‏ Numbers 17

Аароны къуыпафтауӕг лӕдзӕг

1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс, 3Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл ныффысс Аароны ном. Фӕйнӕ лӕдзӕджы — алы мыггаджы хистӕрӕй. 4Бавӕр лӕдзджытӕ Фембӕлды Цатыры, Фидыды Чырыны раз, Ӕз уӕм кӕм раргом вӕййын, уыцы ран. 5Кӕцы лӕдзӕг равзарон, уый цъӕх адардзӕн — Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, цӕмӕй израилӕгтӕ уӕ ныхмӕ мауал змӕнтой».

6Моисей фехъусын кодта уыцы фӕндон израилӕгтӕн, ӕмӕ ӕрбахастой сӕ фӕтӕгтӕ сӕ лӕдзджытӕ, дыууадӕс лӕдзӕджы, алы фӕтӕгӕй дӕр — фӕйнӕ, ӕмӕ ма ноджы — Аароны лӕдзӕг. 7Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы раз сӕвӕрдта Фембӕлды Цатыры. 8Дыккаг бон бацыди Моисей Фембӕлды Цатырмӕ, кӕсы, ӕмӕ Аароны лӕдзӕг, Левийы мыггаджы лӕдзӕг, цъӕх адардта, дидинӕг акалдта, ӕмӕ йе’хсӕртӕ сцӕттӕ сты. 9Рахаста Моисей лӕдзджытӕ Дунедарӕджы разӕй, израилӕгтӕ сӕм ӕркастысты, ӕмӕ алчи йӕ лӕдзӕг айста.

10Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Аароны лӕдзӕг Фидыды Чырыны раз сӕвӕр, уадз ӕмӕ уым ӕфснайд уа — хивӕнд адӕймӕгтӕн ӕвдисӕйнагӕн. Афтӕмӕй сын сӕ хъуыр-хъуырӕн кӕрон скӕндзынӕ, ӕмӕ нал бабын уыдзысты». 11Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, растдӕриддӕр афтӕ бакодта.

12Израилӕгтӕ загътой Моисейӕн: «Сӕфӕм, быныскъуыд кӕнӕм! 13Дунедарӕджы Уаз Цӕрӕнмӕ чидӕриддӕр хӕстӕг бацӕуа, уый амӕлдзӕн! Ау, не’ппӕт дӕр хъуамӕ бабын уӕм?»
Copyright information for OssIBT2022