Numbers 18
1Дунедарӕг Ааронӕн загъта: «Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг, стӕй дӕ хӕдзарвӕндаг иууылдӕр, дзуапп дӕтдзыстут, Уаз Цӕрӕн куы фӕчъизи уа, уӕд. Ды ӕмӕ дӕ байзӕддаг дзуапп дӕтдзыстут, уӕ сауджынлӕггад куы фӕчъизи уа, уӕд. 2Дӕхи мыггагмӕ, Левийы мыггагмӕ, фӕсид, цӕмӕй дӕ уӕлхъус уой ӕмӕ дын ӕххуыс кӕной, ды дӕ фырттимӕ Фембӕлды Цатыры раз лӕггад куы кӕнай, уӕд. 3Ӕххуыс дын кӕнӕнт ӕмӕ Фембӕлды Цатыры кусӕнт, фӕлӕ уаз мигӕнӕнтӕ ӕмӕ нывондхӕссӕнмӕ хӕстӕг ма цӕуӕнт, науӕд уыдон дӕр амӕлдзысты ӕмӕ сымах дӕр. 4Демӕ дзуапп дӕттӕнт Фембӕлды Цатыры тыххӕй, алы куыст дӕр сӕ бӕрны уӕд. Фӕлӕ уӕм ӕндӕр исчи хъуамӕ хӕстӕг ма цӕуа: 5Уаз Цӕрӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны куыст уӕхимӕ хауы, науӕд та Дунедарӕджы азар ногӕй баййафдзӕн израилӕгты. 6Ӕз равзӕрстон уе’фсымӕрты, левитты, израилӕгты’хсӕнӕй ӕмӕ уын сӕ дӕттын, уый Мӕ лӕвар сымахӕн. Дунедарӕгӕн лӕвӕрд сты уыдон, цӕмӕй кусой Фембӕлды Цатыры. 7Ды ӕмӕ дӕ фырттӕ та хъуамӕ сауджынлӕггад кӕнат нывондхӕссӕны уӕлхъус ӕмӕ мидӕмбӕрзӕны фале. Ӕз уын аккаг кӕнын сауджынлӕггад. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр исчи хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕй амарын хъӕуы». 8Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй. 9Дӕу у иууылсыгъдӕг дӕр — Мӕнӕн цы нывӕндтӕ хӕссынц, уыдоны иу хай. Дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты у, израилӕгтӕ Мын хойраджы хуынӕй, тӕригъӕды нывондӕй, фиддоны нывондӕй кӕй хӕссынц, уыдоны иу хай — иууылуаз. 10Иууылсыгъдӕгау ӕй хӕр; ӕрмӕстдӕр дзы нӕлгоймагӕн ис хӕрыны бар; уазыл дӕм уӕд нымад. 11Дӕу уыдзысты, израилӕгтӕй цыдӕриддӕр хуынтӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ цӕуы, уыдон. Мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй сӕ Ӕз хай кӕнын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн: дӕ бинонтӕй дзы алы сыгъдӕгӕн дӕр хӕрыны бар ис. 12Дунедарӕгӕн хаст сой, сӕн ӕмӕ хоры хуыздӕртӕ — ног тыллӕджы сӕртӕ — Ӕз дӕттын дӕуӕн. 13Дунедарӕгӕн хаст тыллӕджы сӕртӕ иууылдӕр дӕу сты. Дӕ бинонтӕй сыгъдӕг чи у, уыдонӕй дзы алкӕмӕн дӕр хӕрыны бар ис. 14Израилы цыдӕриддӕр ӕлгъыстагӕй ис, уыдон иууылдӕр дӕу сты. 15Дӕу у, адӕймагӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр, Дунедарӕгӕн нывонд кӕй кӕнынц, уыцы фыццаг цӕуӕт. Адӕймаджы фыццаг зӕнӕджы балхӕнын ӕмбӕлы, ӕнӕсыгъдӕг фосы фыццаг цӕуӕты дӕр афтӕ. 16Мӕйдзыд сабийы ныхмӕ райсын ӕмбӕлы ӕвзисты фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй (иу шекелы — ссӕдз герайы). 17Фӕлӕ стурвос ӕмӕ фысвосы фыццаг цӕуӕты ныхмӕ мацы ис — уаз сты уыдон. Сӕ туг-иу сын бапырх кӕн нывондхӕссӕныл, сӕ фиу-иу сын ӕрхӕсс арты нывондӕн, Дунедарӕгӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн. 18Фыдызгъӕл та — дӕхи, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кӕнынц, уыцы кӕразимаг у дӕхи, стӕй кусарты рахиз сгуы дӕр афтӕ. 19Израилӕгтӕ цы уаз хуынтӕ хӕссынц Дунедарӕгӕн, уыдон иууылдӕр Ӕз дӕттын дӕуӕн, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕн, ӕмӕ мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй уӕ хай сты. Уый у Дунедарӕджы раз демӕ ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтимӕ арӕзт мыггагмӕйы фидыд, цӕххы фидыдау — ӕнусон». 20Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Зӕххы хай дын нӕ уыдзӕнис Израилы, ницы хай райсдзынӕ се’хсӕн: дӕ исбон ӕмӕ дӕ зӕххы хай Ӕз дӕн! 21Фембӕлды Цатырӕн цы куыст кӕнынц, уый ныхмӕ Левийы байзӕддӕгтӕн зӕххы хайы бӕсты Ӕз дӕттын, Израилы цыдӕриддӕр ис, уымӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай. 22Израилӕгтӕ та Фембӕлды Цатырмӕ хъуамӕ хӕстӕг ма цӕуой, науӕд фӕтӕригъӕдджын уыдзысты ӕмӕ амӕлдзысты. 23Ӕрмӕстдӕр левиттӕ хъуамӕ кусой Фембӕлды Цатыры, ӕмӕ уыдон дзупп дӕтдзысты, тӕригъӕд ӕй куы фӕчъизи кӕна, уӕд. Уыцы уагӕвӕрд уын мыггагмӕ лӕвӕрд у, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Левиттӕн зӕххы хай нӕ уыдзӕн израилӕгты’хсӕн. 24Зӕххы хайы бӕсты сын Ӕз, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн кӕй дӕттынц, уыцы дӕсӕймаг хай радтон. Уымӕн зӕгъын, израилӕгты’хсӕн сын зӕххы хай кӕй нӕ уыдзӕн». 25Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 26«Фехъусын кӕн левиттӕн: Ӕз уын зӕххы хайы бӕсты кӕй радтон, израилӕгтӕй уыцы дӕсӕймаг хай куы райсат, уӕд-иу ын йӕ дӕсӕймаг хай Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут. 27Уый уын хуыныл нымад ӕрцӕудзӕн: куыд хор — мусӕй, куыд ног сӕн — сӕндуцӕнӕй. 28Израилӕгтӕй кӕй ӕмбырд кӕнат, алы уыцы дӕсӕймаг хайӕ дӕр хай кӕнут Дунедарӕгӕн; уыцы хуын сауджын Ааронмӕ дӕтгӕ у. 29Цыдӕриддӕр уын хӕссынц — алцӕмӕй дӕр Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут ӕппӕты хуыздӕр хай, уаз хай. 30Зӕгъ левиттӕн: дӕсӕймаг хайӕн йӕ хуыздӕр хай куы рахицӕн кӕнат, уӕд уын сахаддзӕн куыд мусы бӕркад, куыд сӕндуцӕны бӕркад. 31Уый уын — уӕ куысты ныхмӕ Фембӕлды Цатыры. Уӕхӕдӕг дӕр, уӕ бинонтӕ дӕр, кӕм уӕ фӕнды, уым ӕй хӕрут, 32азымджын нӕ уыдзыстут: дӕсӕймаг хайӕн йӕ хуыздӕр хай кӕй рахицӕн кодтат, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты уаз хуынтӕ нӕ фӕчъизи кӕндзыстут ӕмӕ мӕлӕты амӕттаг нӕ бауыдзыстут».
Copyright information for
OssIBT2022