‏ Numbers 25

Муртаттаг гуымирытӕн кувыны азым

1Ӕрбынат кодтой израилӕгтӕ Ситтимы, ӕмӕ моаваг сылгоймӕгтимӕ хӕтын райдыдтой. 2Уыдон адӕмы сӕ хуыцӕутты нывӕндтӕм хуыдтой, ӕмӕ дзы хордтой адӕм ӕмӕ сын куывтой сӕ хуыцӕуттӕн. 3Бандӕгъдысты израилӕгтӕ Баал-Пеорыл, ӕмӕ сӕм Дунедарӕджы маст ссыгъди. 4Загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Адӕмы хицӕутты се’ппӕты дӕр Дунедарӕджы раз хурмӕ байтындз, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзӕн Дунедарӕджы маст израилӕгтӕм». 5Моисей загъта Израилы фӕтӕгтӕн: «Алчидӕр уӕ, йӕ адӕмӕй Баал-Пеормӕ чи кувы, уыдоны амарӕд».

6Ӕмӕ дын мӕнӕ израилӕгтӕй иу ӕрбацыд ӕмӕ йе’фсымӕртӕм, Моисей ӕмӕ ӕппӕт дзыллӕйы раз, уыдон Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ куыд куыдтой, афтӕ мидианаг сылгоймаджы куы ӕрбакӕнид.

7Пинхас, Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт, уый куы федта, уӕд адӕмы’хсӕнӕй сыстад ӕмӕ арц райста. 8Уыцы израиладжы фӕстӕ цатырмӕ бацыд ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр арц ныссагъта, израиладжы дӕр амардта ӕмӕ сылгоймаджы дӕр. Уыйадыл израилӕгтӕ рыны азарӕй фервӕзтысты. 9Рын кӕй ныццагъта, уыдон уыдысты цыппар ӕмӕ ссӕдз мины.

10Дунедарӕг Моисейӕн загъта:

11«Елеазары фырт, сауджын Аароны фырты фырт Пинхас мын Мӕ маст аздӕхта израилӕгтӕй, афтӕ ӕнувыд Мыл кӕй разындис, уымӕй, ӕмӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, Ӕз нал ныццагътон израилӕгты. 12Зӕгъ ын: Ӕз йемӕ аразын сабырдзинады фидыд. 13Уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ Пинхас ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ лӕвӕрд цӕуы сауджыны ном, йӕ Хуыцауыл афтӕ ӕнувыд кӕй у ӕмӕ израилӕгты сӕ тӕригъӕдӕй кӕй фервӕзын кодта, уый тыххӕй».

14Мидианаг сылгоймагимӕ чи фӕмард, уыцы израилаг хуынди Зимри, Салуйы фырт, Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр. 15Чи фӕмард ис, уыцы мидианаг сылгоймаг та — Козби, йӕ фыд — Цур, мидианаг хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы хистӕр.

16Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 17«Мидианӕгты фӕдыл зилут ӕмӕ сӕ дӕрӕн кӕнут, 18уымӕн ӕмӕ уын знаггад кӕнынц. Пеормӕ дӕр уыдоны аххосӕй бабӕллыдыстут ӕмӕ, Пеоры фыдӕй рын куы сыстад, уӕд цы сылгоймаг фӕмард ис, мидианӕгты фӕтӕджы чызг Козби, уый дӕр со хо уыди».
Copyright information for OssIBT2022