Numbers 26
Израилӕгты нымӕц
1Рын куы аивгъуыдта, уӕд загъта Дунедарӕг Моисей ӕмӕ сауджын Аароны фырт Елеазарӕн: 2«Сӕрӕй кӕронмӕ хӕдзаргай банымайут, ӕфсадмӕ бацӕуинаг чи у, уыцы израилӕгты, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны се’ппӕты дӕр». 3– 4Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыди, уыцы адӕмы сфыстой, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Израилы адӕмӕй Мысырӕй чи рацыди, уыдон уыдысты: 5Рувим — Израилы хистӕр фырт; Рувимы байзӕддӕгтӕ: Ханохӕй — Ханохы хӕдзарвӕндаг, Паллуйӕ — Паллуйы хӕдзарвӕндаг, 6Хецронӕй — Хецроны хӕдзарвӕндаг, Кармийӕ — Кармийы хӕдзарвӕндаг. 7Уыдон — Рувимы хӕдзарвӕндӕгтӕ; сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — цыппор ӕртӕ мин авдсӕдӕ ӕртын. 8Паллуйы фырт — Елиав. 9Елиавы фырттӕ: Немуел, Датан ӕмӕ Авирам, дзыллӕйы’хсӕн нымад чи уыди, уыцы Датан ӕмӕ Авирам. Корах ӕмӕ йӕ хъузӕттимӕ уыдон растадысты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ — Дунедарӕджы ныхмӕ. 10Ӕмӕ уӕд зӕхх фӕйнӕрдӕм фӕцыд ӕмӕ сӕ аныхъуырдта. Корахимӕ йӕ хъузӕттӕ дӕр бабын сты. Дыууӕсӕдӕ фӕндзай адӕймаджы басыгъдысты арты — цыдӕр кӕй ӕрцӕудзӕн, уый ӕвдисӕг рагфӕдзӕхст. 11Фӕлӕ Корахы фырттӕ нӕ бабын сты. 12Симеоны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Немуелӕй — Немуелы хӕдзарвӕндаг, Йаминӕй — Йамины хӕдзарвӕндаг, Йахинӕй — Йахины хӕдзарвӕндаг, 13Зерахӕй — Зерахы хӕдзарвӕндаг, Саулӕй — Саулы хӕдзарвӕндаг. 14Уыдон — Симеоны хӕдзарвӕндӕгтӕ: дыууын дыууӕ мин дыууӕсӕдӕ. 15Гады байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Цефонӕй — Цефоны хӕдзарвӕндаг, Хаггийӕ — Хаггийы хӕдзарвӕндаг, Шунийӕ — Шунийы хӕдзарвӕндаг, 16Ознийӕ — Ознийы хӕдзарвӕндаг, Ерийӕ — Ерийы хӕдзарвӕндаг, 17Ародӕй — Ароды хӕдзарвӕндаг, Арелийӕ — Арелийы хӕдзарвӕндаг. 18Уыдон — Гады байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымӕц — цыппор мин фондз сӕдӕ. 19Иудӕйы фырттӕ: Ер ӕмӕ Онан; фӕлӕ Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны. 20Ӕмӕ уыдысты Иудӕйы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шелайӕ — Шелайы хӕдзарвӕндаг, Парецӕй — Парецы хӕдзарвӕндаг, Зарахӕй — Зарахы хӕдзарвӕндаг. 21Ӕмӕ уыдысты Парецы фырттӕ: Есромӕй — Есромы хӕдзарвӕндаг, Хамулӕй — Хамулы хӕдзарвӕндаг. 22Уыдон — Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕвдай ӕхсӕз мин фондзсӕдӕ. 23Иссахары байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Толайӕ — Толайы хӕдзарвӕндаг, Пуввайӕ — Пуввайы хӕдзарвӕндаг, 24Йашувӕй — Йашувы хӕдзарвӕндаг, Шимронӕй — Шимроны хӕдзарвӕндаг. 25Уыдон — Иссахары хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕхсай цыппар мин ӕртӕсӕдӕ. 26Зевулоны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Середӕй — Середы хӕдзарвӕндаг, Елонӕй — Елоны хӕдзарвӕндаг, Йахлеелӕй — Йахлеелы хӕдзарвӕндаг. 27Уыдон — Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕхсай мин фондзсӕдӕ. 28Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Менассиа ӕмӕ Ефрем. 29Менассиайы байзӕддӕгтӕ: Махирӕй — Махиры хӕдзарвӕндаг; Махирӕй райгуырд Галаад, Галаадӕй рацыд Галаады хӕдзарвӕндаг. 30Галаады фырттӕ: Иезерӕй — Иезеры хӕдзарвӕндаг, Хелекӕй — Хелечы хӕдзарвӕндаг, 31Асриелӕй — Асриелы хӕдзарвӕндаг, Шехемӕй — Шехемы хӕдзарвӕндаг, 32Шемидайӕ — Шемидайы хӕдзарвӕндаг, Хеферӕй — Хеферы хӕдзарвӕндаг. 33Хеферы фырт Цалфахадӕн фырт нӕ уыд, ӕрмӕст — чызджытӕ. Цалфахады чызджыты нӕмттӕ: Махла, Ноа, Хогла, Милка, Тирца. 34Уыдон — Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕ, нымад та дзы ӕрцыд — фӕндзай дыууӕ мин авдсӕдӕ. 35Ефремы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шутелахӕй — Шутелахы хӕдзарвӕндаг, Бехерӕй — Бехеры хӕдзарвӕндаг, Таханӕй — Таханы хӕдзарвӕндаг. 36Шутелахы байзӕддӕгтӕ: Еранӕй — Ераны хӕдзарвӕндаг. 37Уыдон — Ефремы байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕртын дыууӕ мин фондзсӕдӕ. Уыдон — Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 38Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Белайӕ — Белайы хӕдзарвӕндаг, Ашбелӕй — Ашбелы хӕдзарвӕндаг, Ахирамӕй — Ахирамы хӕдзарвӕндаг, 39Шефуфамӕй — Шефуфамы хӕдзарвӕндаг, Хуфамӕй — Хуфамы хӕдзарвӕндаг. 40Белайы фырттӕ уыдысты: Ард ӕмӕ Нааман. Ардӕй — Арды хӕдзарвӕндаг, Нааманӕй — Нааманы хӕдзарвӕндаг. 41Уыдон — Бениамины байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, нымад та дзы ӕрцыд цыппор фондз мин ӕхсӕзсӕдӕ. 42Даны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Шухамӕй — Шухамы хӕдзарвӕндаг; уыдон — Даны байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ. 43Шухамы хӕдзарвӕндӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕхсай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ. 44Асиры байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Имнайӕ — Имнайы хӕдзарвӕндаг, Ишвийӕ — Ишвийы хӕдзарвӕндаг, Бриайӕ — Бриайы хӕдзарвӕндаг. 45Бриайы фырттӕй: Хеверӕй — Хеверы хӕдзарвӕндаг, Малкиелӕй — Малкиелы хӕдзарвӕндаг. 46Асиры чызджы ном — Серах. 47Уыдон — Асиры байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — фӕндзай ӕртӕ мин цыппарсӕдӕ. 48Нафталийы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Йахцеелӕй — Йахцеелы хӕдзарвӕндаг, Гунийӕ — Гунийы хӕдзарвӕндаг, 49Йецерӕй — Йецеры хӕдзарвӕндаг, Шиллемӕй — Шиллемы хӕдзарвӕндаг. 50Уыдон — Нафталийы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ та цыппор фондз мин цыппарсӕдӕ. 51Израилӕгтӕй нымад чи ӕрцыд, уыдоны нымӕц — ӕхсӕсӕдӕ иу мин авдсӕдӕ ӕртын. 52Ӕмӕ Дунедарӕг загъта Моисейӕн: 53«Адонӕн зӕхх хайгонд ӕрцӕудзӕн нӕмттӕм гӕсгӕ. 54Фылдӕр чи у, уыцы мыггӕгтӕн ратт стырдӕр хай, сӕ нымӕц бирӕ кӕмӕн нӕу, уыдонӕн та — къаддӕр хӕйттӕ; алкӕмӕн дӕр хайгонд ӕрцӕудзӕн, хыгъдмӕ сӕ цал адӕймаджы бацыд, уымӕ гӕсгӕ. 55Зӕхх дихгонд ӕрцӕудзӕн хӕлттӕм гӕсгӕ, алчи йӕ хӕдзарвӕндаджы фыдӕлы номӕй исдзӕни хай. 56Стыр у ӕви чысыл — алы мыггагӕн дӕр халмӕ гӕсгӕ хай лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн».Левитты ног сфыст
57Нымад чи ӕрцыд, уыцы левиттӕ та сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Гершонӕй — Гершоны хӕдзарвӕндаг, Кехатӕй — Кехаты хӕдзарвӕндаг, Мерарийӕ — Мерарийы хӕдзарвӕндаг. 58Левийы байзӕддӕгтӕ: Ливнийы хӕдзарвӕндаг, Хевроны хӕдзарвӕндаг, Махлийы хӕдзарвӕндаг, Мушийы хӕдзарвӕндаг, Корахы хӕдзарвӕндаг; Кехатӕй та райгуырд Амрам. 59Амрамы усы ном — Йохевед, Левийы усӕн Мысыры чи райгуырд, уыцы чызг. Йохевед та Амрамӕн ныййардта Аарон, Моисей ӕмӕ сӕ хо Мариамы. 60Ааронӕн райгуырдысты Надав, Авигу, Елеазар, Итамар. 61Надав ӕмӕ Авигу амардысты, нӕфӕтчиаг зынг Дунедарӕджы размӕ куы бахастой, уӕд. 62Иумӕйдзыд ӕмӕ уымӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ нымадмӕ гӕсгӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дыууын ӕртӕ мины; уыдонӕн израилӕгты’хсӕн хай лӕвӕрд кӕй не’рцыди, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтимӕ нымад не’рцыдысты. 63Уый, Моисей ӕмӕ сауджын Елеазар Моавы дӕлвӕзы, Иорданы был, Йерихоны бакомкоммӕ кӕй банымадтой, уыдон. 64Се’хсӕн, Моисей ӕмӕ сауджын Аарон Синайы ӕдзӕрӕг быдыры кӕй банымадтой, уыдонӕй иу дӕр нал уыди. 65Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыдонӕй загъта: «Амӕлдзысты ӕдзӕрӕг быдыры». Ӕмӕ сӕ ничиуал баззад, Иефоннейы фырт Калев ӕмӕ Нуны фырт Йешуайы йеддӕмӕ.
Copyright information for
OssIBT2022