Numbers 22
Балак ӕххуысмӕ сиды Балааммӕ
1Уырдыгӕй израилӕгтӕ сӕ фӕндаг дарддӕр кодтой ӕмӕ Моавы дӕлвӕзы, Иорданы фале, Йерихонмӕ хӕстӕг ӕрлӕууыдысты. 2Федта Балак, Ципоры фырт, Израил аморӕгтӕн цытӕ бакодта, уый. 3Израилӕгтӕ уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ моавӕгтӕ иууылдӕр тасы бацыдысты. 4Ӕмӕ загътой моавӕгтӕ Мидианы хистӕртӕн: «Ацы бардз, гал быдыры кӕрдӕг куыд асӕрфы, афтӕ асӕрфдзӕн алцы нӕ алывӕрсты». Балак та, Ципоры фырт, уӕд Моавы паддзах уыд.Хатджыты фыццаг балц Балааммӕ
5Ӕмӕ Балак минӕвӕрттӕ арвыста Балааммӕ, Беоры фыртмӕ, йӕ райгуырӕн Петормӕ (аммонӕгты зӕххыл ис, Евфраты был), цӕмӕй йын йӕ номӕй зӕгъой: «Иу адӕм рацыди Мысырӕй. Уый бӕрц сты, ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕнынц. Мӕ разы ӕрбынат кодтой. 6Ӕвӕстиатӕй мӕм рацу ӕмӕ мын фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ уыдон мӕнӕй тыхджындӕр сты. Чи зоны, ӕмӕ мын сӕ афтӕмӕй басӕттын ӕмӕ мӕ зӕххӕй атӕрын бантысид, уымӕн ӕмӕ зонын: ды арфӕ кӕмӕн ракӕнай, уый арфӕгонд у, ды кӕй фелгъитай, уый — ӕлгъыст». 7Ацыдысты Моав ӕмӕ Мидианы хистӕртӕ. Балаамӕн мызд ахастой дӕсныфӕрсӕггаг ӕмӕ йын Балакы ныхӕстӕ рафӕзмыдтой. 8Уый сын загъта: «Ацы ӕхсӕв ам лӕуут, ӕмӕ уын ӕз, Дунедарӕг мын цы зӕгъа, уый зӕгъдзынӕн». Ӕмӕ бахсӕвиуат кодтой Моавы уӕздӕттӕ Балааммӕ. 9Рацыди Хуыцау Балааммӕ ӕмӕ бафарста: «Чи дын сты ацы адӕм?» 10Ӕмӕ загъта Хуыцауӕн Балаам: «Балак, Ципоры фырт, Моавы паддзах, ӕрбарвыста мӕм, 11мӕнӕ, дам, Мысырӕй рацӕуӕг адӕм зӕххӕн уӕз кӕнынц, ӕмӕ рацу, фелгъит мын сӕ, кӕд семӕ схӕцын мӕ бон суаид ӕмӕ сӕ атӕрин!» 12Ӕмӕ загъта Хуыцау Балаамӕн: «Ма ацу семӕ; ма фелгъит уыцы адӕмы, уымӕн ӕмӕ арфӕгонд сты». 13Ӕмӕ сыстад Балаам сӕумӕрайсом ӕмӕ загъта Балакы уӕздӕттӕн: «Цӕут уӕ бӕстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕз уемӕ ацӕуон». 14Ӕмӕ сыстадысты Моавы уӕздӕттӕ, Балакмӕ аздӕхтысты ӕмӕ йын загътой: «Нӕ бакуымдта Балаам махимӕ рацӕуын».Хатджыты дыккаг балц Балааммӕ
15Фервыста та Балак ногӕй йӕ уӕздӕтты, ӕмӕ уыдон фыццӕгтӕй ноджы фылдӕр ӕмӕ дзырддзӕугӕдӕр уыдысты. 16Ӕмӕ бацыдысты уыдон Балааммӕ ӕмӕ йын загътой: «Ципоры фырт Балак дӕм ӕрвиты: „Саккаг кӕн, ӕрбацу мӕм. 17Тынг дӕ скадджын кӕндзынӕн, цыдӕриддӕр мын зӕгъай, уый бакӕндзынӕн. Рацу ӕмӕ мын уыцы адӕмы ралгъит“». 18Балаам загъта Балакы дӕлдӕртӕн: «Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мӕ бон нӕ бауыдзӕн Дунедарӕджы, мӕ Хуыцауы, ныхасы сӕрты ахизын, Йе’вастӕй чысыл кӕнӕ стыр исты саразын. 19Ныр та уал ацы ӕхсӕв сымах дӕр ам баззайут, ӕмӕ ӕз базонон, Дунедарӕг ма мын цы зӕгъдзӕн, уый». 20Ӕмӕ рацыди Дунедарӕг Балааммӕ ӕхсӕвы ӕмӕ йын загъта: «Кӕд дӕм ацы адӕм хонӕг ӕрбацыдысты, уӕд сыст ӕмӕ ацу семӕ, фӕлӕ дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый кӕн».Балаамы хӕрӕг
21Ӕмӕ сыстад Балаам сӕумӕрайсом, йӕ сыл хӕрӕгыл саргъ сӕвӕрдта ӕмӕ моаваг уӕздӕттимӕ ацыди. 22Хуыцауӕн йӕ маст рафыхти Балааммӕ, кӕй ацыди, уый тыххӕй, ӕмӕ Дунедарӕджы зӕд цӕхгӕрмӕ ӕрлӕууыди Балаамы фӕндагыл. Ныр уый та йӕ хӕрӕгыл бадти, йӕ дыууӕ фӕсдзӕуины йемӕ. 23Хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды кардӕлвӕстӕй лӕугӕйӕ куы федта, уӕд фӕндагӕй быдыры’рдӕм фӕзылди. Балаам ыл ралӕууыди, цӕмӕй йӕ фӕстӕмӕ фӕндагмӕ раздаха. 24Уӕд Дунедарӕджы зӕд ӕрлӕууыд, дыууӕ сӕндоны ӕхсӕн фӕндаг кӕм ӕрбанарӕг ис, уыцы ран: къул — иуӕрдыгӕй, къул — иннӕрдыгӕй. 25Федта хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды, къулмӕ йӕхи нылхъывта ӕмӕ Балаамы къах дӕр йӕ фӕстӕ фӕци. Балаам ӕй ногӕй нӕмын райдыдта. 26Дунедарӕджы зӕд дарддӕр ацыд ӕмӕ, фӕндагӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр азилӕн кӕм нӕ уыди, ахӕм уынгӕг ран ӕрлӕууыди. 27Федта хӕрӕг Дунедарӕджы зӕды, ӕмӕ Балаамы бын зӕххыл ныххуыссыд. Балаамӕн йӕ маст рафыхти ӕмӕ лӕдзӕгӕй ралӕууыд хӕрӕгыл. 28Дунедарӕг адӕймаджы ӕвзагӕй сдзурын кодта хӕрӕджы, ӕмӕ загъта уый Балаамӕн: «Цы дын кодтон, ӕртӕ хатты мӕ цӕй тыххӕй фӕнадтай?» 29Ӕмӕ загъта Балаам хӕрӕгӕн: «Уымӕн ӕмӕ ды мӕнӕй фӕхъазыдтӕ. Мӕ къухы кард куы фӕуыдаид, уӕд дӕ ӕрбамардтаин». 30Ӕмӕ загъта хӕрӕг Балаамӕн: «Цӕрӕнбонты кӕуыл цӕуыс, исты ӕз дӕ уыцы хӕрӕг нӕ дӕн? Искуы мӕм ахӕм миниуӕг уыди, ӕмӕ демӕ мӕхи афтӕ дарон?» «Нӕ», — дзуапп ын радта уый. 31Байгом кодта Дунедарӕг Балаамы цӕстытӕ, ӕмӕ уый федта Дунедарӕджы зӕды: кардӕлвӕстӕй лӕууыди фӕндагыл. Ӕрхаудта Балаам йӕ зонгуытыл, зӕххыл ныддӕлгом ис. 32Бафарста Дунедарӕджы зӕд: «Цӕй тыххӕй фӕнадтай дӕ хӕрӕджы ӕртӕ хатты? Уый Ӕз рацыдтӕн дӕ размӕ, цӕмӕй дӕ бакъуылымпы кӕнон, уымӕн ӕмӕ раст нӕ кӕныс Мӕ разы. 33Хӕрӕг мӕ федта ӕмӕ ӕртӕ хатты Мӕ разӕй иуварс азылди; куынӕ азылдаид, уӕд дӕу ӕрбамардтаин, уый та удӕгасӕй ныууагътаин». 34Ӕмӕ загъта Балаам Дунедарӕджы зӕдӕн: «Тӕригъӕды бацыдтӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ зыдтон, Ды мӕ развӕндагыл лӕууыс, уый. Ныр та, кӕд Дын фӕндон нӕу, уӕд фӕстӕмӕ аздӕхдзынӕн». 35Ӕмӕ загъта Дунедарӕджы зӕд Балаамӕн: «Ацу ацы адӕмимӕ, фӕлӕ-иу дын Ӕз цы зӕгъон, ӕрмӕстдӕр уый дзур». Ӕмӕ ацыди Балаам Балакы уӕздӕттимӕ.Балаам — Балакы уазӕг
36Фехъуыста Балак, Балаам ӕрбацӕуы, уый ӕмӕ йӕ размӕ рацыди Моавы сахармӕ, Арноны арӕныл чи ис, тӕккӕ арӕнгӕрон, уырдӕм. 37Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Ӕз дӕм куы арвыстон, уӕд мӕм цӕуылнӕ цыдтӕ? Исты дын мӕ бон кад скӕнын нӕу?» 38Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Мӕнӕ дӕм ӕрбацыдтӕн ныр, фӕлӕ мӕ бон дзурын у? Хуыцау мын мӕ дзыхы цы бафтауа, уый дзурдзынӕн». 39Ӕмӕ ацыди Балаам Балакимӕ ӕмӕ бацыдысты Кирйат-Хуцотмӕ. 40Ӕмӕ аргӕвста Балак стуртӕ ӕмӕ лыстӕг фос ӕмӕ арвыста хӕйттӕ Балаам ӕмӕ, йемӕ цы уӕздӕттӕ уыд, уыдонӕн. 41Дыккаг бон, сӕумӕйӕ, Балак Балаамы Бамот-Баалмӕ скодта, ӕмӕ уый уырдыгӕй израилӕгты рӕсӕнуатӕн ӕрмӕст йӕ чысыл хай федта.
Copyright information for
OssIBT2022