‏ Numbers 2

Фӕндагыл цӕуыны ӕмӕ рӕсӕнуаты лӕууыны фӕтк

1Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: 2«Израилӕгтӕ, алчи — йӕ тырыса, йӕ хӕдзарвӕндаджы бӕрӕг нысӕнттимӕ, афтӕмӕй рӕсӕнуат скӕнӕнт Фембӕлды Цатыры алфамбылай».

3Разӕй, скӕсӕнӕрдыгӕй, хъуамӕ йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕна Иудӕйы ӕфсад; Иудӕйы байзӕддӕгты фӕтӕг — Нахшон, Аминадавы фырт. 4Йе’фсӕддон къорды — ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. 5Йӕ фарсмӕ — Иссахары мыггаг; Иссахары байзӕддӕгты фӕтӕг — Нетанел, Цуары фырт. 6Йе’фсӕддон къорды — фӕндзай цыппар мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 7Зевулоны мыггаг: Зевулоны байзӕддӕгты фӕтӕг — Елиав, Хелоны фырт. 8Йе’фсӕддон къорды — фӕндзай авд мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы.

9Иудӕйы ӕфсады нымӕц ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ ӕстай ӕхсӕз мин цыппарсӕдӕ; уыдонӕн разӕй цӕугӕ у.

10Рувимы ӕфсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд хуссарӕрдыгӕй. Рувимы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елицур, Шедеуры фырт. 11Йе’фсӕддон къорды — цыппор ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ адӕймаджы. 12Йӕ фарсмӕ — Симеоны мыггаг. Симеоны байзӕддӕгты фӕтӕг — Шелумиел, Цуришаддайы фырт. 13Йе’фсӕддон къорды — фӕндзай фараст мин ӕртӕсӕдӕ адӕймаджы. 14Дарддӕр — Гады мыггаг; Гады байзӕддӕгты фӕтӕг — Елйасаф, Реуелы фырт. 15Йе’фсӕддон къорды — цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы. 16Рувимы ӕфсӕддон къордты ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ фӕндзай иу мин цыппарсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы; уыдонӕн Иудӕйы ӕфсады фӕстӕ цӕугӕ у.

17Фӕндагыл Уаз Цӕрӕн ӕмӕ левиттӕ хъуамӕ уой ӕфсӕдты астӕу.

Рӕсӕнуаты чи куыд лӕууыд, фӕндагыл дӕр сын афтӕ цӕугӕ у: алчи — йӕхи бынаты, йӕхи ӕфсадимӕ.

18Ефремы’фсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд ныгуылӕнӕрдыгӕй; Ефремы байзӕддӕгты фӕтӕг — Елишама, Аммиуды фырт. 19Йе’фсӕддон къорды — цыппор мин фондзсӕдӕ адӕймаджы. 20Йӕ фарсмӕ — Менассиайы мыггаг; Менассиайы байзӕддӕгты фӕтӕг — Гамлиел, Педацуры фырт. 21Йе’фсӕддон къорды — ӕртын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ адӕймаджы. 22Дарддӕр — Бениамины мыггаг; Бениамины байзӕддӕгты фӕтӕг — Авидан, Гидеонийы фырт. 23Йе’фсӕддон къорды — ӕртын фондз мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 24Ефремы ӕфсады нымӕц ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ аст мин сӕдӕ адӕймаджы; уыдонӕн Рувимы ӕфсады фӕстӕ цӕугӕ у.

25Даны ӕфсад йӕ къордтимӕ ӕрбынат кӕнӕд цӕгатӕрдыгӕй; Даны байзӕддӕгты фӕтӕг — Ахиезер, Амишаддайы фырт. 26Йе’фсӕддон къорды — ӕхсай дыууӕ мин авдсӕдӕ адӕймаджы. 27Йӕ фарсмӕ — Асиры мыггаг; Асиры байзӕддӕгты фӕтӕг — Пагиел, Охраны фырт. 28Йе’фсӕддон къорды — цыппор иу мин фондзсӕдӕ адӕймаджы. 29Дарддӕр — Неффалимы мыггаг; Неффалимы байзӕддӕгты фӕтӕг — Ахира, Енаны фырт. 30Йе’фсӕддон къорды — фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ адӕймаджы. 31Даны ӕфсады ӕдӕппӕтӕй — сӕдӕ фӕндзай авд мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы. Уыдонӕн се’ппӕты фӕстӕ цӕугӕ у.

32Уый — хӕдзарвӕндаггай израилӕгты сфыстмӕ чи бахауд, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй се’фсады, алы къорд дӕр хынцгӕйӕ, уыдис ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы. 33Уыимӕ левиттӕ израилӕгты хыгъдмӕ хаст не’рцыдысты, Дунедарӕг Моисейӕн куыд загъта, афтӕ.

34Дунедарӕг Моисейӕн куыддӕриддӕр загъта, алцыдӕр афтӕ бакодтой израилӕгтӕ — рӕсӕнуаты сӕ чи куыд лӕууыди йе’фсадимӕ, фӕндагыл дӕр цыдысты афтӕ: алчи — йӕхи мыггаг, йӕхи хӕдзарвӕндагимӕ.
Copyright information for OssIBT2022