‏ Numbers 24

1Ӕмӕ федта Балаам, Дунедарӕджы фӕндон кӕй у Израилӕн арфӕ кӕнын, ӕмӕ раздӕрау ӕвдисӕйнӕгтӕ нал агуырдта, фӕлӕ йе’ргом ӕдзӕрӕг быдырмӕ аздӕхта. 2Балаам афӕлгӕсыд ӕмӕ федта Израилы фырттӕй алкӕй дӕр йӕ бынаты хӕдзарвӕндаггай лӕугӕ. Хуыцауы Уд ыл ӕртыхсти, 3ӕмӕ загъта: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны, 4Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый: 5куыд рӕсугъд сты дӕ цатыртӕ, Йаков, дӕ цӕрӕнтӕ, Израил! 6Сӕхи айтыгътой цъӕх дӕлвӕзтау, доны был дыргъдӕттау, Дунедарӕг кӕй ныссагъта, цыма суадоны раз кедртӕ, уыцы алой бӕлӕстау! 7Сӕ къалиутӕй дон тӕдздзӕн, ӕмӕ донхъуаг никуы уыдзысты сӕ байзӕддӕгтӕ стыр доны был.

Агагӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕни сӕ паддзах, сбӕрзонд уыдзӕни йӕ паддзахад.
8Мысырӕй сӕ Чи ракодта, Уыцы Хуыцауӕн Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау! Уый аныхъуырдзӕни знаг адӕмты, се стджытӕ сын ныззыгуым кӕндзӕн, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзӕн! 9Йӕхи ӕруагъта зӕххыл, домбайау ӕрхуыссыд — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?

Дӕуӕн арфӕ чи ракӕна, уый арфӕгонд у, чи дӕ фелгъита — ӕлгъыст».

10Рафыхти Балакӕн йӕ маст Балааммӕ, йӕ къухтӕ йыл сцагъта ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕм ме знӕгты ралгъитынмӕ фӕдзырдтон, ды та сын ныр ӕртыккаг хатт арфӕ кӕныс! 11Фесӕф мӕ разӕй, згъоргӕ кӕн уӕхимӕ! Мӕ зӕрды дын скад кӕнын уыди, фӕлӕ дӕ Дунедарӕг кадӕй ӕнӕхай фӕкодта». 12Ӕмӕ загъта Балаам Балакӕн: «Дӕ минӕвӕрттӕн афтӕ куы загътон: 13„Балак мын йӕ хӕдзар куы ратта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй йемыдзагӕй, уӕд дӕр мын Дунедарӕджы ныхасы сӕрты ахизӕн нӕй — хорз дӕр ӕмӕ ӕвзӕр дӕр мӕхи фӕндӕй нӕ бакӕндзынӕн. Дунедарӕг цы зӕгъа, уый дзурдзынӕн“. 14Ныр та мӕ бӕстӕм здӕхын. Хӕстӕгдӕр ӕрбацу, ӕмӕ дын зӕгъон, ацы адӕм сомбон дӕ адӕмӕн цы бакӕндзысты, уый».

Балаамы пехуымпар ныхас

15Ӕмӕ загъта йӕ ныхас: «Дзуры Балаам, Беоры фырт, цы уыдзӕн, уый развӕлгъау чи зоны, уыцы лӕг, 16Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, йӕ зонынад Иууылбӕрзондӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый.

17Цы нӕма ӕрцыди, уый уынын, нырма дард цы у, уый мӕм зыны; Йаковӕй стъалы ссыди, растади Израилы лӕдзӕг — ныссӕтдзӕн Моавы тӕрных, ныззыгуым кӕндзӕн Шеты байзӕддӕгты. 18Саст ӕрцӕудзӕн Едом, знаджы къухмӕ бахаудзӕн Сеир, Израил та йӕ хъару равдисдзӕн. 19Йаковы байзӕддаг хицау суыдзӕн, сахары ма чи баззади, уыдоны ныццӕгъддзӕн».

20Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».

21Ӕркасти Балаам кенӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Фидар у дӕ цӕрӕн, къӕдзӕхыл — дӕ ахстон! 22Фӕлӕ Каин гӕныстонмӕ’рцӕудзӕн, Ассири уӕ уацары куы акӕна, уӕд».

23Загъта йӕ ныхас Балаам: «Оххай! Йӕ фӕнд куы сӕххӕст кӕна Хуыцау, уӕд ма удӕгасӕй чи баззайдзӕни? 24Мӕнӕ Киттимӕй ӕрбацӕуынц наутӕ ӕмӕ басӕтдзысты Ассири ӕмӕ Еверы зӕххытӕ, фӕлӕ сӕхӕдӕг дӕр царӕфтыд фӕуыдзысты!»

25Ӕмӕ аздӕхт Балаам йӕ бӕстӕм, Балак та йӕ хӕдзармӕ ацыд.
Copyright information for OssIBT2022