‏ Numbers 20

1Фыццаг мӕйы мӕйноджы израилӕгтӕ Цины ӕдзӕрӕг быдырмӕ бахӕццӕ сты. Дзыллӕ Кадешы ӕрлӕууыдысты. Уыцы ран Мариам амард, ӕмӕ йӕ уым баныгӕдтой.

2Дзыллӕ донхъуаг ӕййӕфтой, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароныл ӕртыгуыр сты. 3Моисеимӕ загъд кодтой: «Фӕлтау мах дӕр Дунедарӕджы раз куы ӕрбамардаиккам не’фсымӕртау! 4Цӕмӕн ӕрбакодтат ды ӕмӕ Аарон Дунедарӕджы дзыллӕйы ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ? Цӕмӕй нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фос дӕр ам амӕлӕм? 5Цӕмӕн нӕ ракодтат Мысырӕй ацы ӕлгъыст ранмӕ, исты байтауӕн кӕм нӕй, легъуи, сӕнӕфсир, гранат кӕм нӕ зайы, уырдӕм? Дон дӕр дзы куы нӕй нуазынӕн!»

6Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы ӕмбырдӕй ныууагътой, Фембӕлды Цатыры размӕ ацыдысты ӕмӕ сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Дунедарӕджы кад сӕм Йӕхи равдыста, 7ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 8«Райс мӕнӕ ацы лӕдзӕг, ӕмӕ де’фсымӕр Ааронимӕ дзыллӕйы ӕрбамбырд кӕнут. Стӕй, иууылдӕр уӕ куыд уыной, афтӕмӕй къӕдзӕхӕн зӕгъут, дон ратт, зӕгъгӕ. Къӕдзӕхы хуылфӕй сын ды дон самал кӕндзынӕ сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр».

9Моисей Дунедарӕджы разӕй, куыд ын загъта, афтӕ лӕдзӕг райста. 10Ӕрбамбырд кодтой Моисей ӕмӕ Аарон адӕмы къӕдзӕхы размӕ, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Ӕрбайхъусут-ма, ӕнӕсӕттонтӕ! Ау, ныр уын хъуамӕ мӕнӕ ацы къӕдзӕхӕй рауадзӕм дон?» 11Уыцы ныхӕстимӕ Моисей йӕ лӕдзӕгӕй дыууӕ хатты ныццавта къӕдзӕх. Къӕдзӕхӕй уый бӕрц дон фемӕхст, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ сӕ фосӕн дӕр фаг уыд.

12Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Фаг Мыл кӕй нӕ баууӕндыдыстут ӕмӕ, Уаз кӕй Дӕн, уый израилӕгты раз кӕй нӕ равдыстат, уымӕ гӕсгӕ ацы адӕмы, цы бӕстӕ сын дӕттын, уырдӕм сымах нӕ бакӕндзыстут».

13Ацы дон — Мерива. Уым израилӕгтӕ Дунедарӕгимӕ схъаугъа сты, ӕмӕ сын, уаз кӕй у, уый равдыста.

14Кадешӕй Моисей лӕгтӕ арвыста Едомы паддзахмӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы де’фсымӕр Израил: нӕ фыдӕбӕттӕ нын зоныс. 15Нӕ фыдӕлтӕ Мысырмӕ фӕцыдысты, ӕмӕ Мысыры бирӕ фӕцардыстӕм. Мысырӕгтӕ мах дӕр нӕ фыдӕлтау уӕлӕмӕ скӕсын нӕ уагътой. 16Дунедарӕгмӕ куы сдзынӕзтам, уӕд нӕ Уый фехъуыста. Рарвыста нӕм зӕды, ӕмӕ нӕ уый Мысырӕй ракодта. Ныр мӕнӕ Кадешы сахары стӕм, дӕ арӕнгӕрон. 17Бар нын ратт, цӕмӕй дӕ зӕххыл нӕ фӕндаг акӕнӕм. Дӕ хуымтӕ ӕмӕ дын дӕ сӕндӕттыл нӕ ацӕудзыстӕм, дӕ цъайты донӕй дын нӕ бануаздзыстӕм. Паддзахвӕндагыл ацӕудзыстӕм, рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр нӕ фӕзилдзыстӕм, цалынмӕ дӕ арӕнӕй ахизӕм, уӕдмӕ».

18Едомӕгтӕ загътой: «Нӕ зӕххыл ацӕуын уӕ нӕ бауадздзыстӕм! Куы бафӕлварат, уӕд кӕрдтимӕ уӕ размӕ ралӕудзыстӕм!»

19Израилӕгтӕ загътой: «Над фӕндагыл ацӕудзыстӕм. Уӕ донӕй уын куы бануазӕм, нӕ фосӕн дзы куы бадарӕм, уӕд уын бафиддзыстӕм. Ницы нӕ хъӕуы, ӕрмӕстдӕр нӕ ацӕуын бауадзут!» 20Фӕлӕ уыдон загътой: «Нӕ ацӕудзыстут нӕ зӕххыл!» Ӕмӕ гӕрзифтонг стыр ӕфсадӕй сӕ ныхмӕ ралӕууыдысты. 21Едомӕгтӕй сӕ бон куы базыдтой, уӕд израилӕгтӕ ӕндӕр рӕтты ацыдысты.

22Кадешӕй араст сты израилӕгтӕ ӕмӕ Оры хохмӕ бахӕццӕ сты.

23Оры хохрӕбын, Едомы арӕнмӕ хӕстӕг, Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: 24«Аарон хъуамӕ йӕ сыджытыл бафта. Меривайы раз Мӕ коммӕ кӕй нӕ бакастыстут, уый тыххӕй Аарон, Ӕз израилӕгтӕн кӕй дӕттын, уыцы зӕхмӕ нӕ бацӕудзӕн. 25Аарон ӕмӕ йӕ фырт Елеазары Оры хохмӕ скӕн. 26Ааронӕн йӕ дарӕс ралас ӕмӕ йын сӕ йӕ фырт Елеазарыл скӕн. Аарон уыцы ран амӕлдзӕн ӕмӕ йӕ сыджытыл бафтдзӕн». 27Моисей, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ бакодта. Дзыллӕйы раз ссыдысты Оры хохмӕ, 28ӕмӕ уыцы ран Моисей раласта йӕ дарӕс Ааронӕн ӕмӕ йын сӕ йӕ фырт Елеазарыл скодта. Аарон уым, хохы сӕр, амарди, Моисей ӕмӕ Елеазар та дӕлӕмӕ ӕрцыдысты. 29Дзыллӕ Аароны марды хабар фехъуыстой, ӕппӕт израилӕгтӕ йыл дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы фӕкуыдтой.
Copyright information for OssIBT2022