Numbers 23
1Балаам Балакӕн загъта: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры». 2Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта, ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастой Балак ӕмӕ Балаам: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры. 3Балаам Балакӕн загъта: «Лӕуу ды дӕ иууылсудзинӕгты раз, ӕз та уал мӕхи иуварс айсон, кӕд Дунедарӕг мӕ размӕ рацӕуид, ӕмӕ мын цы раргом кӕна, уый дын радзурдзынӕн». Ацыди иунӕгӕй быгъдӕг къуыбырмӕ. 4Хуыцау уым Йӕхи раргом кодта Балааммӕ. Загъта Балаам: «Авд нывондхӕссӕны сарӕзтон ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхастон: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры». 5Бавӕрдта Дунедарӕг Йӕ ныхас Балаамы комы ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн». 6Ӕмӕ йӕм раздӕхт, ӕмӕ мӕнӕ лӕууынц йӕ иууылсудзинаджы раз уый ӕмӕ Моавы ӕлдӕрттӕ иууылдӕр. 7Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Арамӕй мӕ ӕрбакодта Балак, скӕсӕны хӕхтӕй мӕ ӕрбакодта Моавы паддзах: „Ӕрцу ӕмӕ мын мӕ курдиат сӕххӕст кӕн: Йаковы ралгъит, ӕрцу ӕмӕ Израилы бабын кӕн!“ 8Куыд ралгъитон ӕз, Хуыцау кӕй не’лгъиты, уый? Куыд бабын кӕнон ӕз, Дунедарӕг кӕй нӕ сафы, уый? 9Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм. 10Йаковы байзӕддагӕн змисӕй уӕлдай банымайӕн нӕй, рыджы муртау ӕнӕнымӕц сты израилӕгтӕ. Уадз ӕмӕ ӕз рӕстгӕнджыты мӕлӕтӕй амӕлон, раст адӕймаджы царды кӕронау уӕд мӕ мӕлӕты бон!» 11Ӕмӕ загъта Балак Балаамӕн: «Цы ми мын кӕныс? Ӕз дӕ ме знӕгты ралгъитынмӕ ӕрбакодтон, ды та сын арфӕ кӕныс!» 12Уый йын дзуапп радта: «Дунедарӕг мын мӕ комы цы бавӕрдта, уый хъуамӕ, куыд у, афтӕ ма зӕгъон?»Балаамы дыккаг арфӕ
13Ӕмӕ йын загъта Балак: «Цом мемӕ ӕндӕр ранмӕ ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фендзынӕ — се’ппӕты нӕ, ӕрмӕстдӕр сӕ рӕсӕнуаты кӕрон. Мӕ курдиат мын сӕххӕст кӕн ӕмӕ сӕ ралгъит уырдыгӕй». 14Уыйадыл ӕй ахуыдта Цофимы быдырмӕ, Фасгайы сӕрмӕ; сарӕзта авд нывондхӕссӕны ӕмӕ ӕрхаста нывӕндтӕ: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры. 15Балаам загъта Балакӕн: «Афтӕ лӕуу ды дӕ иууылсудзинаджы раз, ӕз та уырдӕм, Йӕ размӕ, ауайон». 16Ӕмӕ раргом кодта Дунедарӕг Йӕхи Балааммӕ, Йӕ ныхас ын йӕ комы бавӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Аздӕх Балакмӕ ӕмӕ йын ӕй фехъусын кӕн». 17Ацыди Балаам Балакмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ иууылсудзинаджы уӕлхъус лӕууы, йӕ разы — Моавы уӕздӕттӕ. Бафарста Балак: «Цы загъта Дунедарӕг?» 18Ӕмӕ загъта Балаам йӕ ныхас: «Сыст, Балак, ӕмӕ ӕрбайхъус, лӕмбынӕг ӕрбайхъус, Ципоры фырт! 19Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна? 20Арфӕ ракӕнынмӕ ӕвзӕрст ӕрцыдтӕн ӕз: Уый арфӕ ракодта, ӕмӕ йӕ мӕнӕн мӕ бон аивын нӕу. 21Фыдбылызӕй хызт у Йаков, бӕллӕхӕй тас нӕу Израилӕн. Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ ис, Паддзах Ӕй скодтой сӕхицӕн. 22Хуыцау израилӕгты ракодта Мысырӕй, Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау. 23Нӕй хин Йаковы ныхмӕ, ӕдых у кӕлӕн Израилы ныхмӕ. Дзурдзысты ныр Йаковӕй, Израилӕй: „Уынут, Хуыцау цытӕ кӕны!“ 24Ацы адӕм сыстынц домбайау ӕмӕ, цалынмӕ сӕ амӕттаджы акъабӕзтӕ кӕнынц ӕмӕ тугӕй бафсӕдынц, уӕдмӕ ӕнцой нӕ зонынц». 25Ӕмӕ Балак загъта Балаамӕн: «Ӕлгъитгӕ дӕр сӕ ма фӕкӕн ӕмӕ сын арфӕ дӕр ма ракӕн». 26Ӕмӕ Балаам дзуапп радта Балакӕн: «Афтӕ дын куы загътон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уый бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ».Балаамы ӕртыккаг арфӕ
27Балак загъта Балаамӕн: «Цом, ӕндӕр бынатмӕ дӕ акӕнон. Чи зоны, Хуыцауы зӕрдӕмӕ уый тынгдӕр фӕцӕуа, ӕмӕ мын сӕ уырдыгӕй ралгъитдзынӕ». 28Балак Пеоры сӕрмӕ скодта Балаамы — уырдыгӕй ӕдзӕрӕг быдыр хорз зынди. 29Загъта Балаам Балакӕн: «Сараз мын ацы ран авд нывондхӕссӕны ӕмӕ мын акусарт кӕн авд уӕныджы ӕмӕ авд фыры». 30Балак, Балаам ын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ нывӕндтӕ ӕрхаста: алы нывондхӕссӕныл дӕр — фӕйнӕ уӕныджы ӕмӕ фӕйнӕ фыры.
Copyright information for
OssIBT2022