ аныхъуыра ӕмӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай бауой, уӕд ӕй зонут, ацы адӕймӕгтӕ Дунедарӕгыл сӕхи атигъ кодтой». 31Куыддӕр уыцы ныхӕстӕ загъта, афтӕ зӕхх сӕ быны фӕйнӕрдӕм ацыд: 32бахӕлиу кодта зӕхх йӕ ком ӕмӕ сӕ се’ппӕт исбонимӕ аныхъуырдта — Корахы ӕппӕт адӕмы сӕ иууыл исбонимӕ. 33Цыдӕриддӕр сӕм уыди, уыдонимӕ цӕрдудӕй мӕрдтыбӕсты хай баисты. Зӕхх фӕстӕмӕ йӕ раздӕры хуыз райста, уыдонӕн та адӕмы’хсӕн сӕ кой дӕр нал фӕзынди. 34Сӕ хъӕрахстмӕ, сӕ алыварс чи уыди, уыцы израилӕгтӕ лидзынмӕ фесты, зӕхх мах дӕр куы аныхъуыра, зӕгъгӕ. 35Арт рацыди Дунедарӕгӕй ӕмӕ, будсудзӕнты буд чи ӕрбахаста, уыцы дыууӕсӕдӕ фӕндзай лӕджы бавзалы кодта. 36Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 37«Зӕгъ Елеазарӕн, сауджын Аароны фыртӕн, будсудзӕнтӕ сыгъдонӕй рамбырд кӕнӕд ӕмӕ сын сӕ зынджытӕ акалӕд: 38уыдон срухс сты ныр ацы тӕригъӕдджынты амардӕй; тӕнӕг сыфтӕ сӕ рацӕгъдӕнт нывондхӕссӕн ӕмбӕрзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы размӕ бахастой, ӕмӕ срухс сты. Развӕдзӕхстау уӕнт израилӕгтӕн!» 39Сауджын Елеазар рамбырд кодта, арты чи басыгъд, уыдоны ӕрхуы будсудзӕнтӕ, ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕнӕн ӕмбӕрзӕн сыфтӕ рацагътой, 40Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ. Уыцы ӕмбӕрзӕны нысан — израилӕгтӕ сӕ зӕрдыл куыд дарой: Аароны байзӕддӕгты йеддӕмӕ Дунедарӕджы раз буд судзынмӕ чи бацӕуа, ууыл Корах ӕмӕ йӕ хъузӕтты бон акӕндзӕн.Адӕмы гуырысхотӕ ӕмӕ рыны азар
41Дыккаг бон дзыллӕ Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ сыстадысты. Азымджын сӕ кодтой израилӕгтӕ: «Сымах Дунедарӕджы ӕвзӕрст адӕмы амардтат!» 42Дзыллӕ куы ӕрбамбырд сты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ, уӕд Фембӕлды Цатыры’рдӕм фӕкастысты ӕмӕ федтой: мигъ ӕй бамбӕрзта, ӕмӕ Дунедарӕджы кад Йӕхи равдыста. 43Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты Фембӕлды Цатыры размӕ, 44ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 45«Иуварс алӕуут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ фесафон!» Дыууӕйӕ дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. 46Моисей Ааронӕн загъта: «Дӕ будсудзӕн райс, нывӕр дзы нывондхӕссӕны зынджытӕй, стӕй буд ӕмӕ тагъддӕр цӕугӕ дзыллӕйы’хсӕнмӕ, ссыгъдӕг сын кӕн сӕ тӕригъӕд. Дунедарӕджы маст рафыхти: рын сыстад!» 47Аарон, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта: адӕмы астӕу балӕууыд, фӕлӕ уӕдмӕ адӕмыл рын сыстад. Аарон буд ссыгъта ӕмӕ адӕмы тӕригъӕд ссыгъдӕг кодта. 48Мӕрдтӕ ӕмӕ удӕгӕсты’хсӕн слӕууыди, ӕмӕ рын фесӕфти. 49Корахимӕ чи бацарӕфтыд, уыдоны нӕ нымайгӕйӕ, рын ахаста цыппӕрдӕс мин авдсӕдӕ адӕймаджы. 50Аарон Моисеймӕ аздӕхт фӕстӕмӕ, Фембӕлды Цатыры размӕ. Рын фесӕфт.
Copyright information for
OssIBT2022